Аххосджынты æрцахстой

УФ-йы фæдагурæн комитеты сæргълæууæг Александр Бастрыкин æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Вероника Скворцова бæстæйы президент Владимир Путинæн радзырдтой, Кемеровойы базарадон-хиирхæфсæн центры зынгсирвæзты фæдагурæн куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй. Зынгсирвæзты аххосджынтæй фондз адæймаг ахст æрцыдысты, уыцы нымæцы центры генералон директор дæр. Зынгсирвæзты фæстæ æбæрæгæй сæфтыл нымад чи цыдысты, уыцы æртæ адæймаджы разындысты сæрæгасæй. Афтæмæй фæмардуæвджыты нымæц у 64 адæймаджы. Уыдонæй 27 адæймаджы базыдтой сæ хиуæттæ. Фæмардуæвджыты иннæ мард буарты Мæскуымæ аластой генетикон экспертизæ саразыны тыххæй. Экспертизæ уагъд цæудзæн 2-3 къуырийы бæрц. Трагедийы сæ хиуæтты чи фесæфта, уыдонæн райдыдтой компенсацитæ фидын. Дунеон фæдагуырдмæ радтой украинæйаг пранкеры, кæцы парахат кодта мæнг бæрæггæнæнтæ трагедийы амæттæгты нымæцы тыххæй.

Фæмардуæвджыты мысынæн

Кемеровойы фæмардуæвджыты мысынæн Мариинаг театр Уæрæсейы адæмон артист Гергиты Валерийы къухдари-уæгадæй сæххæст кодта Джузеппе Вердийы реквием. Мысæн изæр уагъд æрцыд театры концертон залы æмæ райдыдта иу минут æмырæй алæууынæй. Концерты ноджы иу хайадисæг уыд венгриаг скрипач Кристоф Барат, кæцы æмгуыстад кæны Мариинаг театримæ æмæ йæ бафæндыд уæрæсейаг фæмард-уæвджыты ном ссарын.

Бар радта арæзтадæн

Герман æххæст комплект радта Германы территориалон дæтты 30 километрон фадыджы газуадзæн «Северный поток 2»-йы арæзтады тыххæй. Ацы арæзтады тыххæй бар ма хъуамæ радтой, газуадзæны маршрутыл чи сты, уыцы бæстæтæ – Финлянди, Швеци æмæ Дани. Газуадзæны  дæргъ уыдзæн 1,2 мин километры. Проекты аргъ у 10 миллиард евройы.

 «Сармат»-ы фæлварæнтæ

Ног уæззау æхсæнконтиненталон ракетæ «Сармат» у уыцы тæссаг хæцæнгарз, кæцыйы тыххæй УФ-йы президент дзырдта Федералон Æмбырдмæ йæ Ныстуаны рæстæджы. «Сармат» хъуамæ раива «Воевода»-йы æртæ азы фæстæ. Космодром Плесецкы уыдысты ног уникалон ракетæйы фæлварæнтæ, кæцытæ ацыдысты æнтыстджынæй.

Йæ тыхы бацыд «Куадзæны фидыдад»

29-æм марты Донбассы йæ тыхы бацыд, «Куадзæны фидыдад», кæцыйы тыххæй бадзырдта контактон къорд. 29-æм марты «Нормандская четверка»-йы хъусынгæнинаджы, цыран конфликт æрбæстон кæныны фæдыл æхсæны лæгтæ Уæрæсе, Герман æмæ Францы лидертæ, афтæ ма Украинæйы президент дæр ахсджиагыл банымадтой Минскы бадзырдтæ æххæст кæнын, ома, æхстытæ æруромыны режим фæрстæ карзæй бахъахъхъæныны ахсджиагдзинад.

Критикæ кæнынц Стырбританийы архайд

Евроцæдисы бæстæтæ æмæ АИШ,  фæдагуырды хатдзæгтæм нæ банхъæлмæ кæсгæйæ, уæрæсейаг дипломатты кæй æрвитынц, уыцы хъуыддаг критикæ кæнынц дунейы политиктæй бирæтæ. Немыцаг парламентаритæ Британийы аргументтæ схуыдтой æнæбауырнгæ факттæ. Депутаттæ æрсидтысты химион хæцæнгарз ма уадзыны фæдыл организацийы доклад ныммыхуыр кæнынмæ банхъæлмæ кæсынмæ, афтæ ма бацамыдтой, зæгъгæ, Уæрæсейæн цымыдисон нæ уыд Скрипалы фæхъæстæ кæнын.

Нæ бахаудтой Лондоны æндæвдады бын

Евроцæдисы бæстæтæй бирæтæ не сразы сты уæрæсейаг дипломатты арвитыныл, Лондоны æндæвдадмæ нæ кæсгæйæ. Куыд, зæгъæм, Бельги, Австри, Греци, Словаки æмæ æндæртæ.

«Нейтралон» Австри

Уæрæсейаг дипломатты рарвитыны тыххæй европæйаг къорд бæстæты хъусынгæнинæгты фæстæ Австрийы канцлер Себастьян Курц фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ бæстæ нæ фæнд кæны дипломатон минæварадтæй уæрæсейаг дипломатты арвитын, уый хыгъд, æй ныфс ис Уæрæсеимæ  бастдзинæдтæ сфидардæр кæнынæй.

Фехъусын кодта дзуаппон мадзæлтты тыххæй

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров фехъусын кодта АИШ-ы ахасты Уæрæсейы райсгæ дзуаппон мадзæлтты тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ Уæрæсейы АИШ-ы минæвары фæхуыдтой министрадмæ, цыран ын фехъусын кодтой уæрæсейаг дипломатты рарвитыны тыххæй дзуаппон мадзæлтты тыххæй. АИШ-ы ахасты дзуаппон мадзæлтты сты дипломатты аналогон нымæц арвитын, афтæ ма Санкт-Петербурджы АИШ-ы дипломатон консулад сæхгæнын.

Райста æвзарджыты хъæлæсты 90%

Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ Египеты президентон æвзæрстыты архайгæ президент Ас-Сиси райста æвзарджыты хъæлæсты 90%. Арабаг дзыллон информацион фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ архайгæ президент райста 21,5 милуан хъæлæсы, йæ ныхмæлæууæг «Аль-Гад»-ы партийы лидер Муса Мусафа Муса та æрæмбырд кодта 721 мин хъæлæсы. Хъæлæс кæныны процедурæ уагъд цыд æртæ боны дæргъы 26-29 марты.

Фæмард сты 68 адæймаджы

Венесуэлæйы штат Карабобойы полицийы комендатурæйы зынгсирвæзты рæстæджы ахæстоны амард 68 адæймаджы. Трагедийы аххосаг сбæрæг кæныныл кусынц цыппар проку-оры. Дзыллон информацийы фæрæзты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, ахæстоны зынгсирвæзт æрцыд ахæстты змæстыты рæстæджы.

Æхсæнкорейаг саммит

Кореяйы Адæмон Демократон Республикæ æмæ Хуссар Корея бадзырдтой æхсæнкорейаг саммит 27 апрелы ауадзыны тыххæй.  Фæстаг хатт дыууæ Кореяйы лидертæн фембæлд уыд 11 азы размæ – 2007 азы октябры мæйы.

Баурæдтой кæсагахсæн науы

Хъырымы кæсагахсæн нау «Норд»-ы Азовы денджызы бауæрдтой украинæйаг арæнхъахъхъæнджытæ, кæцы цыд Хъырымæй уæрæсейаг тырысайы бын. Уæрæсейаг фарс домы, цæмæй æвæстиатæй ссæрибар кæной экипажы уæнгты æмæ науы раздахой йæ закъонон хицауæн. Науы бортыл уыд дæс адæймаджы -Уæрæсейы æмбæстæгтæ. Уыдонмæ уыдысты Керчы ратгæ уæрæсейаг паспорттæ.

Æмзæрдæдзинады нысанæн

Гуырдзыстон арвитдзæн уæрæсейаг дипломатты Стырбританиимæ æмзæрдæдзинады нысанæн. «Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад дих кæны Британийы позици æмæ хъусын кæны Тбилисы Швейцарийы минæварады цур Уæрæсейы Федерацийы интересты секцийы кусæджы нымайы æнæрайсгæйыл æмæ дзы домы, цæмæй авд боны æмгъуыдмæ ацæуа Гуырдзыстонæй», – дзырдæуы хъусынгæнинаджы

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.