Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндоны 28 июны уагъд æрцыдис рауагъдонты куыстыты равдыст. Мадзалмæ æрбацыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли дæр. Дипломон куыстытæн аккаг аргъ скæныны фæдыл развæлгъау арæзт æрцыдис къамис Президенты мидæггагон политикæйы управленийы сæргълæууæг Уанеты Мураты сæрдариуæгадæй. Къамисы сконды ма уыдысты нывгæнджыты Цæдисы сæрдар Цхуырбаты Тамерлан, Колыты Аксойы номыл аивæдты паддзахадон лицейы директор Кæсойты Лаврент, Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт æмæ адæмон  нывгæнæг Бежанты Вадим æмæ æндæртæ.

Ахуыргæнæндоны ис дыууæ факультеты – «Станковая живопись» æмæ «Дизайн и художественная резьба по дереву». Ацы аз рауагъдонтæ уыдысты æхсæз æмæ иууылдæр тынг хорз бацæттæ кодтой сæхи. Бестауты Беллæ бацæттæ кодта ныв «Идилия в графстве», Бибылты Залинæ – «Гармония», Бибылты Иринæ – «Похищение», Уазæгты Денис – «Декоративный натюрморт»  æмæ  декоративон агуывзæ – «Нуазæн», Уазæгты Янæ – «Къоста в родном ауле» æмæ декоративон шкатулкæ, Джиоты Дианæ та  «Куырдалæгон» æмæ декоративон фынг. Рауагъдонтæй алчи дæр лæмбынæг æрдзырдта йæ бакæнгæ куысты тыххæй, цæмæн равзæрста ахæм стиль, цы йæ сразæнгард кодта ахæм ныв скæнынмæ. Къамисы уæнгтæ иууылдæр стыр аргъ скодтой дипломон куыстытæн æмæ банысан кодтой, бакæнгæ куыстытæ кæй сты бæрзонд æмвæзадыл. Нывгæнæн ахуыргæнæндоны директор, Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Зассеты Сæрмæт куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы рауагъдонтæ сты курдиатджын æмæ сын уыдзæн рæсугъд фидæн.

«Мæнæн мæ зæрдæ райы нæ рауагъдонты куыстытæм кæсгæйæ. Ахæм рæсугъд нывтæ скæнын æмæ ахæм аив дзаумæттæ саразын хъæдырмæгæй бирæ фыдæбон у, хъæуы дзы дæсныдзинад, æмæ сæ æз буц дæн, афтæ кæй сарæхстысты æмæ нын нæ зæрдæтæ кæй барухс кодтой, уымæй», – банысан кодта Зассеты Сæрмæт æмæ сын йæ цæст бауарзта,  цæмæй сæ ахуыр адарддæр кæной, сæхиуыл кусой æмæ схизой ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли дæр стыр цымыдисимæ каст дипломон куыстытæм æмæ сын скодта стыр аргъ.

«Мæн фæнды, цæмæй ма æрлæууат уæ профессионалон рæзты, фæлæ уæ курдиат ноджы уæрæхдæрæй райтынг кæнат. Абон æз федтон диссаджы куыстытæ, равдыстат уæ арæхстдзинад, фæлæ мæ фидарæй уырны, уæ иууыл хуыздæр кустытæ уын фæстæдæр кæй фендзыстæм», – раппæлыд рауагъдонтæй Бибылты Анатоли.

Культурæйы министры хæдивæг Джеранты Джульеттæ дæр банысан кодта, зæгъгæ бакæнгæ кустыты зыны, сæ автортæ кæй сты курдиатджын æмæ сын зæрдæбынæй раарфæ кодта. Рауагъдонтæ дæр стыр бузныджы ныхæстæ загътой æрæмбырдуæвджытæн, уæлдайдæр та сбуц кодтой сæ ахуыргæнджыты æмæ сæ дипломон куыстыты къухдариуæггæнджыты. Кæронбæттæны Бибылты Иринæ йæхи арæзт хъæдырмæгæй дзаума балæвар кодта Президентæн.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.