ХАЙАД РАЙСТА ИНАУГУРАЦИЙЫ

УФ-йы премьер-министр Дмитри Медведев хайад райста Туркы ног сæвзæрст президент Реджеп Тайип Эрдоганы инаугурацийы церемонийы. Церемонийы размæ Медведев ныхас кодта, уырдæм чи æрцыд, уыдонимæ – Венесуэлæйы президент Николас Мадуро, Молдавийы президент Игорь Додон æмæ Хъыргъызтаны президент Сооронба Жээнбековимæ. Официалон церемонийы фæстæ делегациты сæргълæуджытæ хайад райстой цытджын химæрайсты.

ДУНЕОН РЕКОРД

Уæрæсе сæвæрдта дунеон рекорд орбитамæ схæццæ уæвынæй. 10-æм июлы фыццаг хатт космикон уæзласæн «Прогресс МС-09» Байконурæй дунеон космикон станцмæ батахт 3 сахат æмæ 40 минутмæ. Баллистиктæн сæ бон ссис станцмæ æрбаввахс уæвыны иууыл цыбырдæр схемæ среализаци кæнын. Ныр ахæм схемæмæ гæсгæ сæ бон у атæхын «Союз»-тæн дæр. Цыбыр схемæмæ гæсгæ атахты рæстæджы цыбырдæр кæны экипажы кусгæ бон, æнæуыйдæр æндыгъд æмæ чысыл гуырахсты нау «Союз»-ы. Тагъд чи сæфы уыцы уæзтæ, экспериментты тыххæй биоæрмæ-джытæ дæр тæхынц «рæстæгмæйон комфорты». Иумиагæй сисгæйæ, уый у хорз райдиан фидæны программæтæн, уыцы нымæцы Мæйы программæтæн дæр. Уый размæ рекорд уыд 5 сахат æмæ 39 минуты. «Прогресс» орбитамæ фæхæццæ кодта 2,5 тоннæйы уæзтæ, уыцы нымæцы  ног фæлтæры «зондджын» скафандр «Орлан-МКС». Дыууæ ахæмæй ныри-дæгæн пайда кæнынц орбитæйы.

ÆРЦЫДЫСТЫ ХЪАЗТМÆ

Стадион «Санкт-Петербург»-ы Франц æмæ Бельгийы æмбырдгонд командæты ‘хсæн хъазтмæ æрцыдысты Францы президент Эммануэль Макрон æмæ Бельгийы паддзах Филипп. Макрон æмæ Филипп райстой кæрæдзийы къухтæ хъазты размæ æмæ аныхас кодтой трибунæйы. Матчы фæстæ Макрон аздæхт фæстæмæ. Францы командæ финалмæ кæй ахызт, уый сæраппонд ын арфæ ракодта Владимир Путин. Хъазты рæстæджы Францы парламент йæ куыст æрурæта дыууæ сахаты бæрц, футболмæ кæй кастысты, уымæ гæсгæ.

Равзæрстой футбол

АИШ-ы президент Дональд Трамп æрцыд Брюсселмæ НАТО-йы саммитмæ, цыран ыл сæмбæлд бæстæйы фæсарæйнаг хъуыд-дæгты министрады суагъæйон службæйы къухдариуæггæнæг Гюстен, Бельгийы паддзах  æмæ премьер горæты кæй нæ уыдысты, уымæ гæсгæ. Афтæмæй футбол æмæ Трампы ‘хсæн Бельгийы паддзах равзæрста футбол.

ЦÆТТÆ ЙÆ КÆНДЗЫСТЫ ДАРДДÆР ДÆР

НАТО дарддæр Гуырдзыстонæн кæндзæн политикон æмæ практикон æххуыс, афтæ ма йæ цæттæ кæндзæн альянсы уæнг суæвынмæ дæр. Уый тыххæй Брюсселы фехъусын кодта НАТО-йы генералон секретарь Йенс Столтенберг. «Мæнæн мæ бон зæгъын нæу, Гуырдзыстон кæд суыдзæн альянсы уæнг, фæлæ йæ фидарæй зонын, уыцы хъуыддаг æрцæудзæн. Уый тыххæй фехъусынчындæуыд 2008 азы Бухаресты саммиты, фæлæ йæ мах сфæлхатт кæндзыстæм ацы аз дæр», – загъта генералон секретарь.

АЦЫД ОТСТАВКÆЙЫ

Стырбританийы фæсарæйнаг хъуыд-дæгты министр Борис Джонсон ацыд отставкæйы. Британийы премьер-министр Тереза Мэй райста министры отставкæ. Йæ бынат ын уайтагъд бацахста бæстæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны экс-министр. Уый размæ та отставкæйы ацыд Евроцæдисæй Стырбританийы рахизыны фарстыты фæдыл министр Дэвид Дэвис. Ацы отставкæ баст уыд Евроцæдисимæ фидæны таможнæйон фиддонты фæдыл Тереза Мэйы планимæ Дэвис разы кæй нæ уыд, уыимæ.

ОПЕРАЦИ ФÆЦИС ÆНТЫСТДЖЫНÆЙ

Таиланды лæгæтæй раконд æрцыдысты сывæллæттæ се ‘ппæт дæр æмæ сæ тренер. Ирвæзынгæнæн операци æххæст цыд æртæ боны дæргъы. Футболæй æвзæнгты командæйы 12 уæнджы æмæ сæ тренер дыууæ къуырийæ фылдæр баззадысты лæгæты, тыхджын тæрккъæвдаты фæстиуæгæн фæндаг кæй сæхгæд, уый аххосæй. Куы фесæфтысты, уыцы бон сывæллæттæ сæ тренеримæ бацыдысты, йæ дæргъ авд километры кæмæн у, ахæм лæгтæмæ æмæ баззадысты уым зæххы бын 800 метры арфæн. Сывæллæттæ нырма сты рынчындоны, хæцгæ низтæй сæм зæрдæ кæй æхсайы, уымæ гæсгæ.

СКРИПАЛТЫ ИЗОЛЯЦИ КÆНЫНЦ ТЫХÆЙ

Скрипалты хъуыддаджы Лондоны позици бонæй-бонмæ æвзæрын кæны фылдæр фарстытæ. Бритайнаг хицауад бар нæ дæтты уæрæсейаг дипломаттæн семæ фембæлы-нæн. Афтæмæй хæлд цæуынц 1963 азы райсгæ консулон ахастыты тыххæй Венæйы æмæ 1965 азы дыууæфарсон консулон конвенцитæ. «Лондоны сæхи афтæ кæй дарынц, уый дзурæг у ууыл, æмæ Скрипалты тыхæй кæй дарынц изоляцийы кæнæ та уавæр, куыд дзурынц, афтæ нæу», – банысан кодта УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон минæвар Мария Захарова.

НЫСАН ÆРЦЫД СÆРМАГОНД МИНÆВАРÆЙ

УФ-йы Президент Владимир Путин Дмитри Песковы снысан кодта нымæцон æмæ технологон рæзты фарстыты фæдыл президенты сæрмагонд минæварæй. Уый тыххæй фехъусын кодта йе ‘мном, УФ-йы Президенты пресс-секретарь Дмитри Песков. Уый бамбарын кодта, зæгъгæ, ног сæрмагонд минæвар нæ уыдзæн Президенты Администрацийы кусæг, уымæн лæвæрд æрцыд æрмæстдæр статус. Уый размæ Песков куыста  Стратегион инициативæты агентады «Æвзонг профессионалты» здæхты директоры бынаты.

ТЕРАКТ

Афганистаны Джелалабады срæмыгъды фæстиуæгæн фæмард сты 10 адæймаджы, цыппарæй та цæфтæ фесты. Фæмардуæвджыты ‘хсæн сты бæстæйы национ æдасдзинады сæйраг управленийы дыууæ кусæджы. Дзыллон информацийы минæвæрттæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй бомбæ спырх кодта террорист-химар. Срæмыгъд айхъуыст контролон-уадзæн пункты. Теракты тыххæй бæрндзинад нырма йæхимæ ничи райста.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.