Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта горæт Цхинвалы Пушкины уынджы 1947 азæй 1976 азмæ чи цард, уыцы зынгæ композитор æмæ дирижер Галаты Барисы ( Галати Аслан-Герейы) хæдзар-музей.

Музейы æндидзыд æрцыд композитор дзы цы уавæрты цард, уый, царды уаг, йæ хæдзары ис бирæ чингуытæ æмæ музыкалон инструменттæ, афтæ ма зынгæ нывгæнджыты конд нывтæ, уыдоны нымæцы зындгонд ирон нывгæнæг, иллюстратор æмæ график Тугъанты Махарбеджы конд нывтæ дæр.

Галаты Барисы хæстæг, Свердловаг организаци «Галати Аслан-Гирейы номыл ирон культурæйы æхсæнад» æмæ фонд «Æмархайды центр»-ы къухдариуæггæнæг Гаглойтэ Лианæ паддзахады сæргълæууæгæн радзырдта композиторы сфæлдыстады тыххæй æмæ йæм бахатыд, цæмæй йын баххуыс кæна хæдзар-музейы рестоварацион куыстытæ бакæныны.

«Алы бинонтæн дæр ис йæхи музей, æмæ йын  аргъ кæны. Галаты Барис советон этномузыкалогийы классик у, фыццаг  ирон профессионалон композитор æмæ дирижер, петербургаг, ленинградаг консерваторийы традициты бындар, у ирон композиторон скъолайы, зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы æмæ Хуссар Ирыстоны фыццаг музыкалон скъолайы бындурæвæрæг. Аивады дунейæн уый бирæ курдиатджын фæсивæд схъомыл кодта. Æрмæст æй куыд ахуыргæнæг афтæ куы сисæм, уæддæр кæуылты у», – банысан кодта Гаглойтэ Лианæ.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй, Фонд «Æххуысы центр» тагъд рæстæджы план кæны Цхинвалы цæрджытæн æмæ уазджытæн равдисын цæугæ равдыст, Галаты Барисы сфæлдыстадон бынты цытæн.

«Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны 10 азы боны цытæн мах план кæнæм Галаты Барисы хæдзар-музеймæ адæттын йæ ауидобынтæ Пушкины хæдзарæй, цыран уыдон æвæрд уыдысты. Афтæ ма дискытыл фыст ирон адæмон зарджытæ, кæцыты Галаты Барис ныффыста XX æнусты райдианы. Уыдон Президентон гранты æхцайы фæрæзты фæрцы фæзындысты», -загъта Фонды сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли базонгæ ис Галаты Барисы хæдзар-музейы диссаджы экспозициимæ, кæцы дзурæг у композиторы цард æмæ сфæлдыстадыл, æркаст рестоврацийы планмæ æмæ æмбæлон ведомствотæн бахæс кодта, цæмæй хæрдзтæ банымайой.

«Ныфс мæ ис, фидæны фæлтæртæн хорз фадат кæй уыдзæн, цæмæй Барис Александры фырты сфæлдыстадимæ зонгæ кæной», -банысан кодта Президент.

РХИ-йы Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.