Башар Асады кусæгон балц

Сирийы президент Башар Асад кусæгон визитимæ æрцыд Уæрæсемæ. Владимир Путинæн йемæ баныхæстæ уыд Сочийы. Путин арфæ ракодта Асадæн террористты ныхмæ хицауады æфсæдты æнтыстыты фæдыл. УФ-йы Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, бæстæйы стабилондзинад гæнæн ис æмæ суа хорз бындур оппозициимæ сабырадон диалог райдайынæн. Башар Асад раарфæ кодта Путинæн йе ‘ппæтварсон æххуысы тыххæй. Афтæ ма дыууæ лидеры æруынаффæ кодтой гуманитарон æххуыс арвитын æмæ экономикон æндидзынады куысты тыххæй.

Иу суткæмæ – 21 мин автомашинæйы

Хъырымы хид байгом кæныны фæстæ йыл иу суткæмæ ацыд 21 мин автомашинæйы. Уый у хидыл ахизыны историон рекорд. Иууыл стырдæр змæлд хидыл уыд райсомæй.

Ныхас кодтой телефоны

Уæрæсейы æмæ Туркы президенттæ Владимир Путин æмæ Реджеп Тайип Эрдоган телефоны ныхас кæнгæйæ æруынаффæ кодтой Æввахс Хурскæсæны регионы уавæр кæй фендыгъддæр, уый тыххæй. Уæлдай хъусдард здæхт æрцыд АИШ йæ минæварад Иерусалиммæ кæй рахаста, уый фæдыл Палестинæйы территорийыл дзыллон акцитæм. Сæ катайдзинад равдыстой акциты хайадисджытæй 62 адæймаджы кæй фæмард сты, уый тыххæй дæр. Дыууæ лидеры ма уынаффæ кодтой Сирийы уавæр æрбæстон кæныныл æмæ энергетикæйы фадыджы дыууæфарсон æмгуыстады фарстытыл.

Экстренон рабадт

Каиры уагъд æрцыд Арабаг паддзахадты лигæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты сæргълæуджыты экстренон рабадт. «АИШ йæ минæварад Иерусалиммæ кæй рахаста, уый у дунеон барадон нормæты ныхмæ», – фехъусын кодта йæ раныхасы Саудоваг Аравийы æддагон ведомствойы сæргълæууæг Адил аль-Джубейр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Арабаг бæстæты лигæ тæрхон кæны америкæйаг дипломатон миссийы архайдтытыл æмæ йæ нымайы куыд Палестинæйы адæмы бартæ фехалын, афтæ. Йæ рады Арабаг паддзахадты лигæйы генералон секретарь Ахмед Абдуль Гейт банысан кодта, зæгъгæ, Вашингтоны ацы къахдзæф разæнгард кæны Израилы хицауады тыхон архайдтытæм сабыр палестинæйæгтæм ахасты. Уый ма æрдомдта дунеон фæдагуырд ауадзын, сектор Газайы Израилы æфсæддонтæ цы тыхми сарæзтой, уый фæдыл, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты дæсгай адæймæгтæ.

Каталонийы хицауады ног сæргълæууæг

Депутат Жоаким  (Ким) Торра официалон æгъдауæй бахызт Каталонийы хицауады сæргълæууæджы бынатмæ. Церемонийы рæстæджы Торра ныфс бавæрдта, Каталонийы адæмыл æнувыд уæвынæй. Испаны хицауады уæнгтæ хайад нæ райстой цытджын мадзалы.

Къухтæ æрфыстой сразыдзинадыл

Астанайы экономикон форумы Иран æмæ Евразийаг экономикон цæдисы ‘хсæн арæзт æрцыд рæстæгмæйон сразыдзинад сæрибар базарады зонæ саразыны тыххæй. Евразийаг экономикон цæдисы коллегийы сæрдар Тигран Саркисяны  ныхæстæм гæсгæ рæстæгмæйон сразыдзинады хынцыд æрцыдысты «быцæутæ аскъуыддзаг кæныны эффективон механизм, уыцы нымæцы арбитраж дæр».

Рахиздзæн таможнæйон цæдисæй

Стырбританийы премьер-министр Тереза Мэй фехъусын кодта, зæгъгæ, бæстæ рахидзæн Евроцæдисы таможнæйон цæдисæй. «Британи рахиздзæн таможнæйон цæдисæй Евроцæдисæй рахизыны фæстæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах уынаффæ кæндзыстæм Евроцæдисимæ фидæны таможнæйон сразыдзинæдты тыххæй», – фехъусын кодта премьер-министр.

             Амардтой 300 талибы

Афганистаны провинцийы губернатор Фарах Басир Саланги фехъусын кодта, зæгъгæ, террористтæ æмæ хицауады æфсæдты æмæ барадхъахъхъæнæг органты ‘хсæн тохы къухты бафтыд «Талибан»-ы 300 боевикы амарын. Уыимæ тохы фæмард сты 15 æфсæддоны æмæ 10 полициаджы. Уый размæ талибтæ бафæлвæрдтой провинци бацахсынмæ, фæлæ уыдонæн сæ бон не ссис сæ фæнд сæххæст кæнын. Æдæп-пæтæй тохы хайад истой 2 мин боевикы.

Трампы ультиматум

АИШ Меркелмæ æртхъирæн кæнынц «Северный поток-2»-йы тыххæй базарадон хæст райдайынæй, кæд æмæ Берлин дарддæр дæр хæца ацы проекты æвварс, уæд. Германы канцлер Ангела Меркель бафæдзæхста Вашингтоны, зæгъгæ, Евроцæдис АИШ-имæ базардон бадзырдтæ араздзæн æрмæстдæр йæхи уавæртыл. Апрелы мæйы Вашингтоны Трамп æмæ Меркелы фембæлды рæстæ-джы америкæйаг президент канцлерæн загъта, зæгъгæ, «нæ» зæгъут «Северный поток-2»-йæн. Уый бæсты, зæгъ, АИШ Евроцæдисимæ райдайдзысты баныхæстæ ног базарадон сразыдзинады тыххæй.

Фæмард батальоны командир

17-æм майы хъæбатырæй фæмард Донецкы Адæмон Республикæйы бархионты батальоны легендарон командир Мамиты Олег. Трагикон хабар æрцыд æхсæвы Авдеевкæйы. «Абон нæ фарсмæ нал ис «Мамай». Уый фæмард куыд хъайтар, афтæ, йæ хæстон хæс æххæст кæнгæйæ», – банысан кодтой Донбассы бархионты цæдисы  пресс-службæйы. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Мамиты Олег Донбассы кæй хæцыд 2014 азы майы мæйæ. Уый Украинæйы скæсæнмæ æрцыд Ирыстонæй, цæмæй баххуыс кодтаид республикæйæн. Нырма уал хæстон уыд «Восток»-ы сконды, æмæ уый фæстæ та рахызт «Пятнашка»-йы батальонмæ, кæцы хъахъхъæны Донецкы тæссагдæр здæхтытæй сæ иуы. Службæйы рæстæджы Мамийы фырт кæд райста бæрзонд æфсæддон цинтæ, уæддæр уый æппынæдзух уыд фронты иууыл тæссагдæр фадгуыты.

Бартхъирæн кодта Цæгат Кореямæ

АИШ-ы президент Дональд Трамп бартхъирæн кодта Кореяйы Адæмон Демократон Республикæмæ ливиаг сценарийæ. «Цæгат Кореяйы лидер Ким Чен Ын хъуамæ равзара Хуссар Кореяйы рæзты фæндаг, цæмæй ма сфæлхатт кæна Ливийы экс-диктатор Муаммар Каддафийы хъысмæт. Мах скуынæг кодтам Ливийы. Мах никуы дзырдтам Каддафийæн, кæй йæ  бахъахъхъæндзыстæм, уый тыххæй.  Мах бацыдыстæм æмæ йæ скуынæг кодтам. Мах афтæ сарæзтам Иракы дæр», – бамбарын кодта Трамп.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.