Ныхас кодтой телефоны

УФ-йы Президент Владимир Путин телефоны ныхас кодта Турчы президент Реджеп Тайип Эрдоганимæ. Ныхасы рæстæджы уынаффæ кодтой сирийаг темæйыл. Уæрæсе æмæ Туркы лидертæ хъусдард аздæхтой Сирийы кризис политикон æгъдауæй аскъуыддзаг кæныны ахсджиагдзинадмæ, афтæ ма равдыстой бæстæйы суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинады принциптыл иузæрдыгдзинад. Æруынаффæ ма кодтой уæрæсейаг-туркаг ахастыты рæзты фарстытыл æмæ энергетикæйы фадыджы иумиаг стратегион проекттæ – газуадзæн «Турецкий поток» æмæ атомон электростанц «Аккую»-йы арæзтады тыххæй.

Польшæ цæттæ у 2 миллиард доллар бавæрынмæ

Варшавæ ралæууыд Польшæйы территорийыл АИШ-ы америкæйаг æдзухон æфсæддон базæ равæрыны инициативæимæ. Уый сæраппонд польшæйаг хицауад цæттæ у  иумиаг проектмæ 1,5 – 2 миллиард доллары бахæссынмæ. Америкæйаг бронетанкон дивизи хъуамæ урома «Уæрæсейы агресси», кæцы тæссаг у Европæйæн, – нымайынц Польшæйы. Документы бацамынд æрцыд Польшæйы картæ америкæйаг базæтæ равæрыны бынæттимæ.

Алцыдæр сын ис НАТО-мæ

бацæуыны тыххæй

НАТО-йы генералон секретарь Йенс Столтенберг фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстонæн алцыдæр ис, цæмæй æрбаиу уа Альянсмæ. НАТО-йы Парламентон ассамблеяйы рабадты ныхас кæнгæйæ, кæцы уагъд æрцыд Варшавæйы, Столтенберг банысан кодта Тбилисы бакæнгæ куысты æмæ Афганистаны хæстон архайдтыты Гуырдзыстоны хайадисты тыххæй. «Гуырдзыстонæн алцыдæр ис, цæмæй суа НАТО-йы уæнг. Уырны мæ, æмцæдисонтæ кæй ссардзысты рæстæг, цæмæй банымайой Гуырдзыстоны архайдтытæ НАТО-йы уæнг суæвыны фæндагыл», – банысан кодта Йенс Столтенберг. Уый размæ Гуырдзыстоны премьер Георгий Квирикашвили фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ бæстæйы ныфс ис 2021 азмæ НАТО-мæ бацæуынæй.

Политикон кризис

Ацы аз марты мæйæ фæстæмæ италиаг политиктæн сæ бон не ссис хицауад саразын. Политикон кризисæй иунæг рахизыны фадат у ногæй æвзæрстытæ ауадзын. Бæстæйы президент Сержио Матарелла нæ райста хицауады сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Джузеппе Контийы бавдисгæ министрты кабинеты. Йæ зæрдæмæ нæ фæцыд финансты министр Паоло Савонайы кандидатурæ, кæцыйы банымадта евройы ахасты æгæр спектикон зæрдæйы уагимæ. Дзуаппæн Конти фехъусын кодта йе ‘ххæстбартæ æрæвæрыны тыххæй, æмæ популистон змæлдтыты лидертæ та æрсидтысты æвзæрыстытæ ногæй ауадзынмæ æмæ Матареллайы импичментмæ. Ног æвзæрстытæ, гæнæн ис, уагъд æрцæуой сентябрь-октябры. «Нырма Матареллайы импичмент, уый фæстæ та – æвзæрстытæ» – фехъусын кодта парти «5 звезд»-ы лидер Луиджи Ди Майо.

Бартхъирæн сæм кодтой ног

 санкцитæй

Евроцæдис бартхъирæн кодта Венесуэлæйы хицауадмæ ног санкцитæ бакæнынæй. Евроцæдисы совет нымайы, зæгъгæ, 20-æм майы Венесуэлæйы уагъдæрцæуæг президентон æвзæрстытæ уыдысты демократон стандартты ныхмæ. Уый фæдыл сиды ног æвзæрстытæ ауадзынмæ, науæд Евроцæдис план кæны ног санкцитæ ба-кæнын. Венесуэлæмæ ахасты уæлæмхас санкцитæ бакæныны фæдыл уынаффæйы тыххæй  фехъусын кæндзысты июны мæйы.

Рахицæн сын кодта дыууæ кредиты

БРИКС-ы рæзты ног бангы директорты совет хорзыл банымадта Уæрæсейы дыууæ проекты, кæцыты аргъ у 540 милуан доллары. Директорты совет ма хорзыл банымадта уæрæсейаг бавдыст «Комплексное развитие территори и инфраструктуры малых исторических городов и поселений»-йы проект сæххæст кæнын тыххæй 220 милуан доллары кредит райсын. Проекты нысан у горæты рæзт фæбæрзонддæр кæнын æмæ  историон чысыл цæрæн бынæтты социалон-экономикон рæзт сифтонг кæнын. Директорты совет ма хорзыл банымадта Бразили, Инди, Китай æмæ Хуссар Африкæйæн фæйнæ иу проекты. Афтæмæй абоны онг банг кредиттæ радта 5,1 миллиард доллары.

Фембæлд Минскы

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров Минскы фембæлд Белорусийы президент Александр Лукашенкоимæ. Фембæлды æруынаффæ кодтой Æмцæдисон паддзахады Уæлдæр паддзахадон советы рабадтмæ бацæттæ кæныныл. «Мах æмбæлæм Уæлдæр паддзахадон советы рабадты размæ. Мах хъæуы ноджы иу хатт ацы мадзалыл лыстæггай æруынаффæ кæнын», – загъта Лукашенко. Йæ рады Сергей Лавров Александр Лукашенкойæн загъта УФ-йы Президент Владимир Путины арфæйы ныхæстæ.

Теракт

Бельгийы Льежайы æрцæугæ цау полици банымадта терактыл, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты дыууæ полициаджы æмæ фæндагыл цæуæг адæймаг. Ноджы ма дыууæ полициаджы та цæфтæ фесты. Террорист фæмард дзуаппон æхсты фæстиуæгæн.

Фехъусын кодта дипломатон ахастытæ фехалыны тыххæй

Гуырдзыстон фехъусын кодта Сириимæ дипломатон ахастытæ фехалыны тыххæй, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый фæстиуæгæн. Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта Гуырдзыстоны æддагполитикон ведомствойы сæргълæууæджы хæдивæг Давид Дондуа. Уый зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, «дунеон æмæхсæнад фæндвидарæй хæцы Гуырдзыстоны суверенитеты æмæ территориалон æнæхъæндзинады»” æмæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад ма банымайыны политикæйы æвварс. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Сири ницæмæ æрдардта «дунеон банымад арæнты æнæфехалгæдзинады тыххæй барадон хæс». Гуырдзыстоны æддагполитикон ведомство æрсидт дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй саргъ кæной сирийаг хицауады ацы уынаффæйæн.

Олимпион комитеты ног сæргълæууæг

Фехтованийæ Олимпион хъæзтыты цыппар хатты чемпион Станислав Поздняков æвзæрст æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Олимпион комитеты ног сæргълæууæгæй. Поздняковы ныхмæлæууæг уыд ленк кæнынæй цыппар хатты Олимпион чемпион Александр Попов. Хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн Попов райста 56 хъæлæсы (20,6 прпоценты), æмæ Поздняков та – 214 хъæлæсы (78,7 проценты).

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.