Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уырыссаг æмæ фæсарæйнаг кафед-рæйы байгом уыдзæн Сергей Есенины номыл литературон зонадон-ахуырадон центр, – фехъусын кодта кафедрæйы сæргълæууæг Пæррæстаты Мананæ информацион агентад «Рес»-æн.

«Ивгъуыд аз ноябры мæйы,  ректор Тедеты Вадимы фæхуындмæ гæсгæ нæ уæлдæр ахуырадон уагдонмæ æрцыд УФ-йы Æхсæнадон палатæйы уæнг, Уæрæсейы Есенины зонадон центры къухдариуæггæнæг Ольга Воронова.  Нæ университеты ректоримæ кусæгон фембæлды рæстæджы фехъусынчындæуыд нæ кафедрæйы цур ахæм центр бакæныны идеяйы тыххæй. Уыимæ Ольга Воронова баныфсæвæрдта Хуссар Ирыстоны Есенины центрæн алыварсон æххуыс бакæныны тыххæй», – загъта  Пæррæстаты Мананæ.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы Есенины зонадон центры къухдариуæггæнæг фæнд кæны кафедрæйы библиотекæйæ, алыгъуызон цæстуынгæ æрмæджытæй сифтонг кæнын.

«Йæ рады  мах  дæр  план кæнæм центры тымбыл фынгтæ, вебинартæ, сфæлдыстадон изæртæ уадзын. Уымæй дарддæр ма, 2020 азы Сергей Есенины райгуырдыл æххæст кæны 125 азы æмæ ацы бонмæ мах хъуамæ нæхи бындуронæй бацæттæ кæнæм», – загъта уый.

Кафедрæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, центр æххуыс кæндзæн æвзонг курдиатджын адæймæгтæн, ахæмтæ та цъус не сты университеты æмæ иумиагæй – республикæйы. «Мах æххуыс кæндзыстæм æвзонг фысджытæн, кæцытæ фыссынц уырыссаг æвзагыл. Абон бирæ ис сфæлдыстадон курдиатджын адæймæгтæ, фæлæ нырма сæ нæмттæ зындгонд не сты. Уымæ нæ кæсгæйæ, студентон фæсивæды ‘хсæн литературон цард фыцы. Йæхи ‘рдыгæй, Есенины центр баххуыс кæндзæн курдиæттæ рабæрæг кæ-нынæн», – банысан кодта Пæррæстаты Мананæ. Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, кафедрæйы бындурыл ныридæгæн уæвынад кæны Гæздæнты Гайтойы æхсæнад æмæ литературон уазæгдон, кæцыйы сырæзтыл ацы азы кæрон сæххæст уыдзæн 20 азы.

ИА «Рес»

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.