УФ-ЙЫ ПРЕЗИДЕНТЫ СТЫР ПРЕСС-КОНФЕРЕНЦИ

УФ-йы Президент Владимир Путин ауагъта æрвылазон стыр пресс-конференци, кæцыйы рæстæджы дзуаппытæ радта журналистты фарстытæн. Æдæппæтæй аккредитацигон æрцыдысты дзыллон информацийы 1702 минæвары. 3 сахат æмæ 43 минуты дæргъы уый сдзуапп кодта 53 журналистты фарстатæн.

 

ХОРЗЫЛ БАНЫМАДТА ДОКТРИНÆЙЫ ПРОЕКТ

УФ-йы Президент Владимир Путин хорзыл банымадта æмцæдисон паддзахадтæ Уæрæсе æмæ Белорусийы æфсæддон доктринæйы проект. Ацы документ,  президенты фæндонмæ гæсгæ, фидар æрцыд Цæдисон паддзахады Уæлдæр паддзахадон уынаффæйæ. Дзырд цæуы Æф-сæддон доктринæйы ног редакцийы тыххæй, кæцы хъуамæ æвдиса дунейы ныртæккæйы геополитикон уавæр æмæ Уæрæсе æмæ Белорусийы цæстæнгастæ Цæдисон паддзахады æфсæддон æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл.

 

КУЫНÆГ ÆРЦЫДЫСТЫ

Ставрополы УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы сæрмагонд дæлхæйттæ скуынæг кодтой «пысылмон паддзахад»-ы террористон къорды боевикты. Сæ бауромыны рæстæджы террористтæ ныхмæ фæлæууыдысты æмæ дзуаппон æхстытæй куынæг æрцыдысты. Æдасдзинады федералон службæйы кусджытæй хъыгдард   ничи баййæфта.

***

Мæскуы, Мæскуыйы областы, Мæхъæлы, Дагъыстаны æмæ Цæцæны баурæдтой «пысылмон паддзахады» æххуысгæнджыты. Фæдагурæн комитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2010 азæй фæстæмæ  хæрзаудæн  архайды хуызы радикалон пысылмæтты къордæн  сæ  къухты  бафтыд, фæсарæнтæм дзæвгар æхцайы фæрæзтæ ахынцын  террористты сфинанс кæныны тыххæй.

 

БАРТХЪИРÆН СÆМ КОДТА

Украинæмæ бартхъирæн кодтой Евроцæдисимæ сын сæ æнæвизæйон режим аивыны тыххæй, уымæн æмæ Еврокъамис Украинæйы рабæрæг кодта æнæвизæйон режимы тыххæй сразыдзинады бирæ бархалынадтæ. Организацийы æрвылазон хыгъды хъусын кæнынц авд домæны тыххæй, кæцыты хъуамæ сæххæст кæна бæстæйы къухдариуæгад, цæмæй Евроцæдисы бæстæтимæ æнæвизæйон режим бахъахъхъæд æрцæуа. Домæнты сæйрагдæрты ‘хсæн сты  коррупцийы ныхмæ тохы фадыджы хæстæ сæххæст кæнын. Хыгъды ма банысанчындæуыд, зæгъгæ, Украинæ ис уыцы паддзахадты нымæцы, кæцыты æмбæстæгтæ активон хайад исынц трансарæнгæрон организацигонд фыдракæндон къордты, архайынц контрабандæйæ, адæмы уæй кæнынæй, æнæлегалонæй мигрантты ласыныл, наркотиктæй базар кæныны, киберфыдракæнддзинады æмæ æндæр фыдракæндон операциты.

 

УКРАИНÆЙЫ – НОГ ОФИЦИАЛОН БÆРÆГБОН

Украинæйаг националистты лидер Степан Бандерайы гуырæн бон нымад æрцыд Украинæйы официалон бæрæгбоныл. Ацы уынаффæйы тыххæй схъæлæс кодтой 333 депутатæй 232 депутаты. Уæрæсе æмæ Польшæ критикæ кæнынц украинæйаг къухдариуæгады, Бандерайæ хъайтар кæй аразынц, уый тыххæй.

 

РАТДЗЫСТЫ СЫН КРЕДИТ

Дунеон валютон фонды директорты совет сфидар кодта сразыдзинад Украинæйæн 3,9 миллиард доллары 14 мæймæ кредит радтын бæстæйы экономикæйы программæйæн баххуыс кæныны нысанæн. Фыццаг транш 1,4 миллиард доллары лæвæрд æрцæудзæн æвæстиатæй. Иннæ хай та сын лæвæрд цæудзæн бæстæйы экономикæйы рæзты фæдыл алы æрдæг азы фæстиуджытæм гæсгæ.

 

ФЕХЪУСЫН КОДТА ЙЕ ‘ФСÆДТЫ РАКÆНЫНЫ ТЫХХÆЙ

Иугонд Штаттæ æрæвнæлдтой америкæйаг æфсæдты Сирийæ ракæнынмæ, – уый тыххæй фехъусын кодта Урс хæдзары пресс-секретарь Сара Сандерс. Уый банысан кодта, зæгъгæ, афтæмæй Вашингтон хизы «кампанийы иннæ этапмæ». Уыимæ банысан кодта, зæгъгæ, АИШ йе ‘мцæдисонтимæ цæттæ сты, куы бахъæуа, уæд фæстæмæ æрбаздæхынмæ æмæ «æппæт æмвæзадты æмархайд сног кæнынмæ» америкæйаг интерестæ бахъахъхъæныны тыххæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ америкæйаг æфсæдтæ Сирийæ ацæудзысты, «пысылмон паддзахады» ныхмæ операциты финалон стадитæ куы фæуой, уæд. Уый тыххæй сæ бахъæудзæн 60 бонæй 100 боны онг.

***

Афтæ ма Урс хæдзары сæргълæууæг Дональд Трамп фæнд кæны Афганистанæй фæстæмæ 7 мин америкæйаг салдаты ракæнын – дзырд цæуы Иугонд Штатты æфсæддон контингенты æмбисыл. Афганистаны АИШ 2001 азæй фæстæмæ уадзы йæ историйы иууыл дæргъвæтиндæр хæстон операци. Авд мин салдаты ракæныны тыххæй бахъæудзæн цалдæр мæйы. Абоны бонмæ Афганистаны ис 14 мин америкæйаг æфсæддоны.

 

 

АИШ-Ы ÆФСÆДТÆ РАКÆНЫНЫ ФÆДЫЛ КОММЕНТАРИТÆ

Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментаритæм гæсгæ, Сирийæ америкæйаг æфсæдты раконд фæахъаз уыдзæн ацы бæстæйы политикон бæстонкæнынадæн. Æдæппæтæй Сирийæ раконд æрцæудзысты АИШ-ы 2 мин æфсæддоны, кæцыйыл бахъæудзысты 100 боны. Ведомствойы официалон минæвар Мария Захарова фехъусын кодта, зæгъгæ, Астанайы бадзырдты фоныл америкæйгтæ бамбæрстой, «уыдон сæхи ныхмæ кæй хъазынц, уый».

 

ФОРУМ «АРМИЯ-2019»

УФ-йы хъахъхъынынады министрад йæхи цæттæ кæнын райдыдта дунеон æфсæддон-техникон форум «Армия-2019» ауадзынмæ. Мадзал уагъд æрцæудзæн Мæскуыйы цур Кубинкайы «Патриот»-ы паркы 2019 азы 25-30 июны. УФ-йы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу организацион комитеты рабадт гом кæнгæйæ, бамбарын кодта афтæ раджы цæмæн райдыдтой сæхи цæттæ кæнын, уый тыххæй «Ахæм егъау дунеон мадзал сорганизаци кæнын вазыгджын, бирæварсон æмæ сæфлдыстадон куыст у, кæцы домы бирæ ведомствоты æмæ организациты тыхархайдтытæ. Уымæ гæсгæ ныридæгæн райдыдтам нæхи цæттæ кæнын», –  загъта уый. «Армия-2019»-ы хайад райсдзысты 1500 хъахъ-хъæнынадон куыстуаты, кæцытæ равдисдзысты продукци æмæ технологиты 27 мин хуызæгæй фылдæр. Абоны бонмæ мадзалы хайад райсын кæй фæнды, уыдон сты Сомихстон, Белоруси, Казахстан, Китай, Пакистан, Турк æмæ фыццаг хатт Хуссар Африкæйы Республикæ. Æдæппæтæй дзы хайад райсын фæнды 130 фæсарæйнаг паддзахадты ведомствоты.

 

РАЙСТА МИГРАЦИЙЫ ТЫХХÆЙ ПАКТ

ИНО-йы Генералон ассамблея схъæлæс кодта миграцийы пакт райсыны тыххæй. Пакты хынцыд æрцыдысты миграцион процессты негативон фактортæ фæкъаддæр кæныны фæндæгтæ, афтæ ма мигрантты бахъахъхъæныны амæлт-тæ. Бирæ бæстæтæ, уыцы нымæцы АИШ, Австри, Венгри, Болгари, Итали, Швейцари, Чехи, Австри æмæ Израиль фехъусын кодтой, зæгъгæ, уыдон нырма нæ фæнд кæнынц пактыл къухтæ æрфыссын. Уымæ  нæкæсгæйæ, ИНО-йы генералон секретарь Антониу Гутерришы ныфс ис, зæгъгæ, инициативæйы критиктæ уæддæр  кæй саргъ кæндзысты пактæн.

РАВДЫСТА ЙÆ ПРОТЕСТ

Китай Иугонд Штаттæн загъта протест Китайы æм-бæстæгты  кибердзырдхæссыны кæй аххосджын кæнынц, уый фæдыл. 20-æм декабры АИШ фæаххосджын кодтой Китайы дыууæ æмбæстаджы Иугонд Штатты æмæ ноджы 11 бæстæйы ныхмæ хакерон атакæты  китайаг развæдсгæрсты интересты тыххæй. Китайы æддагполитикон ведомствойы куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ Китайы хицауад никуы æмæ ницахæм формæйы хайад иста æмæ нæ хæцыд коммерцион информаци æнæзакъонæй адавыны æвварс.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.