СЕРГЕЙ ЛАВРОВЫ ТУРНЕ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров йæ турнейы фæлгæтты бабæрæг кодта Астæуккаг Азийы цалдæр бæстæйы. 4-æм февралы Лавров дыууæбонон кусæгон балцы уыд Хъыргъыстаны.

Уый фембæлд ацы бæстæйы президент Сооронбай Жээнбековимæ. «Мах аргъ кæнæм нæ стратегион æмæ æмцæдисадон ахастытæн, афтæ ма алыгъуызон  организациты фæлгæтты æмгуыстадæн», – загъта Лавров.

Уырдыгæй Лавров ацыд Таджикистанмæ, цыран ын фембæлдтытæ уыд бæстæйы къухдариуæгадимæ. Уыдон уынаффæ кодтой къорд ахсджиаг фарстытыл. Таджикистанæй та ацыд Туркменистанмæ.

 

СФИДАР КОДТА ПАДДЗАХАДОН ПРОГРАММÆ

УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведев сфидар кодта Хъырым æмæ Севастополы рæзты паддзахадон программæ. 2019-2022 азты йæ финанскæнынад уыдзæн 310 миллиард сомы. Уымæ бацыд, 2015 азæй реализаци чи цæуы, уыцы хицæн федералон нысанон программæ. «Хъæуы конкретон фæстиуджытæ къухты бафтын кæнын: дзырд цæуы инфраструктурæ, автомобилон фæндæгты саразыныл, регионы дон, электроэнергийæ сифтонг кæныныл, социалон инфраструктурæ саразыны тыххæй», – загъта Медведев.

 

РАДЗЫРДТА КОСМИКОН ФАДЫДЖЫ УАВÆРЫ ТЫХХÆЙ

УФ-йы Президент Владимир Путин фембæлд паддзахадон корпорацийы сæргълæууæг Дмитрий Рогозинимæ. Фембæлды рæстæджы организацийы сæргълæууæг радзырдта космикон фадыг фæхуыздæр кæныны фæдыл мадзæлтты тыххæй. Генералон директор куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ивгъуыд аз «Роскосмос»-ы æфтиæгтæ фæфылдæр сты 387 миллиард сомы онг, æмæ 2019 азы та план цæуы æфтиæгты 445 миллиард сомы онг  фæфылдæр кæнын.

 

ТЫХОН СТРУКТУРÆЙЫЛ СÆХХÆСТ ДÆС АЗЫ

4-æм февралы Коллективон æдасдзинады бадзырды организацийы бæстæты оперативон фердæхты коллективон тыхтыл сæххæст дæс азы. Ацы тыхон структурæйы руаджы Организацийы æхсæз бæстæйы – Уæрæсе, Белоруси, Казахстан, Сомихстон, Таджикистан æмæ Хъыргъыстаны иугонд командæкæнынады бын æрвылаз дæр бакусынц нырыккон бирæнымæц тæссагдзинæдтæй хи бахъахъхъæныны амæлттæ. Ацы гарзджын тыхты сконды иумиаг нымæц у 18 мин цæттæ хæстоны. Ис сæм бронетехникæ, артиллери æмæ, æгæрыстæмæй, тактикон комплекс «Искандер» дæр, кæцыйæн йæ бон у агрессоры ПРО æмæ ПВО системæты 500 километры дæрддзæгмæ скуынæг кæнын. Куы бахъæуа, уæд цалдæр сахатмæ хæстонтæ фестдзысты æндæр бæстæйы территорийыл тохы бацæуыны тыххæй.

 

РАТДЗЫСТЫ СЫН КРЕДИТ

Уæрæсе хорзыл банымадта Кубæйæн 38 милуан евройы паддзахадон кредит радтын уæрæсейаг æфсæддон техникæ самал кæныны тыххæй.

 

ГРЕЦИЙЫ БАФÆНДЫД ПРОЕКТЫ ХАЙАД РАЙСЫН

Грецийы   хицауад   хайад   райсдзæн   проект  «Турецкий  поток»-ы реализацийы. Ацы бæстæйы премьер-министр Алексис Ципрас фехъусын кодта, зæгъгæ йæ бæстæйы фæнды туркаг фарсимæ энергетикон æмгуыстад рауæ-рæхдæр кæнын. Ивгъуыд азы кæрон Мæскуымæ йæ балцы рæстæджы Владимир Путинимæ уынаффæ кодта газуадзæн «Турецкий поток» йæ бæстæйы территорийы онг ауадзыны тыххæй.

 

ТРАМПЫ ÆРВЫЛАЗОН НЫСТУАН

Трамп æрвылазон ныстуан сарæзта конгрессмæ. Уый йæ ныхас райдыдта ахæм хъусынгæнинагæй, зæгъгæ, республиконтæ æмæ демократтæ АИШ-ы конгрессы хъуамæ иумæ кусой америкæйæгты хæрзиуæгæн. Трамп конгрессменты зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, уыдонæн баззад 10 боны, цæмæй бадзурой Мексикæимæ бæстæйы арæныл къулы арæзтадæн фæрæзтæ рахицæн кæныны тыххæй. Уымæй дарддæр ма Трамп хъусдард аздæхта Уæрæсемæ æмæ комментаритæ сарæзта астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй Бадзырдæй рахизыны уынаффæйæн. Уымæн, зæгъ, йæ аххосаг ссис «Уæрæсе бирæ хæттыты бадзырды уагæвæрдтæ кæй фехæлдта, уый». Афтæ ма фехъусын кодта, зæгъгæ, гæнæн ис ног ахæм бадзырд саразын, фæлæ ныр Китайы хайадистæй.

 

БАКОДТОЙ САНКЦИТÆ

АИШ-ы сенат хорзыл банымадта Сири æмæ йе ‘мцæдисонты, уыцы нымæцы Уæрæсе æмæ Иранмæ ахасты санкцитæ бакæныны тыххæй закъоны проект. Ныр документ хъуамæ сфидар кæной Палатæйы минæвæрттæ, кæцыйыл контроль кæнынц демократтæ. Документмæ гæсгæ санкцитæ баконд æрцæудзысты Сирийы президент Башар Асады хицауадимæ æмгуыстады тыххæй.

 

ИТАЛИ НÆ БАНЫМАДТА ГУАЙДОЙЫ ВЕНЕСУЭЛÆЙЫ ПРЕЗИДЕНТÆЙ

Евроцæдисæн йæ бон не ссис Италийы аххосæй официалонæй Гуайдойы Венсуэлæйы президентæй банымайын. Римы нымайынц, зæгъгæ, иуæй-иу паддзахадтæ сæхи ма хъуамæ хæццæ кæной æндæр бæстæты мидæггагон политикон хъуыддæгты, афтæ ма банысан кодтой, зæгъгæ сæ нæ фæнды Латинаг Америкæйы бæстæйы политикон конфликты эскалаци æмæ дзы хæст райдайа, уый. «Итали нæ банымайдзæн Хуан Гуайдойы Венесуэлæйы президентæй, уымæн æмæ йæ адæм нæ сæвзæрстой», – дзырдæуы хъусынгæнина-джы.

ГУАЙДОЙЫ БАНЫМАДТОЙ

Гуайдойы ныридæгæн банымадтой Венесуэлæйы президентæй АИШ,  Канадæ æмæ Латинаг Америкæйы бæстæты фылдæр хай. Ноджы ма сæм бафтыдысты Стырбритани, Франц, Герман, Австрали, Нидерландтæ, Испан, Швеци, Дани, Финлянди, Латви, Литва æмæ Украинæ.

 

МАДУРОЙЫ ÆВВАРС РАХÆЦЫДЫСТЫ

Венесуэлæйы закъонон президент Николас Мадуройы æвварс рахæцыдысты Китай, Турк, Кубæ, Мексикæ, Иран, Боливи æмæ Белоруси. Уæрæсе бацамыдта, зæгъгæ, хæцы хæларадон Венесуэлæйы æвварс æмæ банысан кодта Латинаг Америкæйы республикæйы хъуыддæгты æртыккаг бæстæтæ сæхи куы фæхæццæ кæной, уæд уый  кæй æркæндзæн уæлвæткон негативон фæстиуджытæм.

 

РАСТЫЛ НÆ БАНЫМАДТА ЕВРОПÆЙАГ КЪОРД БÆСТÆТЫ УЫНАФФÆЙЫ

«Венесуэлæ у Европæйы къорд бæстæты райсгæ уынаф-фæйы ныхмæ, кæцы æххæстæй æмбæлон у америкæйаг администрацийы стратегийæн æмæ здæхт у бæстæйы закъонон президенты раппарынмæ. Венесуэлæ кардиналонæй æркæсдзæн ацы бæстæты дыууæфарсон ахастытæм», – дзырдæуы Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаджы. Ацы бæстæтæ Мадуройæ æрдомдтой, цæмæй ауадза æмгъуыдæй раздæр президентон æв-зæрстытæ. Мадуро уыдонмæ нæ байхъуыста, фæлæ уый бæсты фæндон бахаста æмгъуыдæй раздæр парламентон æвзæрстытæ ауадзыны тыххæй, кæцыйы спикер ныртæккæ у Гуайдо.

ФÆЦИС КУЫРДИÆТТÆ ИСЫНЫ РÆСТÆГ

Украинæйы фæцис президенты бынатмæ кандидаттæй куырдиæттæ исыны рæстæг. Ацы æвзарæн кампани рекордон у хайадисджыты нымæцмæ гæсгæ. Куырдиæттæ бадæттой 28 адæймаджы. Агентадтæй сæ иуы бæрæггæнæнтæм гæсгæ фыццаг бынатыл цæуы шоумен Владимир Зеленский, дыккагыл – Юлия Тимошенко. Украинæйы ныры президент Петр Порошенкойæн ис ныллæг рейтинг. Æвзарæн къамисы нырма хъуамæ æркæсой 33 куырдиатмæ. Президентон æзæрстыты хайадисджыты номхыгъд мыхуыр æрцæудзæн 9 февралмæ.

НÆ БАУАДЗДЗÆН УÆРÆСЕЙАГ ХЪУСДАРДЖЫТЫ

Украинæйы президент Петр Порошенко фехъусын кодта, зæгъгæ,  31-æм марты президентон æвзæрстытæм нæ бауадздзæн уæрæсейаг хъусдарджыты. Ахæм бардзырд Порошенко хъуамæ радта бæстæйы паддзахадон арæнгæрон службæйæн.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.