Президент Бибылты Анатоли æрæджы фембæлд Хуссар Ирыстоны Компартийы уæнгтимæ. Фембæлды хайад райстой РХИ-йы Компартийы лидер Коцты Станислав, Уæрæсейы Федерацийы Компартийы нымæрдар, УФ Компартийы Президиумы уæнг Тайсауты Хъазбег, республикæйы районты æмæ горæты компартиты сæргълæуджытæ.

Фембæлды рæстæджы Коцты Станислав «æгасцу» загъта уазджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, традицион ссис партийы съездты фæстæ Президенты фембæлд партийы сæргълæуджытимæ. Ныр дæр уыцы традици хæлд не ‘рцыд – Президенты бафæндыд Компартийы къухдариуæгадимæ фембæлын.

Уый банысан кодта Компарти республикæйы ныры къухдариуæгады фарсхæцæг кæй у, æмæ кæддæриддæр йæ фарсмæ кæй лæудзæн. Загъта, зæгъгæ, парти кæддæриддæр уыд æмæ дарддæр дæр уыдзæн стабилондзинады фактор.

Коцты Станислав радзырдта Хуссар Ирыстоны Компартийы съезды фæстиуджыты тыххæй æмæ банысан кодта бæрзонд æмвæзадыл кæй ацыд.

Уый ма катайдзинад равдыста Компарти ныры Парламенты скондмæ кæй нæ бахауд, уый фæдыл.

«Стыр хъыгагæн, Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы фыццаг хатт нæ парти нæ бацыд Парламентмæ. Фидæн æвзæрстыты мах хъуамæ сраст кæнæм уыцы хъуыддаг æмæ райсæм, куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр хъæлæстæ», – банысан кодта Коцты Станислав.

Уый фæстæ Тайсауты Хъазбег Бибылты Анатолийы риуыл бакодта майдан «100 лет Красной Армии», кæцыйæ йæ схорзæхджын кодта Уæрæсейы Федерацийы Компартийы Сæрдар Геннади Зюганов.

Тайсауты Хъазбег куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы Компартийы Централон Комитет æмæ регионты компартиты сæргълæуджытæ ас-къуыддзаг кодтой Бибылты Анатолийы ацы хорзæхæй схорзæхджын кæнын. Уыимæ иумæ ма Геннади Зюгановы номæй арфæйы ныхæс-тæ загъта Бибылты Анатоли æмæ РХИ-йы Компартийы уæнгтæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы Компартийы стыр делегаци хайад райс-дзæн Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бæрæгбонон мадзæлтты. Банысан ма кодта, зæгъгæ, УФ-йы Компарти æппæт дæр сараздзæн, цæмæй Хуссар Ирыстон бацæуа Хæдбар Паддзахады Æмхæларады скондмæ – нырма уал хъусдарæгæй.

Йæ рады Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийы Коммунистон партийы къухдариуæгады, сæрмагондæй Геннадий Зюгановы адресыл. Дарддæр куыд загъта, афтæмæй цард иу ран нæ лæууы, фæзындысты ног политикон тыхтæ, политикон партитæ, кæцытæ саразынц паддзахады размæцыдæн ахъазгæнæг  программæтæ.

«Сæ программæтæм нæ кæсгæйæ, уыдон фыццаджы фыццаг хъуамæ аргъ кæной кæрæдзийæн. Иуæй-иу политикон партитæ арæзт æрцæуынц æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй уой оппозицион. Уый æз растыл нæ нымайын. Уый паддзахады кæны цъыссыммæ. Радикалон оппозицийæн иумиагæй ницы ис æхсæнады размæцыдимæ. Уый кæддæриддæр цæлхдур уыд æмæ у куыд паддзахады, афтæ æхсæнады размæцыдæн дæр», – банысан кодта Президент.

Республикæйы æхсæнадон царды хайад чи исы, паддзахады размæцыды тыххæй чи архайы, ахæм партитæ, Президенты ныхæстæм гæсгæ,  стæм сты. Уыимæ ма бирæ партитæ арæзт æрцæуынц кæцыдæр адæймæгты пайдайæн, афтæмæй уыцы адæймæгтæ нæ фæзынынц, уыдон вæййынц партийы аууон. Ахæм партитæ фæзынынц президентон æмæ парламентон æвзæрстыты размæ, сæ лидертæ сæ риутæ фæхойынц, алкæмæй стырдæр патриоттæ кæй сты, уый сæхицæн дæр æмæ æхсæнадæн дæр бауырнын кæныны тыххæй æмæ та æвзæрстыты фæстæ фæтары вæййынц.

Бибылты Анатоли куыд загъта, афтæмæй РХИ-йы Компартийы уыцы партиты æмрæнхъ æвæрын нæ хъæуы, уый у хъомысджын парти æмæ активон хайад исы республикæйы цардарæзтады. Банысан ма кодта ССРЦ Компартийы хъомысджын роль дæр.

«Мах æй хорз  хъуыды кæнæм, Советон Цæдисы рæстæджы Коммунистон парти цы сгуыхтдзинæдтæ сарæзта, æппæт уы-дæтты. Уыцы сгуыхтдзинæдтæ сты размæдзыд космосмæ адæймаджы атахт, атомон хæцæнгарзы сарæзт, энергетикæйы рæзт æмæ ноджы бирæ æндæр хъуыддæгтæ.  Уый нæ истори у æмæ  йæ нæ хъæуы рох кæнын», – банысан кодта Президент.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй стыр куыст бакæнын хъæуы, цæмæй нæ политикон культурæ  бæрзонд æмвæзадмæ схиза, уый тыххæй. Адæм хъуамæ уыной иу кæнæ иннæ политикон тыхтæ кæнæ партиты минæвæрттæ цы дзурынц, уый паддзахады цæмæ æркæндзæн, кæнæ иуæй-иу адæймæгтæ цы нысанимæ цæуынц бæрнон бынæттæм.

Президент æнæ зæгъгæ нæ фæцис, абон цы 40 хæдзары арæзт цæуы, уыдоны тыххæй дæр.

«Ацы аз æрæвнæлдтам 40 хæдзары арæзтадмæ, аразæм сæ нæхи паддзахадон фæрæзтæй, уыимæ ма раивтам 100 хæдзарæй фылдæры агъуыстытæ дæр», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, бюджетæй куынæ давой, уæд фаг кæндзæн æппæтæн дæр. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, «кæд 2017 азы бюджетмæ хаст æрцыд 700 милуан сомæй чысыл фылдæр æхцайы фæрæзтæ, уæд ацы аз та абоны бонмæ бюджетмæ æрбахастæуыд иу миллиард дыууæсæдæ милуан сомæй фылдæр æхцайы фæрæзтæ. Уымæй дæр хъалонтæ нæ фæфылдæр сты, фæлæ нæ хъус дарæм фæткмæ. Фæтк куы æрæвæрдтам æфтиæгты хъуыддаджы, уæд фæфылдæр сты æфтиæгтæ дæр.

Æнæхъусдард нæ ныууагъта паддзахады æддагон хæсты дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, абоны бон Хуссар Ирыстон газ æмæ рухсы тыххæй хæс дары 500 милуан сомæй фылдæр.

«Цæрджытæ цы газ æмæ электроэнерги хардз кæнынц, уый рæстмæ куы фидиккой, уæд паддзахадыл уыцы хæс нæ уаид. Мах уыцы æхцайæ хæдзæрттæ нæ аразæм, фæлæ сæ фидæм, адæм цы газ æмæ электроэнерги давынц, уый аргъ. Уыцы æхцайы фæрæзтæй та арæзт æрцыдаид цыппар 75-фатерон бæстыхайы, ома, 300 фатеры. Уый фæахъаз уаид 300 бинонты цæрæнуатæй сифтонг кæнынæн», – банысан кодта Президент.

Дзырд ма цыд, дыгай æмæ фылдæр бынæтты чи кусы, уыдоны тыххæй дæр.

«Цæмæй нæм алы хъуыддаджы дæр фæтк уа, уыцы нымæцы дыгай æмæ фылдæр бынæтты чи кусы, уыдон дæр цæмæй фæткмæ конд æрцæуой, уый тыххæй уал къухдариуæггæнджытæ хъуамæ райдайой сæхицæй. Уæд нæм уыдзæн фæтк дæр æмæ кусæн бынæттæ дæр», – загъта Президент.

Бæстæйы сæргълæууæг радзырдта социалон плæнтты тыххæй дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы министрты кабинеты раз ис хæслæвæрд, цæмæй 2019 азы 1 январæй республикæйы куыстуæтты, уыцы нымæцы коммерцион организациты дæр куыстмыздтæ ма хъуамæ уой цæрынæнхъæуæг минимумæй къаддæр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, куыст цæуы пенсион фонд фæфылдæр кæныныл дæр.

Фембæлды кæрон Президент дзуаппытæ радта партийы уæнгты фарстытæн.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.