КУСÆГОН БАЛЦ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров   кусæгон балцы уыд Белорусийы. Уый фембæлд ацы бæстæйы президент Александр Лукашенко æмæ йæ белорусаг коллегæимæ. Лавров ныфс бавæрдта Лукашенкойæн, зæгъгæ, дыууæ бæстæйы æддагполитикон ведомствотæ алыварсонæй дæр архайдзысты уæрæсейаг-белорусаг ахастыты проблемон фарстытæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй. «Мах бирæ фарстытæ аскъуыддзаг кодтам, фæлæ хицæн фарстыты фæдыл хъæуы нырма бакусын», – загъта Лавров.

СЕКРЕТАРТЫ ФЕМБÆЛД

Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты Æдасдзинады советы секретартæ Мæскуыйы æрвылазон фембæлды æруынаффæ кодтой терроризмы ныхмæ тохы æмæ фыдракæндон архайды руаджы æфтиæгтæ легализацийы тыххæй фарстатыл. Рабадт гом кæнгæйæ, УФ-йы Æдасдзинады советы секретарь Николай Патрушев зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, 2017 азы ахæм фембæлд ауадзыны фæстæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæтæ сорганизаци кодтой кæрæдзийæн аналитикон информаци дæттын террористон къордтæ «Пысылмон паддзахад», «Аль-Каида»-йы алыварс уавæры тыххæй. «РГ»-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, дзырд цæуы терроризмы ныхмæ архайды фæдыл бæрæггæнæнты дунеон бангы тыххæй, кæцы арæзт æрцыд Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы эгидæйы бын. Ныртæккæ бангмæ сиу сты 41 фæсарæйнаг спецслужбæйы Европæ, Ази æмæ Африкæйы 34 паддзахадæй, афтæ ма дунеон организациты 6 специализацигонд структурæйы. Сæрмагондæй дзырд цæуы ХПÆ, ИНО, Интерполы æмæ ШОС-ы антитеррористон центрты тыххæй. Уым ис информаци 104 террористон организацийы, 40 мин адæймаджы, фæсарæйнаг боевиктæ-террористты 14 мин анкетæйæ фылдæр.

ПАРЛАМЕНТТЫ ‘ХСÆН АХАСТЫТЫ РÆЗТЫ ТЫХХÆЙ

УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин æмæ Молдовайы президент Игорь Додон ралæууыдысты дыууæ бæстæйы ‘хсæн æхсæнпарламентон ахастыты рæзты тыххæй. Игорь Додон загъта, зæгъгæ, уый æнхъæлмæ кæсы Уæрæсейæ фылдæр хъусдарджытæм февралы мæйы Молдовайы президенты бынатмæ æвзæрстыты рæстæджы. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе алыхатт дæр уыд æмæ уыдзæн Молдовайы стратегион патнер. Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ рæстæгмæ кæнæ æдзухон бындурыл Уæрæсейы цæрынц Молдовайы 380 мин æмбæстаджы, æнæофициалонæй та сты 500 минæй фылдæр. Додон раныхас кодта Паддзахадон Думæйы пленарон рабадты. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, 2019 азы расидт æрцыд Уæрæсейы Молдовайы азæй æмæ 2020 азы та – Молдовайы Уæрæсейы азæй. Цæттæ цæуы уæрæх мадзæлтты план.

ТÆРСЫНЦ КУБÆЙЫ УÆРÆСЕЙЫ БАЗÆТÆ РАВÆРЫНÆЙ

Ныгуылæны тæрсынц Уæрæсе Кубæйы территорийыл йе ‘фсæддон базæтæ куы равæра, уымæй. Уæлдай тынгдæр сæ тыхсын кæны уый, æмæ Уæрæсе регионы йе ‘фсæддон æндæвдад куы рауæрæхдæр кæна, уымæн æмæ, номхуындæй, 1962 азы уым æрцыд Карибаг кризис. Катайы сæ баппæрста, кубæйаг лидер Мигель Диас-Канель Мæскуымæ кæй æрцыд æмæ йын Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ баныхæстæ кæй уыд, уый дæр.  Уый размæ АИШ фехъусын кодта, зæгъгæ, нырма кæройнаг уынаффæ нæ рахастой астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй бадзырдæй рахизыны фæдыл, афтæ ма банысан кодтой, зæгъгæ, дарддæр дæр консультацитæ уадзынц сæ партнертимæ бадзырды уавæры фæдыл. Октябры кæрон Путин баныфсæвæрдта, зæгъгæ, АИШ ба-дзырдæй куы рахиза, уæд ын Уæрæсе сдзуапп кæндзæн тагъдыл æмæ эффективонæй. 14-æм ноябры Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, зæгъгæ, Мæскуы æмæ Гавана фæнд кæнынц дыууæ бæстæйы хъахъхъæнынадон ведомствоты хаххы фæдыл æмгуыст кæныны тыххæй.

ÆРВЫЛАЗОН КОНФЕРЕНЦИ

Куала-Лумпурейы райдыдта клуб «Валдай»-ы  æр-вылазон азиаг конференци. Фембæлды темæ у æфсæддон-политикон æмæ экономикон фадгуыты æдасдзинад. Дунеон дискуссион клубы хайадисджыты раз раныхс кæндзысты 40 экспертæй фылдæр 12 бæстæйæ. Фембæлдæн ацы бынат æнæнхъæлæджы нæ равзæрстой: Малайзийы хонынц Хуссар-Скæсæн Азийы зæрдæ. «Валдай»-ы хайадисджытæ æруынаффæ кæндзысты æппæт дунейы уавæрыл регионы цæуæг цауты æндæвдады бæрц. Уыимæ эксперттæ нымайынц, зæгъгæ, номхуындæй, Азийы æввахс рæстæджы гæнæн ис сæмбæлой, кæрæдзийы ‘хсæн чи конкуренци кæнынц, уыцы бæстæтæ Китай æмæ АИШ-ы интерестæ.

НÆ СÆ БАУАГЪТОЙ ГУЫРДЗЫСТОНМÆ

«Ералаш»-ы аивадон къухдариуæггæнæг Борис Грачевский, режиссер Александр Шейн æмæ продюсер Владимир Пирожокы нæ бауагътой Гуырдзыстонмæ. Йæ аххосаг уыд, уый размæ уыдон Абхазы кæй уыдысты, уый. Æртæ уæрæсейаг кинематографисты план кодтой уæрæсейаг кинойы æртæбонон фестиваль «Свидание – Кинороман»-ы хайад райсын.

РАЙСТА ЗАКЪОН

Францы национ æмбырд райста закъоны проект мæнг ног хабæрттæ парахат кæныны ныхмæ архайды тыххæй. Ног закъонмæ гæсгæ, æмбæстагæн, кæцы претензи кæны æвзæрстыты рæстæджы алыгъуызон æмвæзады органты уæлахизмæ, йæ бон у бахата тæрхондонмæ, цæмæй уый мæнг информаци парахатгæнæджы дзурын мауал бауадза хъæлæс æппарыны рæстæгæй æртæ мæйы размæ. Уымæй дарддæр ма, социалон хызæг Facebook æмæ Twitter хæсджын уыдзысты, цæмæй бæлвырдæй нысан кæной информацийы тыххæй  коммерцион клиенттæй чи бафыста, уый ном. Æндæр ныхæстæй, дзыллон информацийы фæрæзтæ фыццаг рады фæсарæйнæгтæн сæхгæндзысты сæ дзых æвзæрстыты размæйы кампанийы рæстæджы.

УРÆД ÆРЦЫДЫСТЫ

Æрцахстæуыд УФ-йы Фæдагурæн комитеты дыууæ фæдагурæджы гæртам райсыны рæстæджы. Сергей Дубинский æмæ Андрей Триневы ныхмæ ист æрцыдысты мадзæлттæ сæ бауромыны тыххæй. Барадхъахъхъæнæг органты системæйы коррупцийы ныхмæ тох ахсы уæлдай бынат Уæрæсейы Фæдагурæн комитеты архайды.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.