25 марты нæ горæты Æлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргæнæндоны Культурæйы кусæджы боны цытæн уагъд æрцыд бæрæгбонон концерт. Мадзалмæ фæуазæг сты нæ паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Ахуырады министрады æмæ культурæйы къабазы кусджытæ, ветерантæ, республикæйы æхсæнады минæвæрттæ.

Мадзал байгом кодта РХИ-йы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ. Уый, фыццаджыдæр, зæрдиаг арфæ ракодта культурæйы къабазы кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. «Абон, ацы рæсугъд уалдзыгон бон, мах нысан кæнæм Культурæйы кусæджы бæрæгбон, уый у сымах бæрæгбон æмæ уын зæрдиагæй арфæ кæнын. Дунейы ис ахæм професси, кæцыйы архайджыты хæс у райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын æмæ бæрæгбонтæ аразын дæр. Культурæйы фадыджы зынаргъ кусджытæ, бæрæгбонон атмосферæ аразгæйæ, сымах свæййут адæймагады удтæ хъахъхъæнджытæ. Амондджын ут, хъæлдзæг, æнæниз, уæ хæдзæрттæ фæрнæйдзаг уæт», – загъта Культурæйы министр.

Уый фæстæ ныхасы рацыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Уый стыр бузныг загъта культурæйы кусджытæн, сæ куысты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, сымах Хуссар Ирыстонæн уæззау рæстæджыты бахъахъхъæдтат бæстæйы  монон æргъадтæ, нæ культурæйы – уæд куыстой театр, библиотекæтæ, нывгæнджытæ. Уый та у адæймаджы тых æвдисæг. «Сымах цы куыст кæнут, уый адæймаджы дисы æппары æмæ йын хъæуы аргъ кæнын. Республикæйы иунæг мадзал дæр æнæ культурæйы министрады кусджыты хайадистæй нæ ацæуы. Сымах махæн лæвар кæнут циндзинад. Фæнды мæ, цæмæй уæ бинонтимæ алыхатт дæр уат хъæлдзæг, æнæниз, уымæн æмæ æрмæстдæр бинонты ‘хсæн райгуырынц æппæт хорздзинæдтæ, кæцыты уый фæстæ лæвар кæнут адæмæн», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Йæ ныхасы кæрон Бибылты Анатоли культурæйы къабазы кусджыты иу къорды схорзæхджын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй. Хуссар Ирыстоны культурæйы рæзтмæ стыр хайбавæрд бахæссын æмæ бирæ азты паддзахадæн йе стыр лæггæдты тыххæй Культурæйы министр Зассеты Жаннæ схорзæхджын æрцыд «Хæлардзинады орден»-æй, уый фæстæ йын раарфæ кодта йæ 65 азы юбилейы цытæн дæр.  «Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт архайæг»-ы кадджын ном лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы артист Чехойты Леонидæн, «Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист»-ы ном та райста Галаты Борисы номыл зард æмæ кафты паддзахадон ансамблы «Симд»-ы зарджыты къорды солист Æлборты Малхаз.

Бæрæгбонон мадзал сæ хъæлдзæг равдыстытæй адарддæр кодтой Хуссар Ирыстоны аивады дæснытæ. Сценæйæ хъуыстысты вокалистты солон музыкалон композицитæ. Æрæмбырдуæвджыты раз адæмон мотивтимæ ралæууыд адæмон инструментты оркестр. Концерты хайад райстой нæ республикæйы популярон артисттæ, сфæлдыстадон къордтæ. Культурæйы министрады номæй уазджытæн лæвæрд æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæ.

КОКАЙТЫ Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.