14-æм февралы Спутникы пресс-центрмæ хуынд æрцыдысты Афганистаны хæстон  интернационалисттæ. афганистаны зæххыл цы зындзинæдтæ бавзæрстой æмæ цы уæззау фæндæгтыл рацыдысты, уый фæдыл сæ мысинæгтæ дзырдтой журналисттæн.

Гуыцмæзты Мурат  Афганистаны хæсты хайадисджыты цæдисы сæрдар

30 азы рацыд, Афганистаны территорийæ Советон Æфсады салдаттæ конд куы æрцыдысты, уыцы бонæй. Уыцы хæст стыр фæд ныууагъта махæй алкæй зæрдæйы дæр. Фæлæ рæстæг куыд цæуы, афтæ хъæдгæмттæ дæр æгас кæнынц. Æцæг ирон адæммæ нæхи зæххыл стырдæр фыдæбæдæттæ æнхъæлмæ каст.  Афганистаны ирон лæппутæй чи тох кодта, уыдон уыдысты 200 лæппуйы. Уыдонæй æхсæзæй сæ мæлæт ссардтой Афганистаны зæххыл. Сæ иу  Гæбæраты Константин та абон дæр нымад цæуы æбæрæгæй сæфтыл. Уырдыгæй сæрæгасæй чи æрыздæхт, уыдонæн сæ фылдæр уыдысты уæззау цæфтæ, æмæ абоны бон сты инвалидтæ.

Дард Афганистаны зæххмæ æз ахаудтæн хæстæн йæ райдианы, 1980 азы Туркменийы ме ‘мбæстагон хæс фидгæйæ. Ардбахæрд райсыны фæстæ нæ аластой аэродроммæ. Хæдтæхæгыл базыдтон Афганистаны Демокративон Республикæмæ кæй тæхæм. Уæд адæм уыйбæрц ницы æмбæрстой политикæйæн. Цæмæй уым цытæ цæуы уый бамбæрстаиккам, уый тыххæй хъуыд алцыдæр хи цæстæй фенын.

Афганистаны зæххыл æз службæ кодтон дыууæ азы. Бынæттон цæрджытæ нæм кастысты æнæууæнчы цæстæй. Уымæ гæсгæ мах дæр архайдтам, цæмæй сыл ма æмбæлдаиккам. Нæ командæгæнджытæ дæр нын афтæ амыдтой. Мæ ротæйы лæппутæй бирæтæ ссардтой ацы æцæгæлон бæстæйы сæ мæлæт.

Наниты Отар

Æз Афганистанмæ ныххаудтæн хæсты райдианæй цыппар азы фæстæдæр. Уыцы азты æз ахуыр кодтон Бакойы æфсæддон ахуыргæнæндоны. Уымæ гæсгæ, Муратæй уæлдай, зонгæ уыдтæн Афганистаны зæххыл цы политикон цаутæ цæуы, уыдонимæ. Зыдтам, уым кæй цæуы хæст. Советон Цæдисæн йæ къух фыст кæй у директивæйыл, кæцымæ гæсгæ афганистаны территоримæ хъуамæ конд æрцæуой Советон Цæдисы иуæй-иу контингенттæ, хæларадон адæмæн баххуыс кæныны нысанæн.

Иу æрдæгæхсæв мæм фæдзырдта мæ полчы командир æмæ мын загъта, цæттæ дæн æви нæ Афганистанмæ ацæуынмæ. Суткæ дæр нæма рацыд, афтæмæй нæ балæууын кодтой Афганистаны зæххыл. Уый уыд 1983 азы апрелы мæйы.

Фыццаджыдæр мæм сæвзæрд ахæм хъуыды  «дыууынæм æнусæй æхсæз æнус ахаудтæн фæстæмæ», зæгъгæ. Афгайнаг азфыссынадмæ гæсгæ уым цыд 1362 аз.

Мæн снысан кодтой взводы командирæй. Мæ разы мын сæвæрдтой ахæм хæс, цæмæй Кабулæй цы хъармгæнæн хæтæл цæуы, уый хъахъхъæнæм.

Хæстон цауты командирæн алы хатт дæр уæлдай зын вæййы, алы салдаты тыххæй дæр сæрмагондæй дзуапп кæй дæтты, уый тыххæй. Мæ фыццаг хæсыл æз æрвылхатт дæр нымадтон мæ салдатты бахъахъхъæнын мæлæтæй. Дыккаг рады та мын уыд, цы хæслæвæрд ныл ис, уый сæххæст кæнын. Афтæмæй мæхиуыл дæр 23 азы йедтæмæ нæ цыд.

Афганистаны хæсты тох кæнын тынг тæссаг уыд. Алкæцы уысм дæр æнхъæлмæ кæсыс мæлæтмæ. Дæ райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау амæлын æндæр у, бынтон æндæр цыдæр у æцæгæлон бæсты амæлын, нæ зоныс, цæй тыххæй.

Салдат дæ йæ риуæй куы æмбæрза, куы дыл ауда карз тохы рæстæджы, йæхи мæлæты дзыхмæ æппаргæйæ, уымæн цы аргъ ис, уый бамбардзæн æрмæстдæр йæхæдæг хæстон тохты хайад чи иста, ахæм адæймаг.

Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ Афганистаны хæсты хайад чи райста, уыдонæй алкæйы зæрдæты дæр стыр фæд ныууагъта ацы хæст. Афганистаны зæххыл цы трагикон цаутæ æрцыд, уыдон махæй никуы ферох уыдзысты. Фæлæ та уæддæр, æмæ уæддæр цæмæндæр адæймаджы фæнды уырдæм. Æз æнæмæнг ноджы иу хатт ацæуин уырдæм. Нæ ротæ кæм уыд, уыцы бынæттыл æрзилин ногæй. Уым æз абонау мæ зæрдыл дарын алы фæзилæн дæр. Мæ ротæйы иу ирон дæр нæ уыд, фæлæ цалынмæ уым службæ кодтон, уæдмæ арæх æмбæлдтæн æндæр ротæты службæнæг ирæттимæ.

Козаты Уырызмæг

Абон бирæтæ дзурынц, зæгъгæ, 1979 азы Советон Цæдис хæларадон бæстæмæ йæ Æфсады иуæй-иу контингентты кæй бакодта, уый уыд стыр рæдыд. Уыцы хъуыддаг арæзт æрцыд æрмæстдæр хæларадон афгайнаг адæмæн баххуысы нысанæн. Уырдæм ныццæугæйæ ма æфсæдтæ хъахъхъæдтой афгайнаг адæмы сæудæджерадон æмæ æндæр цардуагон объекттæ. Хæстон архайдтытæ уагътам оппозицийы къордты ныхмæ дæр. Мæнмæ афтæ кæсы æмæ Советон Цæдисы æфсæдтæ уырдыгæй ракæнын уыд рæдыд.

Чилæхсаты Аркъади

Мæн арæх фæфæрсынц мæ царды иууыл зæрдылдаринагдæр азты тыххæй. Æз æрвыл хатт дæр зæгъын æнæкъуылымпыйæ  Афганистаны цы азты службæ кодтон, уыдон. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты иннæ афгайнаг интернационалисттæ дæр.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.