МОЛДАВИ НАЛ УЫДЗÆН АНТИУÆРÆСЕЙАГ

Фæсарæйнаг паддзахадты бирæ лидертæ æрцыдысты Мæскуымæ футболæй дунеон чемпионаты финалмæ. Уыдонимæ УФ-йы Президент Владимир Путинæн уыд уæлдæр æмвæзады интенсивон контакты бон.

УФ-йы Президент Владимир Путин фембæлд Молдавийы президент Игорь Додонимæ. Уыдон уынаффæ кодтой дыууæ бæстæты ‘хсæн базарадон-экономикон æмгуыстады рæзты тыххæй. Путин банысан кодта, зæгъгæ, ацы фарстыты фæдыл снысан кодта ног сæрмагонд минæвар Дмитри Козакы. Додон раарфæ кодта Путинæн молдаваг экспорты фарст фæхуы-мæтæгдæр кæныны æмæ молдаваг кусæгон мигрантты тыххæй. Ныхас ма кодтой молдаваг-приднестроваг бæстон-кæнынады фарстыл дæр. Молдаваг президент куыд загъта, уымæ гæсгæ цалдæр мæйы фæстæ алцыдæр аивдзæн æмæ Молдави нал уыдзæн антиуæрæсейаг. «Уæрæсейы ныхмæ Ныгуылæнимæ хæлар уæвын мах нæ фæнд кæнæм. Уый у мæ позици». Додон бахатыд Путинмæ, цæмæй уæрæсейаг техникæ æххуысы хуызы лæвæрд æрцæуа молдаваг горæттæ æмæ егъау цæрæн пункттæн. «Ныфс мæ ис æмæ ацы æххуыс æввахс мæйты кæй райсдзыстæм»,-  загъта Додон.

***

Францы президент Эммануэль Макронимæ фембæлды рæстæджы Путин банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ бæстæйы ‘хсæн æмгуыстады механизмтæ æндидзыд цæуынц. «Уый нысан кæны, мах кæй ахиздзыстæм, уый размæ цы зындзинæдтыл æмбæлдыстæм, уыдоны сæрты æмæ кæй рахиздзыстæм бирæфарсон бастдзинæдты позитивон рæзты фæндагмæ», – загъта уый. Йæ рады Макрон банысан кодта, зæгъгæ, ацы фембæлд фадат ратдзæн дыууæ фарсæн диалог адарддæр кæнынæн, кæцы райдыдта Санкт-Петербурджы майы мæйы, дунеон æмæ регионалон фарстыты фæдыл, уыцы нымæцы Сирийы уавæры тыххæй дæр. «Мах нæхимæ райстам бæрæг хæстæ æмæ сæххæст кодтам мадзæлтты æнæхъæн къорд», – загъта французаг лидер.

***

Палестинæйы сæргълæууæгимæ фембæлды сæйраг темæ уыд дыууæфарсон æмгуыстад æмæ æдасдзинады проблемæтæ. «Бузныг дæ дæн, Мæскуымæ кæй æрцыдтæ æмæ нын фадат кæй фæцис дыууæфарсон ахастытæ æмæ Палестинæйы алыварс цæуæг цауты фæдыл консультацитæ ауа-дзынæн. Регионы уавæр у вазыгджын», – загъта Владимир Путин Палестинæйы лидер Махмуд Аббасæн. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ арабаг-израилаг конфликт карздæр кæны фæрстæн АИШ-ы афтæхуыйнæг «æнусы бадзырд» хъарыны бафæлвæрдтыты фæстиуæгæн, кæцыйы тыххæй Вашингтон лыстæггай нæ хъусын кæны. «Мах нымайæм афтæ, æмæ ацы план сæххæст кæныны фæндагыл АИШ-æн фыццаг къахдзæф уыд Иугонд Штатты минæварад Иерусалиммæ рахæссын. Уыимæ америкæйæгтæ баныхæстæй сисынмæ хъавынц палестинæйаг лигъдæтты ахсджиаг темæ. Мах разы не стæм æмæ лæууæм АИШ-ы ахæм бафæлвæрдтыты ныхмæ æмæ æрурæдтам америкæйæгтимæ нæ контакттæ», – фехъусын кодта Махмуд Аббас.

***

Суданы президентимæ фембæлды рæстæджы ныхас цыд экономикон æмгуыстады рæзты тыххæй. Ацы паддзахад ис Африкæйы цæгат-скæсæйнаг хайы æмæ у уæрæсейаг нæмыгон культурæты егъау æлхæнæг. Дыууæ бæстæйы ‘хсæн рæзынц къорд иумиаг проекты дæр Суданы территорийыл пайдайы къахæггæгтæ басгарыны фæдыл.

***

Африкæйаг ноджы иу бæстæ – Габоны президент Ондимба Бонгойимæ фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой африкæйаг континенты регионалон конфликттæ æрбæстон кæныны фæдыл.

***

Афтæ ма Владимир Путинæн фембæлд уыд Венгрийы премьер-министр Виктор Орбанимæ. Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой экономикæйы тыххæй – товарты æрзылд рæзы, проекттæ реализаци цæуынц, фæлæ санкциты тыххæй сæфынц бирæ фадæттæ. «Санкциты тыххæй мах бирæ сафæм. Уыдон куынæ уаиккой, уæд фылдæр æмгуыстад кæниккам», – загъта уый.

ТРАМПЫ АРФÆ

АИШ-ы президент Дональд Трамп раарфæ кодта УФ-йы Президент Владимир Путинæн æппæт рæстæджыты футболæй хуыздæр чемпионаттæй сæ иуы ауадзыны тыххæй. Афтæ ма арфæ ракодта Францæн, чемпионаты уæлахиздзау кæй ссис, уый тыххæй. Уый размæ чемпионаты организацийæн стыр аргъ скодтой ФИФА-йы президент Джанни Инфантино. Уый басаст, зæгъгæ, бауарзта Уæрæсейы. Дунеон Олимпион комитеты президент Томас Бах банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе æнæхъæн дунейæн фенын кодта йæ уазæгуарзондзинад æмæ йæ гæнæнтæ ахæм æмвæзадыл дунеон чемпионаттæ уадзынæн.

РАДТА ЙÆМ «ÆХХÆСТБАРТЫ ПОРТИ»

Владимир Путин æххæстбартæ радта 2022 азы футболæй дунейы чемпионат ауадзыны тыххæй Катары эмир Тамим бен Хамаду аль-Танимæ. Символикон церемони уагъд æрцыд Кремлы ФИФА-йы президент Джанни Инфантинойы хайадистæй. Церемонийы рæстæджы уæрæсейаг лидер порти радта Катары эмирмæ, кæцыйæ финалы  уый фæстæ хъазыдысты Франц æмæ Хорватийы æмбырдгонд командæтæ. Путин загъта, зæгъгæ, йæ уырны, Катар дæр дунейы чемпионат кæй ауадздзæн бæрзонд æмвæзадыл æмæ йын баныфсæвæрдта уæрæсейаг æххуысæй.

ÆРДОМДТОЙ ПОЛИТИКТЫ ССÆРИБАР КÆНЫН

Барселонайы  протестон акцийы хайадисæг 110 мин адæймаджы æрдомдтой каталониаг политикты ссæрибар кæнын, кæцыты аххосджын кæнынц 2017 азы 1 октябры хæдбардзинады тыххæй референдум æнæзакъонæй ауадзыны. Акцийы хайадисджытæ домдтой, ахæстæтты чи бады æмæ испайнаг тæрхондонæй чи æмбæхсы, уыдонæй  се ‘ппæтæй дæр  æппæт аххосæгтæ сисын. Испаны уæлдæр тæрхондоны тæрхонгæнæг тæрхон рахаста 25 каталониаг политикæн. Æхсæз адæймаджы лæвæрд æрцыдысты дунеон фæдагуырдмæ, фараст политикы та сты ахæстæтты. 16 майы Бельгийы тæрхондон нæ радта æнæниздзинад хъахъхъæныны экс-уынаффæгæнæг, хъæууон хæдзарады æмæ культурæйы фæдыл экс-уынаффæгæнджыты. 12 июлы Германы тæрхондон рахаста уынаффæ Каталонийы хицауады раздæры  сæргълæууæг Карлес Пучдемоны Испанимæ сэкстрадици кæныны тыххæй.

ФИДЫДАД ФЕХÆЛДТОЙ УАЙТАГЪД

Израиль æмæ Палестинæ Египеты руаджы бадзырдтой æхстытæ æруромыны тыххæй. Фидыдад райдайынæй цалдæр сахаты фæстæ фæрстæ кæрæдзи æхсын райдыдтой. Израилы æфсæддонтæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, скуынæг кодтой Газæй рауадзгæ 2 минометон снаряды. Уый размæ Израилы уæлдæфон гарзджын тыхтæ ауагътой иууыл масштабондæр операци ХАМАС-ы ныхмæ, 4 æфсæддон объекты скуынæг кæнгæйæ. ХАМАС та Израилы хуссар хайыл рауагъта 20 снаряды бæрц.

ФЕСÆФТЫСТЫ АТАКÆЙЫ ФÆСТÆ

Нигерийы пысылмон къорд «Боко Харам»-ы боевиктæ æфсæддон службæгæнджытæм кæй бабырстой, уый фæстиуæгæн фесæфтысты 70 службæгæнæджы, уыцы нымæцы 5 афицеры. Нигери æмæ сыхаг бæстæты æрцæугæ терактты аххосджын сты ацы къорды боевиктæ.

 

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.