СИДЗÆР  САБИТÆ – НÆ  АУДИНАГ

Хицауады рауæрæхгонд æмбырды карз ныхас цыд сидзæр сывæллæттæ иуæй-иу чиновникты аххосæй цы хъизæмæрттæ æвзарынц, уый тыххæй. Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æрдомдта аххосджынты бафхæрын, кæцытæ федералон программæ “Обеспечение жильем детей – сирот и детей, оставшихся без попечения родителей” куыд æмбæлы, афтæ не ʻххæст кæнынц. Уый нæ, фæлæ йæ аразынц сæхи пайдайæн, сидзæр сывæллæттæй йæ раскъуынгæйæ.

Сидзæртæн Сывæллæтты хæдзæртты цæрæн ис æрмæстдæр 18 азмæ, стæй сын паддзахад рахицæн кæны æхца иу уатон фатерæн ног арæзт хæдзæртты. Æлхæнгæ та сæ хъуамæ бакæной регионы æмбæлон органтæ. Фæлæ сидзæртæм ахæм хæдзæртты æрцæрыны амонд арæх не ʻрхауы. Æрмæстдæр йæхи мæт кæй ис, ахæм чиновниктæ фелхæдтой уыцы æхцайæ кæмдæр æппæрст кæлæддзаг хæдзæрттæ, кæцыты æнæ бындурон цалцæгæй цæрæн нæй. Уымæй дæр горæты нæ, фæлæ Михайловскы, Беслæны æмæ Мæздæджы. Иу ныхасæй, сидзæрмæ цы милуан сомы æмбæлы хæдзар балхæнынæн, уый рауайы уымæн йе ʻмбисы, кæнæ та къаддæры аргъ. Иннæ æхца та «сæрæнты» дзыпмæ цæуынц. Цы хъуамæ кæной æнæхицау сывæллæттæ, цæмæй хъуамæ сцалцæг кæной ахæм кæлæддзаг хæдзæрттæ, чи сын баххуыс кæндзæн?

Ахæм æнæраст хъуыддаг ма æрцыдис 2017 азы. Уæд аххосджынтæ æфхæрд баййæфтой, бирæтæ сæ куыстæй фæхаудтой, фæлæ та кæмæндæрты зонд – зонæн нæ фæцис.

Битарты Вячеслав бæлвырд радзырдта ацы æнæраст хъуыддæгты тыххæй, ранымадта кæд, кæм æмæ цавæр хæдзæрттæ балхæдтой сидзæртæн иуæй-иу æдзæсгом чиновниктæ: “Сидзæр сывæл-лоны фæллой чи давы, уыдон хъуамæ бадой ахæстоны. Æз æппæт дæр сараздзынæн, ацы программæйæ йæхи дзыпмæ чи пайда кæны, уыдоны бафхæрыны тыххæй. Сидзæртæ æххуысмæ никæмæ æнхъæлмæ кæсынц паддзахадæй дарддæр æмæ цы хъуамæ фæуой, цæмæй цæрой æмæ цалцæг кæной сæ хæдзæрттæ, нырма сын куыст дæр куынæ ис, уæд? Уыдонæй исты куыд хъуамæ ратонай æмæ йæ дæ хæдзармæ æрбахæссай? Уыдон цæрæнуæттæй сифтонг кæнын у нæ комкоммæ хæс æмæ сæ фæсайыны бар æз никæмæн ратдзынæн”, – дзырдта республикæйы Сæргълæууæг.

Битарты Вячеслав бафæдзæхста социалон æххуысы æмæ коммуналон хæдзарады ми-нистрадты разамонджыты, цæмæй бæрæг кæной, тæрхоны процесс куыд цæуы аххосджынты ныхмæ, уый æмæ йын æппæт дæр хъусын кæной.

 

ФИДÆНЫ  ЗОНАДОН КУЫСТÆН – БЫНДУР

Цæгат Ирыстоны паддзахадон институты бындурыл чи сырæзт, уыцы “Гимназ – Диалог”-ы хъæппæрисæй арæзт æрцыд конкурс – конференци “Ирыстон – мæ райгуырæн бæстæ”, зæгъгæ, ахæм номимæ. Йæ нысан у сывæллæтты фидæны зонадон – иртасæн проекттæ аразынмæ бацæттæ кæнын, се ʻргом сын ахуырмæ, патриотизммæ аздахын. Конференцимæ фæхуыдтой райдайæн кълæсты ахуырдзауты, студенттæ æмæ ахуыргæнджыты.

Организаторты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм  конкурсты руаджы, сывæллæттæ разæнгард кæндзысты зонадон – иртасæн куыст кæнынмæ. Уый фадат дæтты нæ культурæ, не ʻгъдæуттæ, истори, традицитæ бæрнондæрæй ахуыр кæнынмæ, фидæны та – зонадон куыстмæ.

Гимназы директор Икъоты Бэлæ куыд загъта, афтæмæй конкурсы сæйраг нысан фæуæлахиз уæвын нæу, фæлæ зонындзинæдтæ райсын, ахуырмæ тырнын, фидæны уæлдæр ахуырæн абон бындур сæвæрын.

Нӕ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.