Нæ Республикæйы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ нæ горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Аланы æрхуындмæ гæсгæ нæ республикæмæ  фæуазæг сты горæт Пятигорскы цæугæ зоопарк «Король лев».

Зоопарчы директор Артур Мусаелян нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæн сæ бон уыдзæн фенын экзотикон сырдты æмæ æндæр цæрæгойты. Зоопаркы ис домбайтæ, тигртæ, æрсытæ, леопардтæ, сагтæ æмæ æндæр сырдтæ. Ис ма сæм леопард æмæ домбайхæццæ сырд – леопон дæр.

Артур Мусаелян ма куыд загъта, уымæ гæсгæ зоопарк кусын райдайдзæн абон, 29-æм мартæй æмæ аххæсдзæн апрелы мæйы фæудмæ. Сæ куысты график у райсомы 10.30-æй изæры 20.00 сахатмæ, æнæ улæфт бонтæй. «Ленингоры районы сывæллæтты хæдзар, Цхивалы скъола-интернат æмæ Дзауы скъола-интернаты сывæллæттæн зоопаркмæ бацæуæн уыдзæн æнæаргъæй», – загъта директор.

Билетты аргъ у  200 сомы хистæр кары адæймæгтæн, 150 сомы та – сывæллæттæн. Æртæ азы кары онг сывæллæттæн зоопаркмæ бацæуæн уыдзæн æнæаргъæй. Зоопарк æрбынат кодта вокзалы территорийыл.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.