ЗÆРДИАГ ФЕМБÆЛД БАРБАШОВЫ ФÆЗЫ

Ивгъуыд къуыри нæ республикæйы информацион фæрæзты минæвæрттæ Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Марияйы сæргълæудæй дзуаппон пресс-туры уыдысты Цæгат Ирыстоны. Æнгæс пресс-тур цæгатирыстойнаг информацион фæрæзты минæвæрттæн уыд уымæй размæ майы мæйы, цыран Ирыстоны дыууæ хайы информацион фæрæзты минæвæрттæ баныхас кодтой иумæйаг информацион тыгъдад саразын, чингуытæ уадзын æмæ æндæр хъуыддæгты.

Хуссар Ирыстоны информацион фæрæзты минæвæрттыл сæ цæгаттаг коллегæтæ фæмбæлдысты, мемориалон комплекс «Барбашовы фæзы» цур. Хъарм фембæлды фæстæ пресс-туры хайадисджыты ацы фæзы сырæзты саразыны историимæ базонгæ кодта РЦИ – Аланийы мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд хæслæвæрдты скондимæ куысты фæдыл инспектор Алексей Коновалов. Ацы егъау мемориалон комплекс саразыны хъуыды сæвзæрдис Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоковмæ. Цытджын æгъдауæй байгом ацы аз майы мæйы. Ацы историон нысаниуæгджын комплексæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтар Петр Барбашовы ном. Уæдæй фæстæмæ канд Цæгат Ирыстоны æмбæстæгтæ нæ, фæлæ æндæр рæттæй дæр цæуынц ардæм æмæ зонгæ кæнынц  Кавказы сæрибардзинады сæрыл уæззау тохты цы хæстон сгуыхтдзинæдтæ æвдыста Сырх Æфсад. Уыдон егъау фæд ныууагътой сæ хъæбатырдзинадæй æрмæст ирон адæмы историйы нæ, фæлæ æгас постсоветон тыгъдады. Нæ абоны фæлтæртæн та сты æнустæм, фæзминаг  хъайтартæ. Мемориалон комплексы аразджытæ æппæтдæр сарæзтой, цæмæй комплексмæ æрбацæуæг адæм зæрдæйæ банкъарой, ацы бынаты цы хæстон архайдтытæ цыд, уый.

1942 азы Барбашовы фæз кæм ис, уыцы ран карз тохтæ цыдысты Джызæлы сæрыл, тæссаг уыд знаг Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт куы бацахса, уым дæр. Уыцы тугуарæн тохы фашистты ныхмæ хъæбатырæй фæмард Петр Барбашов.  УЫй службæ кодта мидхъуыддæгты адæмон къамиссариаты дивизийы рæнхъыты. Алексей Коноваловы ныхæстæм гæсгæ, Петр Барбашов сфæлхатт кодта Александр Матросовы сгуыхтдзинад, уый йæ риуæй сæхгæдта дзоты амбразурæ.

Алексей Коновалов куыд дзырдта, уымæ гæсгæ мидхъуыддæгты  министрады архайд комкоммæдæр баст у, цæмæй фæмардуæвæг хъайтарты нæмттæ æнусон кæной æмæ сын сæ хæстон фæндæгтимæ зонгæ кæной нæ фидæны фæлтæрты.

«Ацы бынатмæ бирæтæ æрцæуынц æмæ зонгæ кæнынц нæ историимæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг хæстонтæй стыр хъайтардзинад чи равдыста, уыдон æнæхъусдардæй нæ бон ныууадзын нæ уыд. Уыцы хæстонтæй бирæты нæмттæ абоны онг дæр сты æбæрæг, фæлæ сæ сгуыхтдзинæдтæ сты æнусон»,- загъта Алексей Коновалов. Уый ма куыд загъта, афтæмæй мидхъуыддæгты министрад кусы, цæмæй дарддæр дæр æмбырд цæуа информаци фæмардуæвæг хъайтарты тыххæй.

Фæзуатмæ бацæуæны арæзт æрцыд Хъæбатырты Аллейæ, кæцыйæн йæ дыууæ фарсæрдыгæй æмрæнхъæй, сæрмагонд цæджындзтыл конд сты 312 æфсæддоны къамтæ, сæ хъæбатырдзинад  æмæ хæстон фæндæгты цыбыр историимæ фыстæй.

Барбашовы фæзуаты фенæн ис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цаутыл дзурæг хронологон нывтæ, йæ фыццаг бонæй суанг Стыр Уæлахизы боны онг. Пресс-туры хайадисджыты лæмбынæг базонгæ сты Кавказы сæрыл тохты цаутимæ, уыдон 1942 азы рапарахат сты Цæгат Ирыстоны территорийыл дæр.

Барбашовы фæзы сæйраг бынат ис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон æфсæддон техникæйы экспозицийæн. Информацион фæрæзты минæвæрттæ æввахс базонгæ сты зындгонд уæззау танк ИС-3, егъаукалиброн гаубицæ, сармадзан æмæ минометтимæ.

Журналисттæ уæлдай хъусдард аздæхтой æфсæддон-историон музей- дзотмæ. Уыцы ран, сæрмагондæй, æвдыст æрцыд Петр Барбашовы хъæбатырдзинад  æвдисæг декорацитæ.

Æвзонг экскурсовод-волонтер, 8-æм къласы ахуыргæнинаг, «История без искажений»-йы проекты хайадисæг Артемий Мириков лæмбынæгæй базонгæ кодта пресс-туры хайадисджыты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты историимæ, сæрмагондæй, Барбашовы хъæбатырдзинады фæдыл дзургæйæ, уый йæ егъау зонындзинæдтæй кæмдæр дисы дæр æппæрста информацион фæрæзты минæвæртты. Æвзонг волонтермæ хъусгæйæ бæрæг уыд, кæй йæ разæнгард кæнынц патриотизмы æнкъарæнтæ. Уый æппæтдæр аразы, цæмæй ацы музеймæ алы бацæуæджы раз дæр йæ ныхæстæйсныв кæна кинонывау ацы бынаты æппæт æрцæугæ хæстон цаутæ.  Бæрæг у иу хъуыддаг æмæ æвзонг Артемийы хуызæн зонындзинæдтæй ифтонг сывæллæттæ æмæ ма историмæ ахæм стыр цымыдисдзинад чи здахы, уыдон руаджы рох нæ уыдзысты историон н бынтæ.

Мадзалы кæрон пресс-туры хайадисджытæ дидинджытæ сæвæрдтой Петр Барбашовы цырты раз.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.