Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты банысан кодтой журнал «Русское слово в Южной Осетии»-йы фондз азы юбилей. Бæрæгбонон мадзалы хайад райстой нæ республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, афтæ ма уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциацийы минæвæрттæ, университеты ахуыргæнджытæ ректор Тедеты Вадимы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæвар Марат Кулахметов æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Журнал «Русское слово»-йы сырæзты историйыл, цавæр æнтыстытæ сын ис сæ куысты хъуыддаджы, уый тыххæй радзырд-та уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциацийы президент, ХИПУ-йы уырыссаг æвзаджы кафедрæйы гæс, профессор Тедеты Залинæ. Уый арфæ ракодта, журналы уадзыны хъуыддагмæ йæ хайбавæрд чи бахаста æмæ хæссы, æппæт уыдонæн. Уый куыд загъта, афтæмæй журнал «Русское слово» ахъаз у иумиаг филологон æмæ ахуырадон тыгъдад саразынæн. «Тынг æхсызгон мын у уый, æмæ журналы фæстаг номырты кæй рацæуынц æрмæджытæ мадæлон æвзагыл. «Русское слово»-йæн йæ фыццаг номыр рацыдис æмæ рухс федта 6-æм июны 2013-æм азы æмæ йæ сбастам славяйнаг фыссынады 1150 азы юбилеимæ. Журналы хæстæм хауы  уырыссаг æвзаг амоныны проблемæтæ сахуыр кæнын дæр», – загъта Тедеты чызг. Уый ма сæрмагондæй стыр бузныджы ныхæстæ загъта Президент Бибылты Анатолийæн, журнал æмæ педагогон æмæхсæнадмæ стыр хъусдард кæй здахы æмæ сын кæй æххуыс кæны, уый тыххæй.

Журналы сæйраг редактор, РХИ-йы сгуыхт журналист Хъодалаты Хансиат йæ раныхасы банысан кодта, журнал ныр фондз азы дæргъы цытимæ кæй æххæст кæны йæ хæс. «Журнал «Русское слово» у ахæм æнæмæнгхъæуæг мыхуыры орган, кæцы Хуссар Ирыстоны парахат кæны уырыссаг дзырд. Уый дзурæг у, Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æнгом бастдзинæдтæ кæй ис æмæ сæ хæларадон ахастытæ дарддæр дæр кæй фидар кæндзысты», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим дæр зæрдиаг арфæтæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта ахуыргæнджытæн, редколлегийæн уырыссаг æвзаджы рæзтмæ се стыр хайбавæрды тыххæй, афтæ ма сæ архайдæй кæй парахат кæнынц, рагæй фæстæмæ нын æввахс чи у, уыцы уырыссаг адæмы æвзаг, культурæ æмæ истори.

Журналы коллективæн сæ юбилейы цытæн зæрдиаг арфæтæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли дæр. Уый банысан кодта, журналы рацыдыл иузæрдион æмæ егъау куыст кæй бакæнынц æмæ уырыссаг æвзаджы райрæзтмæ стыр хайбавæрд кæй хæссынц. «Ахуыргæнджытæй бирæтимæ куы аныхас кодтон, уæд æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ, æмæ журнал канд информацион нæу, фæлæ ма у зонадон-ахуырадон, цыран нæ ахуыргæндтæ, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ мы-хуыр кæнынц се ‘рмæджытæ æмæ афтæмæй адæмы размæ хæссынц сæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад», – банысан кодта Президент.

Юбилейы цытæн Президент Бибылты Анатоли журналы цалдæр кусæджы схор-зæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæй.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.