ДЫУУÆ ПРЕЗИДЕНТЫ ФЕМБÆЛД

УФ-йы Президент Владимир Путин Сочийы йæ резиденци «Бочаров Ручей»-йы фембæлд Азербайджаны президент Ильхам Алиевимæ. Дыууæ паддзахады сæргълæуджытæ сæ къухтæ цы иумиаг хъусынгæнинагыл æрфыстой, уым сæйраджыдæр нысан æрцыдысты Уæрæсе æмæ Азербайджаны ‘хсæн экономикон æмгуыстады приоритетон здæхтытæ. Баныхæсты рæстæджы уынаффæ кодтой бирæ фарстытыл. Фембæлды фæстиуæг ссис документты егъау пакет, кæцытæ хауынц алыгъуызон фадгуыты æмархайдмæ. Уæрæсе æмæ Азербайджаны лидертæ банысан кодтой, зæгъгæ, дыууæфарсон ахастыты эффективон рæзты тыххæй ныр арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр. «Иууыл перспективондæр проекттæй сæ иуыл нымайæм дунеон къæлидор «Север-Юг» саразын, кæцы баиу кæндзæн ныгуылæневропæйаг базары Азийы базаримæ æмæ фадат ратдзæн Иран æмæ Европæйыл  Хуссар Ази æмæ Æввахс Хурскæсæнæй уæзт ласт бæрæг фæтагъддæр кæнынæн. Уыимæ къæлидор «Север-Юг»-ы бындурон хай ацæудзæн Уæрæсе æмæ Азербайджаны территорийыл», – банысан кодта Владимир Путин. Йæ рады, Ильхам Алиев дæр банысан кодта, зæгъгæ, уыдон æруынаффæ кодтой æфсæддон-техникон фадыджы дард-дæры æмгуыстады тыххæй. Азербайджан Уæрæсейæ цы æфсæддон нысаниуæджы продукци æлхæны, уыдонæн сæ аргъ ахызт фондз миллиард долларæй. Æмæ йын фидæны дæр ис рæзты тенденци, уымæн æмæ Азербайджан  дарддæр дæр модернизаци кæны йæ гарзджын тыхты.

ХÆРЗБОН ЗАГЪТОЙ АЛЕКСАНДР ЗАХАРЧЕНКОЙÆН

Теракты фæстиуæгæн фæмардуæвæг Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Александр Захарченкойæн фæстаг хæрзбон загътой Донецкы оперæ æмæ балеты театры. Церемони цыдис цыппар сахатæй фылдæр, цыран хайад райстой 120 мин адæймаджы. Уый фæстæ сæм  фыдохы цыдмæ æрбаиу сты 200 мин адæймагæй фылдæр. Марды фæстæ цæуæг адæм æмдзæгъд кодтой æмæ дзырдтой «Бузныг!». Александр Захарченкойы баныгæдтой «Донецкое море»-йы уæлмæрды, зынгæ хæстонтæ Арсен Павлов (Моторола) æмæ Михаил Толстойы (Гиви) цур, уыдон дæр фæмард сты террористты къухæй. Захарченкоимæ фæмард йæ хъахъхъæнæг дæр, ноджы 12 адæй-маджы та цæфтæ фесты, уыцы нымæцы Донецкы Адæмон Республикæйы Министрты Советы сæрдар Александр Тимофеев, кæцы кæй фæцæф уымæ нæкæсгæйæ, фæстаг хæрзбон загъта республикæйы сæргълæууæгæн. Донецкы расидт æрцыд æртæбонон фыдох. 1-æм сентябры ивд æрцыдысты цытджын линейкæтæ, скъолаты ахуыртæ райдайдзысты 4-æм сентябры. Конституцимæ гæсгæ Донецкы Адæмон Республи-кæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæст кæндзæн вице-премьер Дмитри Трапезников. Республикæйы расидт æрцыд уæлвæткон уавæр. Захарченкойы бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæн мæсæллæйы ныхæстæ загъта Владимир Путин.

КУЫНÆГ ÆРЦЫД ТЕРРОРИСТ

Дагъыстаны контртеррристон операцийы фæстиуæгæн куынæг æрцыд бандитон къорды раздзог. Уый уыд федералон фæдагуырды æмæ йæ ссардтой хъæутæй сæ иумæ æввахс хъæды массивы. Йæ хæцæнгарз æрæвæрыны æмæ йæхи радтыны  тыххæй барадхъахъхъæнæг органты домæнтæм райдыдта автоматон хæцæнгарзæй æхсын. Дзуаппон æхстæй фыдгæнæг куынæг æрцыд. Куыд банысанчындæуыд, уымæ гæсгæ уый хайад иста барадхъахъхъæнæг органты кусджытæм ныббырсыны цауты. Фыдгæнæгмæ уыд автомат, пистолет æмæ хæстон æрмæджытæ. Контртеррористон операцийы режим Дагъыстаны Хасавюрты районы æмæ горæт Хасавюрты архайынц ацы аз уалдзæгæйæ фæстæмæ.

ДАРДДÆР КÆНЫНЦ ДЕМОНСТРАЦИТÆ

Германы горæт Хемницы хицауад баурæдта демонстрацийы 300 хайадисæджы. Уыдоны аххосджын кæнынц исадæн зиан æрхæссынæй, полицийы кусджыты ныхмæ фæлæу-уынæй æмæ, бар кæмæй нæй, ахæм символтæй пайда кæныны. Протестты рæстæджы æрцыд барадхъахъхъæнæг органты кусджытимæ митинггæнджыты бирæнымæцон ныхмæлæудтытæ. 18 адæймаджы хъыгдард баййæфтой. Æдæппæтæй горæты уынгтæм рахызтысты 9,5 мин адæймаджы бæрц. Акцийы ма хайад райстой рахис радикалтæ дæр, кæцытæ хъæр кодтой æртхъирæнтæ мигрантты адресыл. Хемницы протестон митингтæ уагъд цæуынц 26 августæй фæс-тæмæ. Уæд мигранттæ амардтой бынæттон æвзонг нæлгоймаджы.

НАЛ ПАЙДА КÆНДЗÆН ДОЛЛАРТÆЙ

Иракы хицауад нал пайда кæндзæн америкæйаг доллартæй Иранимæ базарадон операциты рæстæджы. Ахæм уынаффæ Багдад райста республикæмæ ахасты АИШ-ы карз экономикон санкциты æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй. Хицауады куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ уыдон нал пайда кæндзысты долларон операцитæй, базарадон бадзырдты фылдæр хай æххæст цæудзæн евро, ирайнаг риал æмæ иракаг динартæй. Уый размæ Туркы президент Тайип Эрдоган æрсидт, цæмæй кæрон скондæуа дунеон базары америкæйаг долларæн æмæ национ валютæмæ рахизыны тыххæй.

БАКОНД ÆРЦЫД УÆЛВÆТКОН УАВÆР

Ливийы Триполы хицауад фехъусын кодта бæстæйы столицæ Триполы уæлвæткон уавæр бакæныны тыххæй. Йæ аххосаг ссис горæтмæ æввахс тохтæ кæй цæуынц, уый. Хъусынгæнинаджы домдæуы æхстытæ æруромыны тыххæй ба-дзырд хъахъхъæныны тыххæй.

АРФÆ ЙЫН РАКОДТА ЙÆ ЮБИЛЕЙЫ ТЫХХÆЙ

УФ-йы Президент Владимир Путин раарфæ кодта футболæй Уæрæсейы Федерацийы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Черчесты Станиславæн йæ 55 азы юбилейон райгуырæн боны цытæн. «Ды дæхи снывонд кодтай футболæн, дæхи равдыстай куыд курдиатджын хъазæг, национ æмбырдгонды æууæнкджын вратарь. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, дæу иууылдæр зонынц, куыд диссаджы тренер æмæ хъомылгæнæг, афтæ. Ды бирæ сарæзтай ацы аз нæ бæстæйы уагъдцæуæг дунеон чемпионатмæ нæ командæйы бацæттæ кæныны æмæ дзы аккагæй ахъазыны тыххæй, футболисттæн сарæзтай комфортон психологон климат, кæцы сæ сразæнгард кодта хорз фæстиуджытæм, рæсугъд æмæ уæлахизы хъазтмæ. Разæй уæм æнхъæлмæ кæсынц ахсджиаг старттæ æмæ ног фæсидтытæ æмæ мæ ныфс ис, дæ къухдариуæгады бын Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы къухты дарддæр дæр кæй æфтдзысты æнтыстытæ æмæ уымæй футболуарзджыты зæрдæтæ кæй рухс кæндзыстут», – банысан кодта Владимир Путин.

БАФÆЛВÆРДТА ЧЫЗДЖЫ ЧУМÆДАНЫ АХÆССЫНМÆ

Туркаг арæнхъахъхъæнджытæ баурæдтой Гуырдзыстоны 24-аздзыд æмбæстаджы, кæцы бафæлвæрдта чумæданы чызджы Туркмæ ахæссын. Инцидент æрцыд «Сарпи»-йы уадзæн пункты. Арæнхъахъхъæнджыты хъусдард йæхи-мæ аздæхта стыр чумæданимæ нæлгоймаг, кæцы цыд таможнæйон æмæ паспортон контроль. Нæлгоймагæн бакæнын кодтой йæ чумæдан æмæ дзы разынд чызг. Уый уыд Узбекистаны 27 аздзыд æмбæстаг, кæцыйæн бар нæ уыд Туркмæ бацæуынæн. Дыууæ дæр урæд æрцыдысты, сæ ныхмæ баконд æрцыд уголовон хъуыддаг.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.