ФЕМБÆЛД ТАДЖИКИСТАНЫ ПРЕЗИДЕНТИМÆ

УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведев Душанбейы фембæлд Таджикистаны сæргълæууæг Рахмонимæ. Уыдон æруынаффæ кодтой дыууæ бæстæйы æмахастытыл. Медведев банысан кодта, зæгъгæ, цыппар мæймæ хæларадон Таджикистанмæ æрцыд дыууæ хатты æмæ, зæгъ, уый у нæ хæлардзинады символ. Путин Таджикистанмæ ацыд ШОС-ы бæстæты хицауадты сæргълæуджыты рабадты хайад райсыны тыххæй. ШОС саразыны тыххæй деклараци ист æрцыд 2001 азы июны мæйы. Йæ уæнгтæ сты Казахстан, Хъыргъызтан, Китай, Уæрæсе, Таджикистан æмæ Узбекистан. 2017 азы ШОС-ы æххæстбарджын уæнгтæ систы Инди æмæ Пакистан. Æхсæнады куысты ма хайад исынц цыппар бæстæтæ-хъусдарджытæ – Афганистан, Белоруси, Иран æмæ Монголи æмæ диалогы фæдыл æхсæз партнеры – Азербайджан, Сомихстон, Камбоджа, Непал, Турк æмæ Шри-ланка.

АИВДЗЫСТЫ ВИЗÆТÆ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров Мæскуыйы фембæлд  йæ андоррайаг коллегæ Мари Убахимæ. Баныхæсты фæстиуджытæм  гæсгæ пресс-конференцийы Сергей Лавров фехъусын кодта, зæгъгæ, Мæскуы æмæ Андорра-ла-Велья ныртæккæ цæттæ кæнынц сразыдзинад визæтæ аивыны тыххæй. Уыимæ дипломат банысан кодта, зæгъгæ, кæд уæрæсейæгты Андоррамæ бацæуыны тыххæй визæтæ нæ хъæуы, уæд Уæрæсейы бабæрæг кæныны  тыххæй та андоррайæгты хъæуы визæтæ. «Абон мах бадзырдтам ацы æнæрастдзинад рараст кæныны тыххæй», – загъта Сергей Лавров.

РАКОДТОЙ УÆЗЗАУ ÆФСÆДДОН ТЕХНИКÆ

Кæронмæ фæцис сирийаг Идлибы фæдыл уæрæсейаг-туркаг сразыдзинады фыццаг этапы реализаци. Террористтæ æмæ сирийаг оппозици демилитаризацион зонæйæ ракодтой уæззау техникæ, кæцыйы саразыны тыххæй бадзырдтой Уæрæсейы æмæ Туркы президенттæ Владимир Путин æмæ Реджеп Тайип Эрдоган Сочийы сентябры æмбисы сæ фембæлды рæстæджы. Уæд къухтæ цы меморандумыл æрфыстой, уый фæахъаз Идлибы Дамаскы контролы бынмæ раздахыны тыххæй уæрæхмасштабон хæстон операци ма æруадзынæн. Иннæ къахдзæф та хъуамæ суа деми-литаризацион зонæйæ террористты ацыд. УФ-йы мид-хъуыддæгты министрады официалон минæвар Мария Захаровайы ныхæстæм гæсгæ, уæрæсейаг эксперттæ бæрæг кæнынц информаци æмæ абоны бонмæ демилитаризацион зонæйæ ацыдысты 1 мин боевикæй фылдæр, раконд æрцыд уæззау техникæйы 100 иуæджы бæрц, – загъта уый. Иннæ сæйраг этапы та 15 октябрмæ демилитаризацион зонæйæ хъуамæ ацæуой æппæт радикалон террористон къордтæ. Сразыдзинады ацы пункт сæххæст кæнын зындæр у Туркæн. Радикалон къордтæн Идлибæй никуыдæм ис ацæуæн. Уыдон сæ архайдтытæй, гæнæн ис, фадат радтой Дамаск æмæ Мæскуыйæн деэскалацийы зонæйы ныццæвынæн, Сочийы сразыдзинадмæ нæ кæсгæйæ.

НÆ ФÆХОНДЗÆН ХЪУСДАРДЖЫТЫ

Украинæ не сразы 2019 азы марты мæйы президентон æвзæрстыты рæстæджы Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæтæй хъусдарджыты фæхоныныл. «Мах райстам официалон хъусынгæнинаг Украинæйы æмбæлон структу-рæтæй, зæгъгæ, Украинæ «нæ» загъта президентон æвзæрс-тыты рæстæджы уæрæсейаг хъусдарджыты хайадистæн», – загъта Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады æххæстгæнæн комитеты сæргълæууæг Сергей Лебедев.

ФЕХСТОЙ ФÆДАГУРÆДЖЫ

Мæскуыйы областы фехстой мидхъуыддæгты министрады хистæр фæдагурæг Евгения Шишкинайы. Уый авд азы дæргъы архайдта экономикон æмæ коррупцион фыдракæндтæ раргом кæныныл. Сылгоймагмæ уыйразмæ дæр кæй æртхъирæн кодтой, уымæ гæсгæ йæ коллегæтæ нæ дызæрдыг кæнынц, йæ амарын баст кæй у йæ профессионалон архайдимæ, ууыл. Куыд дзурынц, уымæ гæсгæ Шишкина уыд принципиалон, раст адæймаг. 2018 азы зымæджы фæдагурæгæн басыгътой йæ машинæ. Уæд аххосджынты не ссардтой. Ныр хъуамæ бæрæг æрцæуа, ахæм цауы фæстæ уæлдай ахсджиагдæр хъуыддæгты фæдыл фæдагурæгæн паддзахадон хъахъхъæнынад кæй нæ радтой, уый.

АХАСТОЙ ХЛОРИМÆ БОЦКЪАТЫ

Сирийы боевиктæ «Урс каскæтæй», кæцытæ цæттæ кодтой провокацитæ, ахастой хлоримæ боцкъатæ. АИШ-ы сæргъ-лæудæй афтæхуыйнæг ныгуылæйнаг коалицийы æбæрнон архайдтытæ æркодтой уымæ, æмæ террористты къухтæм бахаудтой хъæстæгæнæн буарадтæ. Бандитон къорд сатакæ кодта боевикты штаб. Уыдон «Урс каскæтимæ» цæттæ кодтой провокацитæ химион атакæтимæ инсценировкæтæ, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты æхсæз адæймаджы, уыцы нымæцы «Урс каскæты» дыууæ кусæджы, æмæ хлоримæ дыууæ боцкъа та хæсгæ акодтой.

ЖУРНАЛИСТОН КУЫСТЫТЫ КОНКУРС

Æппæтуæрæсейаг адæмон фронт æмæ Уæрæсейы Журналистты цæдис регионалон журналисттæй райдыдтой конкурсон куыстытæ исын 5-æм æппæтуæрæсейаг конкурс «Правда и справедливость»-ы хайад райсыны тыххæй. Традицион æгъдауæй конкурсы сты ахæм жанртæ, куыд журналистон фæдагуырд, репортажтæ, социалон хызæгты посттæ æмæ æндæртæ. Куырдиæттæ ист цæудзысты 2018 азы 15-æм ноябрмæ.

НТВ-йыл СÆХХÆСТ 25 АЗЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин Кремлы  йæхимæ райста телекомпани НТВ-йы журналистты. Президент сын раарфæ кодта, телекомпанийыл 25 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд. Телеканал ссис иумиагнацион канал сфæлдыстадон коллективы курдиаты руаджы, – банысан кодта Путин. Телеканал НТВ фыццаг хатт эфиры рацыд 1993 азы 10-æм октябры.

АВТОАВАРИ

Чувашийы æрцыд авари, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 12 адæймаджы, дæс адæймаджы та райстой алыгъуызон травмæтæ. Кæрæдзийыл сæмбæлдысты уæзласæн машинæ æмæ бæлццæттæласæн «Фиат», кæцы цыд Канашæй Мæскуымæ.

 

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.