РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан доклад сарæзта тымбыл фынг «Дунеон гуманитарон барад æмæ гуманитарон æмгуысткæнынад: парламентты æмæ æхсæнпарламентон институтты роль». Тымбыл фынг уагъд цыдис дыккаг Дунеон форум «Парламентаризмы рæзт»-ы фæлгæтты.

Йæ доклады Тадтаты Алан ахс-джиагыл банымадта гуманитарон къабазы æхсæнпаддзахадон æмгуыстады универсалон концепцийы уæвынад, бæлвырддæрæй та æдасдзинад æмæ цæрджыты бартæ хъахъхъæныны къабазы.

«Дипломатон, уыимæ парламентариты ресурстæй æмæ уыдонмæ хъус дарыны амæлттæ гæнæн ис уой фидар бындур глобалон масштабты гуманитарон инициативæтæн æххуыс кæныны ног гуырæнтæ агурынæн. Гуманитарон фарстаты фæдыл, фыццаджыдæр, та дунеон гуманитарон барады сæрмагонд хъусдарды бын чи сты, цæрджыты уыцы категорийы хъахъхъæныны фарстаты фæдыл æхсæнпаддзахадон æмгуыстады къабазы хъуамæ уа деидеологизацигонд æмæ деполитизацигонд», – загъта уый.

Тадтаты Аланы ныхæстæм гæсгæ парламентаритæн сæ бон у æмæ хъуамæ позитивон роль æххæст кæной дунеон гумаритарон барады рæзты æмæ йæ имплементацийы, уымæн дунейы йæ зындгонд юристтæ – дунеон барад зонджыты бавæрдæн саргъгæнæн дæр нæй æмæ уымæн та æрхæссæн ис бирæнымæц цæвиттонтæ.

Йæ доклады РХИ-йы Парламенты Сæрдар стыр бузныг загъ-та Стыр Уæрæсейæн, кæцы, йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъæн ис, иунæгæй хъахъхъæны Хуссар Ирыстоны интерестæ дунеон аренæйы.

«Ацы контексты Хуссар Ирыстоны адæмы æвзæрст парламентаритæ, закъонуадзджытæ куыд хъуамæ архайой? Мах хæсджын стæм, нæ хъарутæ нæ куыд амонынц, афтæ Уæрæсейы Федерацийæн хъуамæ æххуыс кæнæм, куыд барадон паддзахад, афтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны позицитæ хъахъхъæныны», – фехъусын кодта Тадтаты Алан.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, ног Парламент, дунеон æдасдзинад ифтонг кæныны куысты фæлгæтты хъуамæ размæ кæна æртæ сæйрагдæр здæхты, кæцытыл бындуриуæг кæны дунеон гуманитарон барад. Уыдонæй фыццаг у сабыр æмуæвынады принциптæ. «Ам мах хъуамæ равдисæм иууыл тынгдæр активондзинад закъондæттынадон актты базæ аразыны хъуыддаджы, кæцытæ фадат ратдзысты дунеон сразыдзинæдтæ аразынæн æмæ ифтонг кæндзысты гæнæн уæвгæйæ, фылдæр бæстæтимæ сабырæй цæрын. Мах алы фæзуæтты дæр хъуамæ кæддæриддæр уæм сабырады идеятæ хæссæг æмæ, гæнæн уæвгæйæ,кусæм æппæтдунеон организацитимæ, кæцытæ хайад исынц ацы проблема-тикæйы. Æппæтдунеон æмæхсæнады цæстыты раз мах хъуамæ нæ сæйраг геополитикон ныхмæлæууæг Гуырдзыстонæй домæм æппæт нормативон-барадон акттыл къухтæ æрфыссын, кæцытæ ифтонг кæндзысты регионалон æдасдзинад. Уый хъуамæ уа æппæт баныхæсты æнæфæивгæ уавæр», – банысан кодта Тадтаты Алан.

Спикеры хъуыдымæ гæсгæ дыккаг ахсджиаг пункт у дунеон барады нормæтæ.

«Уый иттæг ахсджиаг пункт у. Къуырццдзæвæны уæвгæйæ, дæ позици нæ бæлвырд кæнын у æмбылды фæуыны стратеги. Куыд саразын хъæуы афтæ, цæмæй мах фехъуса дуне? Ам за-къонуадзджыты роль иттæг ахсджиаг у. Дунеон барады æппæт нормæты дæр хъæуы интеграци кæнын национ закъондæттынадимæ. Уый у ног Парламенты куысты хицæн стыр здæхт. Æххæстæй æнæнымад паддзахадтæн сæ бон у иуварсон æгъдæуæй æрбаиу уой нысаниуæгджын дунеон бадзырдтæм. Ахæм прецеденттæ ис. Мах гæнæн ис æмæ банымайæм нæ территорийыл, зæгъæм, «Женевæйаг цыппар конвенцийы», кæцыты бæрæг кæнынц «хæсты бар». Уый у раст ахаст. Растдæр «дунеон барады нормæты» тырысайы бын нормативон-барадон актты национ базæ аразын Республикæ Хуссар Ирыстоны фадат ратдзæн, ацы нормæтæ чи ифтонг кæнынц, æппæт уыцы структурæтæм бакæнынæн», – загъта уый.

Æртыккаг ахсджиаг здæхтыл Тадтаты Алан банымадта позитивон дунеон æмархайды æппæт формæтæ активондæр кæнын, афтæ банысан кæнгæйæ, зæгъгæ, дунеон ахастыты контакттæ æрбæстон кæнын у нæ парламентариты æппæт æрсидтыты куысты ахсджиаг хай.

«Уыцы процессы Уæрæсейы Федерацийы ролæн, йе ‘ххуысæн зын саргъгæнæн у. Ам гæнæн ис æрмæстдæр цæст бауарза ацы здæхты архайд дывæр, æртывæр хъарутæй дарддæр кæнын. Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм æууæндынц, Уæрæсеимæ иумæ нæ бон кæй суыдзæн æппæт проблемæты дæр иуварс кæнын», – кæронбæттæны загъта РХИ-йы Парламенты спикер.

Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй II Дунеон форум «Парламен-таризмы рæзт» уагъд цыдис 1 июлæй 3 июлмæ Мæскуыйы, УФ-йы Паддзахадон Думæйы инициативæмæ гæсгæ. Ацы аз форумы хайад истой 132 бæстæйы минæвæрттæ.

Мадзæлтты хайад истой 800 бæрц фæсарæйнаг уазджытæ æмæ делегацитæ, 14 дунеон парламентон организацитæ, афтæ ма 41 спикеры, кæцытæ уыдысты национ парламенттæй.

Тымбыл фынджы куысты ма хайад райстой РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæдивæг, социалон политикæ æмæ æнæниз-зинад хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæрдар Плиты Александр æмæ закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынады фæдыл РХИ-йы Парламенты комитеты сæрдар Габатты Алан.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.