ФЕМБÆЛД КРЕМЛЫ

Кремлы фембæлд уыд Уæрæсе æмæ Ливаны президенттæ Владимир Путин æмæ Мишель Аунæн, кæцы Уæрæсемæ æрцыд официалон визитимæ. «Æввахс Хурскæсæны æмæ Цæгат Африкæйы регионы Ливан у Уæрæсейы рагон партнер. Махæн ахастытæ ис уæ бæстæйы къухдариуæгад æмæ алыгъуызон политикон тыхты,  конфесситы минæвæрт-тимæ», – загъта Путин. Дыууæ бæстæйы сæргълæуджытæ райстой иумиаг хъусынгæнинаг Уæрæсе æмæ Ливаны ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмгуыстады рæзт дарддæр дæр рæзын кæныны тыххæй. Уымæй дарддæр ма президенттæ æруынаффæ кодтой Æввахс Хурскæ-сæны уавæрыл.

НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин телефоны ныхас кодта Белорусийы президент Александр Лукашенкоимæ. Уыдон æруынаф-фæ кодтой дыууæ бæстæйы ахастытыл æмæ Евразийаг экономикон цæдисы форматы интеграцион процесстыл.

ФЕМБÆЛД АИШ-Ы БИЗНЕСМЕНТИМÆ

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров фембæлд Уæрæсейы АИШ-ы базарадон палатæйы минæвæрттимæ. Лавров фехъусын кодта, зæгъгæ, Мæскуы æнхъæлмæ кæсы алыгъуызон экономикон форумты америкæйаг бизнесменты активон хайадистмæ, уыцы нымæцы Санкт-Петербурджы чи уыдзæн, уыцы экономикон форумы.

НÆ АРВИТДЗÆН ЙÆ ХЪУСДАРДЖЫТЫ

Уæрсæе Украинæмæ нæ арвитдзæн йæ хъусдарджыты ЕÆÆО-йы миссийы фæлгæтты. Уый размæ Украинæйы Централон æвзарæн къамис райста æнæлегитимон уынаффæ  не сразы Украинæйы президентон æвзæрстытæм хъусдарыны фæдыл УФ-йы 24 æмбæстаджы аккредитацийыл.

ФÆМАРД СТЫ СИРИЙЫ

УФ-йы хъахъхъæнынады министрад куыд  фехъусын кодта, уымæ гæсгæ æртæ уæрæсейаг æфсæддон службæгæнæджы фæмард сты сирийаг провинци Дейр эз-Зоры февралы кæрон террористтимæ тохы рæстæджы. Ве-домствойы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, гуманитарон æххуыс баласыны фæдыл сæ хæс сæххæст кæнын фæстæ боныгон машинæйыл фæстæмæ здæхгæйæ, уыдон бахаудтой боевикты æрхъулайы æмæ сын бацайдагъ тох.

ТРАМП АЛКÆЙЫ НЫХМÆ

Дунеон æмæхсæнад стæрхон кодта Голаны бæрзæндтыл Израилы суверенитеты банымайыны фæдыл Дональд Трампы уынаффæйæн. Йæ ныхмæ рацыдысты ИНО, Евроцæдис, Арабаг Паддзахадты Лигæ. Æгæрыстæмæй, америкæйаг дзыллон информацийы фæрæзтæ дæр ацы уынаффæ схуыдтой æнæсæрфат провокаци. Журналистты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм цау АИШ-ы интерестæй тынгдæр хъахъхъæныны Израилы интерестæ æмæ здæхт у Израилы премьер-министр Нетаньяхуйæн баххуыс кæнынмæ дыууæ къуырийы фæстæ йæ дыккаг æмгъуыдмæ сæвзарыны тыххæй. Трампы уынаффæйы ныхмæ рацыдысты, Канадæ, Стырбритани, Испан æмæ æндæртæ. ИНО-йы банысан кодтой, зæгъгæ, Голаны бæрзæндты статусы фæдыл организацийы позици нæ аивта. Урс хæдзары уынаффæ «Æввахс Хурскæсæны сабырадон процессыл, регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинадыл бандавдзæн негативонæй», – банысан кодта Саудоваг Арави. Туркы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мевлют Чавушоглу загъта: «Нырма Америкæ йæ минæварад ахаста Иерусалиммæ. Ныр та рахæцыд Голаны бæрзæндтыл Израилы суверенитет банымайыны æвварс. Мах æппæт дæр сараздзыстæм, цæмæй рацæ-уæм ацы уынаффæйы ныхмæ».

ÆРСИДТ ЙÆ ФАРСХÆЦДЖЫТÆМ

Венесуэлæйаг оппозицийы лидер Хуан Гуайдо, кæцы уый размæ йæхи рахуыдта бæстæйы рæстæгмæйон сæргълæууæг, æрсидт йæ фарсхæцджытæм, цæмæй сæхи бацæттæ кæной бæстæйы хицауад бацахсынмæ. Дзырд цæуы операци «Свобода»-йы архайдмæ æркæныны тыххæй.  Растдæр ацы операци хъуамæ сифтонг  кæна Каракасы архайæг режим раппарын. Оппозиционер банысан кодта, зæгъгæ, операци ауадзыны фæлгæтты æппæт республикæйы фæзындзысты «Сæрибардзинадæн æххуысгæнæг штабтæ», кæцытæ архайдзысты пропагандæ кæнынæй. Сæ нысан уыдзæн алы районы, паддзахадон органы æмæ уагдоны «узурпаци æруромын». Уыимæ, официалон хицауады бæрæггæ-нæнтæм гæсгæ, Гуайдо æрмæст сабырадон амæлттæй нæ архайы. Зæгъæм, уый размæ Венесуэлæйы президент Николас Мадуро радзырдта, зæгъгæ, бæстæйы спецслужбæтæ аиуварс кодтой йæ амарынмæ бафæлварыны операци.

ВИЗИТЫ НЫСАН

Венесуэлæйы бамбарын кодтой, зæгъгæ, дыууæ уæрæсейаг хæдтæхæджы Уæрæсейы Уæлдæфон тыхты æфсæддон службæгæнджытимæ Каракасы цур Симон Боливары номыл дунеон аэропортмæ æрцыдысты «дыууæварсон консультациты хайад райсыны тыххæй». Уæрæсейæн ис къорд контракты Венесуэлæимæ, кæцытæ сты сæххæст кæныны стадийы, уыцы нымæцы æфсæддон-техникон æмгуыстады фæдыл контракттæ дæр.

РАДОН БЛЭКАУТ

Венесуэлæйы президент Николас Мадуро фехъусын кодта бæстæйы уавæр сдестабилизаци кæнынмæ ноджы иубафæлвæрды тыххæй. «Райгуырæн бæстæйы знæгтæ дарддæр фæлварынц бæстæ сдестабилизаци кæнынмæ. Мæн уырны, ахæм акциты ныхмæ нæ адæм ноджы кæй æрбангомдæр уыдзысты, уый. Мах знæгтыл фæуæлахиз уыдзыстæм», – банысан кодта Мадуро. Республикæйы бастдзинад æмæ информацийы министр Хорхе Родригес фехъусын кодта бæстæйы территорийыл æххæстæй электроэнерги сæндидзын кæныны тыххæй. Фæлæ фæстæдæр банысан кодта бæстæйы электроифтонгады системæйыл ног атакæйы тыххæй. Уый ныммыхуыр кодта нывтæ «Гури» электростанцы аварийы бынатæй.

ÆРГОМ НЫХАС

Парижы уагъд æрцыдысты Евроцæдисы лидерты баныхæстæ Китайы сæрдар Си Цзиньпинимæ. Ацы «уникалон фемæлды» рæстæджы Ангела Меркель, Эммануэль Макрон æмæ Жан-Клод Юнкер Китайы лидерæн ирдæй бамбарын кодтой, зæгъгæ, Европæйы ничи ныппырх кæндзæн æмæ, зæгъ, Китайы ныхмæ рацæудзысты иугонд фронтæй. Йæ рады, Си Цзиньпин фехъусын кодта, зæгъгæ, дунеон ахастыты иууыл ахсджиагдæрыл нымайы æууæнкдзинад. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æнæмæнгхъæуæг у раст уæвын æмæ кæрæдзийæн кад кæнын. «Протекционизм æмæ иуварсон архайдтыты политикæ тынгæй тынгдæр кæнынц. Мах фæнды глобалон дунеон æмгуыстад кæнын», – загъта Си Цзиньпин.

Информацион  агентадты  хъусынгæнинæгтæм гæсгæ  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.