САММИТ СИРИЙЫ ФАРСТЫ ФÆДЫЛ

Турчы уагъд æрцыд сирийаг бæстонкæнынады фæдыл Уæрæсе, Герман, Турк æмæ Францы сæргълæуджыты саммит. Терроризмы ныхмæ тох, Идлибы уавæры стабилизаци, саммиты дзырд цыд Сирийы суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинад бахъахъхъæныны тыххæй. Цыппар бæстæйы сæргълæуджытæ саммиты хатдзæгтæм гæсгæ райстой иумиаг хъусынгæнинаг. Владимир Путин, Ангела Меркель, Эммануэль Макрон æмæ Реджеп Тайип Эрдоганы ныхæстæ цыдысты цыппар сахаты дæргъы. Форумы фæлгæтты уагъд æрцыдысты дывæрсыг фембæлдтытæ. Стамбулы саммиты хайадисджытæ бамбæрстой кæрæдзи. Политологты хъуыдымæ гæсгæ, растдæр, ацы баныхæстæн у сæ бон бандавын æппæт Сирийы хъысмæтыл æмæ Башар Асад президентæй баззайдзæн æви нæ, уыцы фарст аскъуыддзг кæныныл. Владимир Путин банысан кодта, зæгъгæ, Сирийы тыхархайдтыты æмвæзад бæрæг фæныллæгдæр, фæлæ уæддæр уым цы радикалон элементтæ æрæмбырд сты, уыдоны аиуварс кæнын у ахсджиаг хæс.

ÆНТЫСТДЖЫН ФÆЛВАРÆН

Уæрæсейы æнтыстджынæй бафæлвæрдтой мегаваттон къласы ядерон электрозмæлынгæнæн ифтонгад, кæцы нымад цæуы системæйы сæйраг элементыл. Фæлварæнты фæстиуджытæ æххæстæй дзуапп дæттынц техникон хæслæвæрды домæнтæн. Куыстыты закъазгæнæг уыд корпораци «Роскосмос», æмæ æххæстгæнæг та – «Келдышы номыл иртасæн центр». Ядерон электрозмæлынгæнæн ифтонгадæй пайда цæудзæн космикон змæлынгæнæджы хуызы. Ахæм змæлынгæнджытæ фадат ратдзысты егъау дæрддзæгмæ дæргъвæтин атахтытæ æххæст кæнынæн æмæ космикон хæслæвæрдты уæрæх спектр скъуыддзаг кæнынæн, уыцы нымæцы Мæй æмæ æндæр планетæтæм экспедицитæ дæр.

ДОМЫ МАРДЖЫТЫ РАДТЫН

Стамбулы прокурор Саудоваг Аравимæ арвыста домæн  саудоваг журналист Джамаль Хашоггийы амарыны хайад чи иста, уыцы 18 адæймаджы Туркæн радтыны тыххæй. Туркаг лидер Эрдоган æрсидт, цæмæй адæмæн фехъусын кæной æппæт информаци Хашоггийы хъуыддаджы фæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, журналисты амарынæй зæрдæ кæмæ фехсайдта, уыцы 18 адæймаджы зонынц Хашоггийы амарæджы,  уымæн æмæ се ‘хсæн ис журналисты чи амардта, уый. Ацы хъуыддаг равзарыны тыххæй Туркмæ æрцыд Саудоваг Аравийы генералон прокурор шейх Сауд аль-Муаджиб.

УРÆД ÆРЦЫДЫСТЫ

Мæскуыйы УФ-йы Æдасдзинады федералон службæ æмæ Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады кусджыты иумиаг операцийы фæстиуæгæн  урæд æрцыдысты террористон организаци «ИГИЛ»-ы къорды æхсæз уæнджы. Уыдон фæнд кодтой Мæскуыйы резонансон теракттæ саразын куыд æхсæн хæцæнгарз, афтæ хиаразгæ рæмудзæн æрмæджытæй спайда кæнгæйæ. Террористтæм ссардæуыд автоматон æхсæн хæцæнгæрзтæ, террористон акттæ бацæттæ кæныны тыххæй хыгъдтимæ коммуникацийы фæрæзтæ, хиаразгæ рæмудзæн æрмæджытæ аразыны схемæ, афтæ ма æхцайы фæрæзтæ дæр. Террористон къордыл къухдариуæгад кодтой Сирийæ æмæ Астæуккаг Азийæ рацæугæтæ.

ЙÆ КЪУХ ÆРФЫСТА БАРАМЫНДЫЛ

УФ-йы Президент Владимир Путин йæ къух æрфыста  «Уæрæсейы Федерацийы адæмты мадæлон æвзæгтæ бахъахъхъæныны æмæ ахуыр кæныны Фонд саразыны тыххæй» Барамындыл. Фонды бындурæвæрджытæ уы-дзысты уæрæсейаг паддзахады рухсады министрад æмæ национ хъуыддæгты фæдыл Федералон агентад. Бын-дурæвæрджытæ æртæ мæйы æмгъуыдмæ хъуамæ сфидар кæной Фонды уагæвæрд. Фонд уыдзæн Мæскуыйы.

ОБЪЕКТИВОН ФАКТ

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров Иугонд Штаттæ астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты тыххæй Бадзырдæй рахизыны тыххæй уынаф-фæйы райст схуыдта объективон факт. «Дзурынц афтæ, æмæ ацы уынаффæ райсыны стыр нысаниуæг уыд национ æдасдзинады фæдыл АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг Джон Болтонæн, кæцы бауырнын кодта АИШ-ы президент Дональд Трампæн ацы бадзырдæй рахизыны ахсджиаг-дзинад. Хъуыды кæнын афтæ, æмæ ацы фарсты фæдыл  дискусситы æнæмæнгæйдæр хайад райстой АИШ-ы æмæ Пентагоны  паддзахадон депортаменты сæргълæуджытæ Майк Помпео æмæ Джеймс Мэттис. Уынаффæ ист æмæ æххæст кæй цæуы, уый у махæн объективон факт», – фехъусын кодта программæ «Мæскуы. Кремль. Путин»-æн йæ интервьюйы.

ФÆМАРД 11 АДÆЙМАДЖЫ

АИШ-ы антисемитизмы бындурыл арæзт æрцыд æгъатыр фыдракæнд. Питтсбургы синагогæйы марæджы амæттæгтæ систы 11 адæймаджы, æхсæз та цæфтæ фесты. Марæг ахст æрцыд. Æбæрæг фыдгæнæг батыдта синагогæмæ æмæ хъæр кодта «мæлæт дзуттæгтæн», зæгъгæ, æмæ æхсын райдыдта. Уымæ уыд автомат æмæ æртæ пистолеты. Марæг разынд Питтсбургы 46 аздзыд цæрæг Роберт Боуерс. «Ахæм фыдракæндтæ арæзт куы æрцæуынц иу кæнæ иннæ къорды ныхмæ, уæд мах хъуамæ ахъуыды кæнæм мæлæты тæрхон раздахыныл. Ахæм фыдракæндты тыххæй карзæй æфхæрын хъæуы», – фехъусын кодта Дональд Трамп. Дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй фыдгæнæгæн рахæсдзысты мæлæты тæрхон.

ПРЕЗИДЕНТОН ÆВЗÆРСТЫТÆ

Гуырдзыстоны уагъд æрцыдысты президентон æвзæрстытæ, цыран кандидаттæй фыццаг туры ничи райста æмбæлон хъæлæстæ. Президенты бынатыл тох кодтой  25 кандидаты. Дыккаг турмæ ахызтысты хæдбар кандидат Саломе Зурабишвили, кæцыйы æвварс рахæцыд парти «Гуырдзиаг бæллиц» æмæ Григол Вашадзе – раздæры къухдариуæггæнæг парти «Иугонд национ змæлд»-æй. Зурабишвили æрæмбырд кодта æвзарджыты хъæлæсты 38,6 проценты, ома, 50 процентæй къаддæр фыццаг туры фæуæлахизы тыххæй. Оппозицион кандидат Григол Вашадзе та æрæмбырд кодта 37,7 проценты.  Президентон æвзæрстыты дыккаг тур хъуамæ уагъд æрцæуа 2-æм декабрмæ.

ÆРХАУД ХÆДТÆХÆГ

29-æм октябры райсом раджы Ныгуылæн провинцийы районы Явайы сакъадахы цур бæлццæттæласæн хæдтæхæг æрхауд денджызмæ, кæцы тахт Джакартайæ горæт Панкалпинангмæ. Лайнер радарты экрантæй фесæфт куы стахт уымæй 13 минуты фæстæ. Æнамонд цауы рæстæджы уæлдæфон науы бортыл уыд 189 адæймаджы. Индонезийы хицауад уадзы агурæн æмæ ирвæзынгæнæн операцитæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.