НОГ  КЪАМИС  ЙÆ КУЫСТ РАЙДЫДТА

Æвæццæгæн, завод “Электроцинк”-ы алыварс хъаугъатæ рæхджы нæ бамынæг уыдзысты.  Адæмæн бирæ азты дæргъы сæ зæрдæты цы маст нымбырд, уый атыдта æмæ сæ гæрзтæ æрæвæрын сæ зæрды нал ис.  Фæлæ, рæстдзинад чи домы, йæ адæмы æнæниздзинадыл чи тыхсы, уыдонæн сæ размæ бирæ цæлхдуртæ ис. Æгуыстæй чи баззад, уыдон ныридæгæн республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы кусæн уаты раз бонасадæн кæнынц, домынц куыст, æххуыс, исты сæрфат…  Уæрæсейы Федерацийы хицауады сæрдары хæдивæг Дмитрий Козак дæр бафæдзæхста республикæйы разамындæн: ацы азы кæронмæ заводы алыварс санитарон – хъахъхъæнæн гæрæн сæвæрыны проект бацæттæ кæныны тыххæй.  Заводы разамынд уыцы гæрæн сæвæрынæй ныфс бавæрдта фондз азы размæ, фæлæ рохуаты баззад. Ныр æрлæууыд се ‘ппæты зæрдыл дæр.

Фæлæ, хъуыддаг йæ адæмы пайдайæн алыг кæнынмæ чи хъавы, уыдон фылдæр сты. Цæмæй сæ архайд ахадгæдæр уа, уый тыххæй арæзт æрцыд къамис, йæ сæргъы Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег, йе ‘ххуысгæнджытæ, Æрдзон гуырæнтæ æмæ экологийы министр Мамиаты Чермен, Уататы Зелим, Калоты Витали æмæ иннæтæ. Къамисы скондмæ бацыдысты парламент, хицауад, УГМК, Росприроднадзор, Ростехнадзоры минæвæрттæ, стæй ахуыргæндтæ, æхсæнадон архайджытæ, журналисттæ æмæ митингы активист-тæ.

Майрæмбоны изæрæй хицауады хæдзары къамис ауагъта йæ фыццаг æмбырд. Сæрдариуæг дзы кодта Мамиаты Чермен. Къамисы раныхасгæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, завод йæ куыст бынтондæр хъуамæ баурома. Уый тыххæй та æппæтдæр хъуамæ сараза къамис закфъоны фæлгæтты.

Къамис йæ фыццаг æмбырды цы уынаффæтæ рахаста, уыдонæн сæ сæйрагдæртæ сты: ацы лыгкæнинаг фарстамæ медицинæйы, юриспруденцийы æмæ экологийы специалистты æргом раздахын, æдзух уæлдæф æмæ зæххæй анализтæ исын æмæ сæ адæмæн хъусын кæнын.  Куы бахъæуа, уæд дунейыл зындгонд хæдбар экспертты æрхонын. Ахæм бæлвырдгæнæн-тимæ хъуыддаг хъуамæ алыг уа мах пайдайæн.

Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт уыдæттæн чысыл фæрæзтæ нæ хъæуы, кæцытæ не сты бынæттон бюджеты.  Уымæ гæсгæ, къамисы уæнгтæ рахастой уынаффæ сæрмагонд, æнæпаддзахадон фонд саразыны тыххæй. Фонд кусдзæн йæ адæмы фидæн уæлдайаг кæмæн нæу, уыцы амалхъомты фæрæзтæй. Уыдонæй фиддзысты уæлдæр амынд специалистты лæг-гæдтæ.

Къамисы уæнгтæ дих æрцыдысты цалдæр къордыл. Алкæй раз дæр дзы сæвæрдтой бæлвырд хæстæ, кæцытæ кусдзысты сæрмагонд офисы. Мамиаты Чермен куыд фехъусын кодта, афтæмæй офисы дуæрттæ алкæмæн дæр уыдзысты гом æмæ исдзысты, цы сæ хъæуа, уый тыххæй информаци. Министр ма куыд банысан кодта, афтæмæй хъуамæ исты бæлвырд уынаффæ рахæссой сæ иннæ радон æмбырдмæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.