БАДЗЫРДЫ АРХАЙД УРÆД ÆРЦЫД

УФ-йы Президент Владимир Путин йæ къух æрфыста барамындыл астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны  Бадзырды архайд æруромыны тыххæй. Советон Социалистон Республикæты Цæдис æмæ Америкæйы Иугонд Штатты ‘хсæн астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй Бадзырды архайд урæд цæуы, цалынмæ АИШ бадзырдмæ ахасты цы хæстæ фехæлдта, уыдон нæ аиуварс кæной, уæдмæ.

ОФИЦИАЛОН ВИЗИТ

УФ-йы премьер-министр Дмитри Медведев дыууæбонон кусæгон визиты уыд Болгарийы. Уый фембæлд йæ болгайраг коллегæ Борисовимæ æмæ бæстæйы президент Р.Радевимæ. Уæрæсейаг-болгайраг баныхæстæ уагъд æрцыдысты рауæрæхгонд форматы. Медведев зæрдыл æрлæууын кодта магистралон газуадзæн «Южный поток» æмæ Белены атомон электростанцы арæзтады тыххæй, кæцытæ урæд æрцыдысты болгайраг фарсы инициативæмæ гæсгæ.

КОЛЛЕГÆТЫ ФЕМБÆЛД

Венæйы уагъд æрцыд Уæрæсе æмæ Иугонд Штатты генштабты къухдариуæггæнджытæ Валери Герасимов æмæ Джозеф Данфорды фембæлд. Уыдон æруынаффæ кодтой стратегион стабилондзинад æмæ регионалон æдасдзинады фарстытыл, уыцы нымæцы астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй Бадзырдыл дæр. «Хъыгагæн, ахæм æмвæзады контакттæ фæстаг рæстæджы сыстæм сты, кæцы дзуапп нæ дæтты Уæрæсе æмæ АИШ-ы æдасдзинады интерестæн. Ахæм фембæлдтытæ фидар кæнынц нæ бæстæты ‘хсæн æууæнкдзинад æмæ кæрæдзиæмбарынад», – загъта АИШ-ы УФ-йы минæвар Анатоли Антонов.

УЫНАФФÆ КОДТОЙ ÆВВАХС ХУРСКÆСÆНЫ АХСДЖИАГ ПРОБЛЕМÆТЫЛ

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров кусæгон балцы уыд Саудоваг Аравийы. Джиддайы уæрæсейаг министрæн баныхæстæ уыд король Салман бен Абдельазиз Аль Саудимæ, афтæ ма ацы бæстæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Адел аль-Джубейримæ. Уæрæсейаг министр æмæ саудоваг королы баныхæсты темæтæ уыдысты Сири, Ливан, Катары уавæр æмæ палестинæйаг-израилаг  конфликт.

ФЕМБÆЛД СИРИАГ ОППОЗИЦИЙЫ МИНÆВÆРТТИМÆ

Сергей Лавров Эр-Рияды фембæлд сириаг оппозицион комитеты делегациимæ, кæцыйæн йæ сæргъ лæууыд Наср аль-Харири. Сæйраг фарст ссис Сирийы фæдыл конституцион комитеты куыст райдайыны тыххæй фарст. Уæрæсе, Турк æмæ Иран фесты Сирийы конституцион комитет саразыны фæдыл куыст. Æдæппæтæй номхыгъд конд у æртæ хайæ – 50 адæймаджы оппозицийæ, 50 адæймаджы æмбæстагон æхсæнадæй æмæ 50 адæймаджы та – Сирийы хицауадæй.  Фæлæ ИНО- не сразы ацы номхыгъд райсыныл, зæгъгæ, дзы хъæуы баивын цалдæр номы.

 

АДАРДДÆР КОДТА САНКЦИТÆ

АИШ-ы президент Дональд Трампы уынаффæмæ гæсгæ, Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ адарддæр кодтой иу азы æмгъуыдмæ Украинæйы ныхмæ «Кремлы агрессийы» тыххæй. «Уæрæсейы архæйдтытæ æмæ политикæ, кæцытыл дзырд цыд 2014 азы Барак Обамайы барамындты Хъырымы аннексийы æмæ Донбассы агрессийы фæстæ, раздæрау тæссаг сты Иугонд Штатты æдасдзинад æмæ æддагон политикæйæн», – дзырдæуы тексты.

ÆРБАЗДÆХТ ВЕНЕСУЭЛÆМÆ

Венесуэлæйы оппозицион лидер æмæ «президент» Хуан Гуайдо æрбаздæхт Венесуэлæмæ. Уый æрбацыд Каракасы митингмæ æмæ æрсидт йæ фарсхæцджытæм 9 марты митингмæ рацæуыны тыххæй. Венесуэлæмæ Гуайдо æрбацыд Колумбийæ, йемæ уыдысты фæсарæйнаг паддзахадты минæвæрттæ.

БАВДЫСТОЙ ЗАКЪОНЫ ПРОЕКТ

Сенатортæ АИШ-ы Конгрессмæ бавдыстой закъоны проект Афганистаны хæст фæуыны тыххæй, кæцы  аххæссыд 20 азы дæргъы. «Арфæйаг службæйы фæстæ америкæйаг æфсæдты сæ хæдзæрттæм æрбаздæхыны тыххæй закъон» ист куы æрцæуа, уæд АИШ Афганистаны хъуамæ расида уæлахиз æмæ 45 боны æмгъуыдмæ бакуса æппæт америкæйаг æфсæддон службæгæнджыты иу азмæ ракæныны план.  Афтæ ма банысанчындæуыд, зæгъгæ, АИШ-ы хицауад хъуамæ бафида æхцайы пособи 2,5 мин доллары 3 милуан æфсæддон службæгæнæгæй фылдæрæн, кæцытæ хайад истой Афганистаны операциты.

 

ФÆКАРЗДÆР КÆНДЗЫСТЫ САНКЦИТÆ

Национ æдасдзинады фæдыл АИШ-ы президенты æххуысгæнæг Джон Болтон фехъусын кодта, зæгъгæ, Иугонд Штаттæ фæкарздæр кæндзысты санкцитæ Цæгат Кореяйы ныхмæ, кæд æмæ ацы бæстæ «нæ» зæгъа денуклеаризацийæн, уæд. «Кæд æмæ афтæ нæ саразой, уæд сæ ныхмæ баконд æрцæудзысты ахæм санкцитæ, кæцытæ сын тынг слæмæгъ кæндзысты сæ экономикæ», – фехъусын кодта Болтон. Вашингтоны, зæгъ, æнхъæлмæ кæсынц Пхеньянæй бирæ потенциалон уынаффæтæм.

 

УЫНАФФÆ КОДТОЙ НОГ САНКЦИТЫ ТЫХХÆЙ

АИШ-ы национ æдасдзинады совет æруынаффæ кодтой ног санкцитæ Венесуэлæйы закъонон президент Николас Мадуройы ныхмæ бакæныныл. «Мах дарддæр дæр архайдзыстæм йæ ныхмæ. Трамп загъта, зæгъгæ йæ фæнды, цæмæй сабырадон æгъдауæй хицауад лæвæрд æрцæуа Хуан Гуайдомæ», – загъта Болтон.

 

ФÆМАРД СТЫ 22 АДÆЙМАДЖЫ

Америкæйаг штат Алабамайы торнадойы фæстиуæгæн фæмард сты 22 адæймаджы, фæлæ сæ нымæц гæнæн ис фæфылдæр уа, уымæн æмæ тæссаг боныгъæд æмæ æхсæвы æрбалæудимæ урæд æрцыд ирвæзынгæнæн операци. Æнæ электрон рухсæй баззадысты 10 мин бынæттон цæрæджы.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.