Йæ къух æрфыста барамындыл

АИШ-ы президент Дональд Трамп йæ къух æрфыста барамындыл æндон æмæ алюминийы сæудæджерады продукцийы импортыл таможнæйон фиддонтæ бакæныны тыххæй. Трамп фехъусын кодта, зæгъгæ, АИШ-мæ ацы продукци чи ласы, уыцы бæстæтæн æндоны фиддонты бæрц уыдзæн 25% æмæ алюминийы та – 10%. Уыимæ уый банысан кодта, зæгъгæ, иу къорд бæстæйы рæстæгмæ сæрибар æрцæудзысты таможнæйон фиддонтæй, уыдоны ‘хсæн сты Канадæ æмæ Мексикæ. Ацы бæстæтимæ америкæйаг хицауад фæнд кæны Цæгатамерикæйаг сразыдзинады фæдыл сæрибар базары тыххæй бадзырд къухты бафтын кæнын.  Еврокъамисы сæрдар Жан-Клод Юнкер уый размæ Трампы плæнтты тыххæй бартхъирæн кодта америкæйаг администрацимæ дзуаппон архайдтытæй. Францы президент ацы барамынды райст схуыдта экономикон национализм. Барамынд йæ тыхы бацæудзæн 15 боны фæстæ.

Рацыдысты сабыр 

цæрджытæ

Фыццаг хатт гуманитрон паузæ бакæныны фæстæ Скæсæйнаг Гутайы Мисрабы цæрæн пунктæй  рацыдысты 52 сабыр цæрæджы, – уый тыххæй фехъусын кодта Сирийы фидыдады центры минæвар Владимир Золотухин. Йæ ныхæстæм гæсгæ уыцы 52 цæрæгæй 26 сты сывæллæттæ. Ныртæккæ уыдон сты раздæры автоскъолайы территорийыл Адрайы цæрæн пункты.

Уый размæ, 9-æм марты 13 боевикы спайда кодтой гуманитарон къæлидорæй æмæ ацыдысты Скæсæйнаг Гутайæ Идлибмæ. Уыимæ Сирийы уавæр у вазыгджын. Суткæйы дæргъы боевиктæ Дамаскыл рауагътой 12 минæйы. Сабыр цæрджыты ‘хсæн ис цæфтæ, иу адæймаг фæмард.

Протесты митингтæ

Мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны тыххæй Ригайы уынгтæм рахызтысты Латвийы уырыссаг æвзагыл дзурæг фондз мин адæймаджы. Уыдон се нæразыдзинад равдыстой, сейм цы реформæ райста, уый фæдыл, кæцымæ гæсгæ скъолаты ахуыр кæндзысты æрмæстдæр латышаг æвзагыл. Ныртæккæ Литвайы цæрджыты 40% дзурынц уырыссаг æвзагыл.

Рахастой сын мæлæты тæрхон

Египеты  Гизайы провиницийы уголовон тæрхондон 10 террористæн рахаста мæлæты тæрхон æмæ ноджы 5 террористæн та цæрæнбонты ахæстоны фæбадыны тæрхон. Уыдон иууылдæр аххосджыныл нымад æрцыдысты террористон архайды. Египетаг уголовон тæрхондоны вердикт сфидар кодта Египеты уæлдæр муфти. Террористтæ уыдысты организаци «Братья-мусульманы»-йы уæнгтæ.

Ног уæрæсейаг ракетæ «Кинжал»

Бритайнаг дзыллон информацийы фæрæзтæ комментаритæ сарæзтой бæрзонд дырысон авиацион ракетон комплекс «Кинжал»-ы гиперзæлон ракетæйы ахуыргæнæн-æфсæддон ауагъды видеойæн.  Уый размæ УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой Хуссар федералон зылды аэродромæй гиперзæлон ракетæйы æнтыстджын ауагъды тыххæй. Ног системæ «Кинжал» саразыны тыххæй радзырдта УФ-йы Президент Владимир Путин Федералон æмбырдмæ йæ ныстуаны рæстæджы. Йæ ныхæстæм гæсгæ «Кинжал»-æн йæ бон у æппæт уæвæг системæты сæрты ахизын æмæ дыууæ мин километры дæрддзæгæн нысан сцæф кæнын.

Нæ бауагътой теракт саразын

УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы кусджытæ Саратовы областы нæ бауагътой теракт саразын. Фыдгæнджытæ цыдысты автомобилыл. Уыдон фæлвæрдтой ныхмæ фæлæууыныл, фæлæ æхстыты рæстæджы куынæг æрцыдысты. Террористтæм разынд хиаразгæ рæмудзæн æрмæг æртæ килограммы бæрц тротилы эквиваленты хъомысадимæ. Афтæ ма сæм разынд хиаразгæ къухæйæхсгæ гранат æмæ хæстон пистолеттæ ТТ æмæ ПМ.

Ногæй æвзæрст æрцыд

Францы рахисон парти «Национ фронт»-ы сæргълæууæгæй ногæй æвзæрст æрцыд Марин Ле Пен. Йе ‘вварс рахæцыдысты хъæлæсдæтджытæ се ‘ппæт дæр. Ацы партийы  Ле Пен раивта йæ фыды æмæ ныр йæ сæргъ лæууы 2011 азæй фæстæмæ.

 

Бахастой ивындзинæдтæ

Пекины адæмон минæвæртты æмбыр-ды æппæткитайаг сессийы, Китайы пад-дзахадон хицауиуæгады уæлдæр орган райста бæстæйы Конституцийы аивдгонд проект. Конституцийæ ист æрцыд ахæм уагæвæрд дæр, кæцымæ гæсгæ Китайы Адæмон Республикæйы сæрдар æмæ йæ хæдивæгæн бар уыд ацы бынæтты кусын æрмæстдæр дыууæ фондзазон æмгъуыды. Ныр конституцимæ гæсгæ арæн нал ис бæстæйы сæргълæууæгæн ацы бынаты кусынæн.

Парламентон æзæрстытæ

Кубæйы уагъд æрцыдысты парламентон æвзæрстытæ. Æвзарджытæ хъуамæ равзæрстаиккой Национ ассамблеямæ 605 депутаты æмæ провиницалон ассамблеятæм та – 1265 депутаты. Æвзæрстыты хайад райстой аст милуанæй фылдæр адæймаджы. Ацы бæстæйы æвзарæн кар райдайы 16 аздзыдæй. Æдæпптæй Кубæйы ис 11 милуан цæрæджы. Ацы æвзæрстытæ закъондæттынадон органтæм уыдысты фыццæгтæ 2016 азы ноябры мæйы революцийы лидер Фидель Кастройы амæлæты фæстæ. Сноггонд Национ ассамблея 19-æм апрелы ауадздзæн йæ фыццаг рабадт, цыран сфидар кæндзæн паддзахадон совет 31 адæймаджы скондæй, уый фæстæ фехъусын кæндзысты паддзахады ног сæргълæууæджы ном. Архайгæ сæрдар, 86-аздзыд Рауль Кастро 2017 азы декабры фехъусын кодта, уæлдæр бынатмæ æвзæрст кæй нал цæудзæн, уый тыххæй.

Æрхауд хæдтæхæг

Ираны цы туркаг хæдтæхæг æрхауд, уым æдæппæтæй уыдысты экипажы æртæ уæнджы æмæ аст бæлццоны. Уæлдæфон науы бортыл уыд туркаг зынгæ бизнесмен Хюсейн Башараны чызг æмæ йæ авд æмбалы. Хæдтæхæг æрхауд хæххон бынаты.

Домынц ног хицауад

Барселонæйы уынгтæм рацыдысты 45 мин адæймагæй фылдæр. Уыдон домынц ног хицауад саразын. Протестгæнджыты къухты ис лозунгтæ «Республика сейчас», зæгъгæ. Уый у Каталонийы уыцы цæрджыты сидт, кæцыты фæнды Испаны дæлбарæй рахизын.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.