Уæрæсейы æвдисынц æппæрццагæй

Æдасдзинады фарстыты фæдыл Мюнхены конференцийы раныхас кодта УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров. «Мюнхены конференцийы доклады автортæ Уæрæсейы æвдисынц æппæрццаг хуызы», – загъта уый. Уæрæсейаг министр зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, Уæрæсе «куы слæмæгъ æмæ историон фæлварæнты рæстæджы куы уыд», уæд алырдыгæй хъуыстам «тыхджын Уæрæсейы» фæдыл цымыдисдзинады тыххæй. Фæлæ, зæгъ, ныр та иуæй-иу бæстæтæ æнæбындурæй алы хъуыддаджы дæр аххосджын кæнынц Уæрæсейы.

Фембæлд НАТО-йы генералон

               Секретаримæ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровæн Мюнхены уыд дыууæфарсон фемæблд НАТО-йы генералон секретарь Йенс Столтенбергимæ. Журналисттимæ брифинджы рæстæджы Столтенберг фехъусын кодта, зæгъгæ, Лавровимæ уынаффæ кодта алыгъуызон темæтыл, уыцы нымæцы Украинæйы фарсты фæдыл дæр. Уыимæ Столтенберг банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсеимæ НАТО-йы практикон æмгуыстад æру-ромыны тыххæй уынаффæ баззад йæ тыхы. Ацы уынаффæ ист æрцыд 2014 азы, Хъырым Уæрæсеимæ куы баиу, уый фæстæ.

Фæаххосджын кодта Украинæйы

Венгрийы хицауад ногæй скритикæ кодта ахуырады тыххæй Украинæ цы закъон райста, уый.  Венгрийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Киевы фæаххосджын кодта адæмы къаддæр хайы бартæ хъахъхъæныны тыххæй дунеон закъæттæ фехалыны. Министры ныхæстæм гæсгæ, Киев хъуамæ æрурома ахуыры тыххæй ацы хъаугъайон закъон æмæ Закарпатьейы венгриæгтимæ баныхæстæ ауадза. Ацы закъон ист æрцыд ивгъуыд аз сентябры мæйы, цыран дзырдæуы, зæгъгæ, 2018 азæй фæстæмæ нациты къаддæр хайы æвзæгтыл уроктæ амонын ивд цæуы 5-æм къласæй. Æмæ 2020 азæй фæстæмæ та скъолаты ахуыр кæндзысты æрмæстдæр украинаг æвзагыл.

Украинаг радикалты радон атакæ

Киевы Россотрудничествойы офисмæ иу къуырийы дæргъы украинаг радикалтæ бабырстой дыууæ хатты. Агентады сæргълæууæг Элеонора Митрофанова æрцæугæ цауы схуыдта провокаци æмæ банысан кодта, зæгъгæ, минæварад æхгæд не ‘рцæудзæн. Радикалтæ басыгътой уæрæсейаг тырыса æмæ къултыл ныффыстой æнæцензурон ныхæстæ. Бæстыхайæн бæрæгæй разианчындæуыд.

               Протесты нотæ

Уæрæсейы Федераци Украинæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ арвыста протесты нотæ Россотрудничествойы бæстыхай ныппырх кæныны фæстæ æмæ æрдомдта, цæмæй радикалтæ æфхæрд баййафой.

Ссардтой инæлары ном

Уæрæсейаг дипломаттæ Польшæйы ссардтой инæлар Черняховскийы ном. Дипломаттæ æрцыдысты горæт Пененжномæ, цыран æрæджыйы онг инæларæн уыд цырт. Уый фæмард Дыккаг дунеон хæсты рæстæджы. 2015 азы цырт демонтаж æрцыд, кæцы æнæразыдзинад расайдта Уæрæсейы. Уымæ нæ кæсгæйæ, уæрæсейаг дипломаттæ, афтæ ма польшæйаг ветерантæ æмæ æхсæнадон активисттæ æрвылаз дæр æрцæуынц уырдæм 18 февралы Черняховскийы амæлæн бон.  Мысæн акцийы хайадисджытæ веноктæ сæвæрдтой уыцы бынаты, цыран инæлар фæцис мæлæтдзаг цæф.

Тыхджын зæххæнкъуыст

Мексикæйы æрцыд тыхджын зæххæнкъуыст, кæцыйы фæстиуæгæн фæ-мард сты 18 адæймаджы, хъыгдард баййæфтой дæсгай адæймæгтæ.

Æрхауд вертолет

Мексикæйы æрхауд вертолет, кæцыйыл уыдысты бæрзонд бынæтты кусæг чиновниктæ. Уыдон атахт сарæзтой зæххæнкъуысты фæстиуджытæ феныны тыххæй. Вертолет æрхауд дыууæ трейлерыл, кæцытæ лæууыдысты быдыры. Вертолеты æрхауды фæстиуæгæн чиновниктæ ницы кодтой, фæлæ фæмард сты трейлеры цы адæм уыдысты уыдон. 12 адæймаджы фæмард сты бынаты, ноджы иу адæймаг та амард фæндагыл рынчындонмæ йæ куы фæцæйластой, уæд. Травмæтæ райстой 15 адæймаджы.

Æрхауд бæлæццæттæласæн хæдтæхæг

Ираны Исфаханы провиницийы æрхауд бæлцæттæласæн хæдтæхæг. Борт тахт Тегеранæй Ясуджмæ. Хæдтæхæджы уыд 66 адæймаджы, уыдон иууылдæр фæмард сты. УФ-йы Президент Владимир Путин мæсæллæйы ныхæстæ загъта Ираны Президент Хасан Руханийæн.

Акцитæ Порошенкойы ныхмæ

Украинæйы цалдæр горæты Михаил Саакашвилийы фарсхæцджытæ ауагътой акцитæ Петр Порошенкойы ныхмæ. Черновцыйы митинджы рæстæджы басыгътой Порошенкойы быдыргъ (чучело). Акцитæ уагъд æрцыдысты Киев, Харьков æмæ Хмельницкийы. Активитсттæ сидтысты, цæмæй Порошенко отставкæйы ацæуа.

Ныккодтой авиацæф

Израилы æфсæддон-уæлдæфон тыхтæ æхстой сектор Газайы хуссар хайы, кæцы ис палестинаг змæлд ХАМАС-ы контролы бын. Пилоттæ сатакæ кодтой æхсæз нысаны: Израилы территоримæ цæуæг æнæлегалон туннель, æфсæддон комплекстæ æмæ хæцæн-гарзуадзæн объекттæ. Уый размæ 17-æм февралы израилаг цыппар салдаты фæцæфтæ сты сектор Газайы арæны цур фугасы спырхы фæстиуæгæн.

Фæмард фондз адæймаджы

Дагъыстаны Хъызлары бынæттон 22 аздзыд цæрæг бацыд аргъуанмæ, цыран уыцы рæстæджы уыд бæрæгбонон службæ æмæ райдыдта æхсын, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты фондз адæймаджы æмæ цыппар та цæфтæ фесты.  Амæттæгтæ иууылдæр сты сылгоймæгтæ, уыдон цыдысты аргъуаны службæйæ.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.