ДУНЕОН ФОРУМ

Мæскуыйы йæ куыст райдыдта II дунеон форум «Парламентаризмы рæзт», – зæгъгæ. Форумы хайад исынц иу минæй фылдæр хайадисæджы – закъондæттынадон æмбырдты спикертæ, эксперттæ æмæ журналисттæ сæдæгай бæстæтæй. Мадзалы программæ у хъæздыг. Уынаффæ кæнынц иумиаг закъондæттынадон инициативæтыл æмæ æмгуыстады иууыл актуалондæр фарстытыл, уыцы нымæцы нымæцон экономикæйы рæзтæй гæвзыккдзинады æмæ терроризмы ныхмæ тох кæныны онг.

ФÆМАРД СТЫ ДЕНДЖЫЗОНТÆ

Североморскы атомон донбыдзугæнæг станцы æрцыд зынгсирвæзт, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 14 денджызоны, уыцы нымæцы 1-æм рангы 7 капитаны æмæ Уæрæсейы Федерацийы дыууæ хъайтары. Президент Владимир Путин ауагъта экстренон рабадт хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгуимæ. Уый министрæн бахæс кодта, цæмæй ацæуа Североморскмæ, сбæрæг кæна инциденты аххосаг æмæ æппæт æнæмæнгхъæуæг æххуыс бакæна фæмардуæвджыты бинонтæн. Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, ахæм рангы денджызонтæ кæй фæмард сты, уый стыр зиан у флотæн æмæ иумиагæй æфсадæн. Владимир Путин мæсæллæйы ныхæстæ загъта фæмардуæвджыты бинонтæн.

ЭЛЕКТРОНОН РАД

Паддзахадон куыстуат «Почта Донбасса» райдыдта Донецкы Адæмон Республикæйы миграцион службæйы хайады цæрджыты электронон рады фыссын, Уæрæсейы паспорттæ райсыны тыххæй. Хайады куысты фыццаг сахатты регистраци æрцыдысты 1000 адæймагæй фылдæр. Республикæйы архайынц 42 ахæм уагоны.

СÆ ХЪУС ДАРЫНЦ НАТО-ЙЫ НАУТÆМ

Уæрæсейы Сау денджызы флоты тыхтæ сæ хъус дарынц НАТО-йы науты архайдтытæм æфсæддон ахуырты. Уæрæсейаг æфсæддонтæ куыд бамбарын кодтой, уымæ гæсгæ Сау денджызы тыхтæ æмæ фæрæзтæ сæ хъус дардзысты Цæгататлантикон альянсы науты бынатаивдмæ, цæмæй афоныл среакци кæной гæнæнуæвæг æнæштатон уавæрты фæдыл. Æфсæддон ахуыртæ Sea Breeze  2019 райдыдтой 1-æм июлы сауденджызон акваторийы цæгат-ныгуылæйнаг хайы. Ахуырты хайад исынц НАТО-йы 19 бæстæйы æмæ се ‘мцæдисонты, уыцы нымæцы АИШ, Стырбритани æмæ Украинæйы æртæ мин æфсæддон службæгæнæгæй фылдæр.

НОГ РАКЕТÆЙЫ ФÆЛВАРÆН

Уæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхтæ æнтыстджынæй ауагътой ног ракетæйы фæлварæн Казахстаны полигон Сары-Шаганы. Ракетæ «нысанмæ» кæй бахауд, уый бафидар кодта ракетæйы тактикон-техникон характеристикæтæ. Уæлдæфон-космикон тыхты ног хæцæнгарзы нысан у арвæй æмæ космикон тыгъдадæй атакæтæн ныхкъуырд радтын.

ГÆНÆН ИС БАЛХÆНА УÆРÆСЕЙАГ ХÆДТÆТХДЖЫТÆ

Анкара, гæнæн ис балхæна уæрæсейаг куынæггæнæг хæдтæхджытæ Вашингтон Туркы куынæггæнг-бомбæзгъалæг хæдтæхджытæ F-35 куынæ сифтонг кæна, уæд. Туркы ныфс ис, Уæрæсеимæ ног фæлтæры иумиаг раке-тæты кондадæй. Анкара йæхи цæттæ кæны Вашингтоны ‘рдыгæй гæнæуæвæг санкцитæм Мæскуыйæ зенитон-ракетон системæтæ С-400 кæй æлхæны, уый тыххæй æмæ ныридæгæн фæсауæрц скодта америкæйаг æфсæддон техникæмæ фæсаурæцон хæйттæ. Туркы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мевлют Чавушоглуйы ныхæстæм гæсгæ, Анкара нæ баззайдзæн æнæ альтернативæтæй, Вашингтон сын куынæггæнæг хæдтæхджытæ куынæуал рауæй кæна, уæд.

АМАРДТА БАРАДХЪАХЪХЪÆНÆГ ОРГАНТЫ КУСÆДЖЫ

Республикæ Цæцæны æнæзонгæ адæймаг амардта барадхъахъхъæнæг органты кусæджы. Инцидент æрцыд Ачха-Мартановскы регионы контролон посты. Æнæзонгæ адæймаг æрбаввахс полициагмæ æмæ йæ кардæй фæцæф кодта. Фыдгæнæг куынæг æрцыд. Уымæ разынд гранатæ, фæлæ дзы не спайда кодта. Уый размæ та дыууæ æнæзонгæ адæймаджы æрбалæбурдтой Цæцæны сæргълæууæг Рамзан Кадыровы резиденцийы ныхмæ фæндагон-патрулон службæмæ. Уæд та фæцæфтæ сты дыууæ полициаджы. Фыдгæнджытæй иу куынæг æрцыд бынаты.

ФÆНД КÆНЫНЦ ФИДДОНТÆ БАКÆНЫН

  Иугонд Штатты базарадон министрады аппарат фæндон бахаста Евроцæдисæй товартыл цыппар миллиард доллары аргъ фиддонтæ бакæныны тыххæй. Товары номхыгъдмæ, гæнæн ис бахауой металлургион фадгуытæ, хъацæнты иуæй-иу хуызтæ, хуыйы фыдæй продукттæ, карз нозтытæ æмæ æндæртæ.

ÆРСИДТ ТРАМПМÆ

Китайы лидер Си Цзиньпин æрсидт АИШ-ы президент Дональд Трампмæ, цæмæй рæстæгмæ фæлæмгъдæр кæна санкцитæ Цæгат Кореяйы ныхмæ. Китайаг лидер банысан кодта, зæгъгæ, Цæгат Кореяимæ ацæуын хъæуы компромиссыл.

ДУНЕОН СÆРДЫГОН УНИВЕРСИАДÆЙЫ СТОЛИЦÆ

Екатеринбург æвзæрст æрцыд 2023 азы дунеон сæрдыгон универсиадæйы столицæйæ. Церемони уагъд æрцыд Неаполы. Уынаффæ райста университетон спорты дунеон федерацийы æххæстгæнæн комитет. Фæсивæдон универсиадæ ауадзыны тыххæй Уралы столицæйы архайдзысты 30 объекты, кæцыты иу хай у футболæй дунейы чемпионаты исбон. Уый размæ 2013 азы Казаны уагъд æрцыдысты Сæрдыгон студентон  хъæзтытæ,  ацы аз фыццаг хатт та Красноярск райста зымæгон универсиадæ.

ÆРДОМДТА ДЫККАГ ХАТТ

Украинæйы президент Владимир Зеленский дыккаг хатт бахатыд Уæлдæр Радамæ бæстæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Павел Климкин æмæ генералон прокурор Юрий Луценкойы сæ бынæттæй ссæрибар кæныны тыххæй. Украинæ парламентон бæстæ кæй у, уымæ гæсгæ паддзахады сæргълæууæгæн бар нæй, йæхи цæстæнгасмæ гæсгæ хицауады уæнгты ссæрибар кæнын. 1-æм июлы Климкин фехъусын кодта, зæгъгæ, 3-æм июлæй цæуы «политикон улæфты».

НОГÆЙ ТА СÆ БАФÆДЗÆХСТА

АИШ-ы президент Дональд Трамп ногæй фехъусын кодта Ираны ныццæвыны тыххæй. «Нæй гæнæн, цæмæй Иранмæ æмæ иуæй-иу æндæр бæстæтæм ядерон хæцæнгарз уа. Уый æгæр тæссаг у», – загъта Трамп.

УНИКАЛОН ВАКЦИНÆ

«Роспотребнадзор» æрбавдыста Уæрæсейы бакуыстгонд ног вакцинæ Эболайы низы ныхмæ. Вакцинæ æрбавдыстæуыд 28-29 июны Демократон Республикæ Конгойы уагъдцæуæг Эболайы ныхмæ вакцинациты фарстыты фæдыл дунеон конференцийы фæлгæтты. Вакцинæ рацыд паддзахадон регистрацийы æппæт стадитæ æмæ ныртæккæ у иууыл æдасдæр æмæ ныллæгреактивондæр вакцинæ дунейы. Уымæй дарддæр ма презентацийы фæстиуджытæм гæсгæ æркастæуыд уæрæсейаг вакцинæ «ЭпиВакЭбола»-йæ Республикæ Конгойы спайда кæныны тыххæй.

ФÆМАРД СТЫ 40 АДÆЙМАДЖЫ

Триполы цур мигрантты лагеры авиацæф ныккæныны фæстиуæгæн фæмард сты 40 адæймаджы, 80 та хъыгдард баййæфтой. Экстренон службæтæ æнæмæнгхъæуæг æххуыс кæнынц хъыгдардбаййафджытæн.

АВТОАВАРИ

Аргентинæйы бæлцæттæласæн автобус аварийы кæй бахаудта, кæцы ласта пенсиисджыты, уый фæстиуæгæн фæмард сты 13 адæймаджы æмæ 30 та фесты алыгъуызон цæфтæ. Автобус афæлдæхт Тукуманы провинцийы трассæйы. Развæлгъау зонæнтæм гæсгæ аварийы аххосаг ссис æвзæр боныгъæд.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.