Куыстæй ифтонг æрцыдысты

Конкурс «Лидеры России»-йы 45 хайадисæджы ифтонг æрцыдысты куыстæй. Уыдон нысан æрцыдысты УФ-йы Президенты Администраци, æххæстгæнæг хицауиуæгады федералон æмæ регионалон органты, паддзахадон æмæ сæрмагонд корпорациты бæрзонд бынæттæм. Проекты пресс-службæйы куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ Антон Сериков нысан æрцыд УФ-йы Президенты Администрацийы мидæггагон политикæйы президенты управленийы организацион ифтонгады департаменты хистæрæй æмæ Лысов та –  мидæггагон политикæйы УФ-йы президенты управленийы сæйраг уынаффæгæнæгæй. Павел Сорокин ссис Энергетикæйы министр Александр Новакы хæдивæг æмæ афтæ дарддæр.

 

Бабæрæг кодта Дагъыстаны

УФ-йы Президент Владимир Путин кусæгон балцы уыд Дагъыстаны. Махачкалайы йыл сæмбæлд Дагъыстаны сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Владимир Васильев. Путин фембæлд æхсæнады минæвæрттимæ. Уый фæстæ  Путин ауагъта æмбырд Дагъыстаны социалон-экономикон рæзты фарстыты фæдыл.

 

Ноджы 145 адæймаджы

Скæсæйнаг Гутайæ гуманитарон къæлидорыл рахизын кодтой ноджы 145 адæймаджы æмæ 13 боевикы. Фæлæ гуманитарон паузæмæ нæ кæсгæйæ, боевиктæ уæддæр æхсынц гуманитарон къæлидорыл цæуæг сабыр цæрджыты. Уыимæ сирийæгтæ домынц Скæсæйнаг Гутайæ рацæуынæн уæлæмхас къæлидортæ бакæнын.

 

Ссардæуыд боевикты æрмадз

Скæсæйнаг Гутайы ссардæуыд химион хæцæнгарз уадзыны боевикты æрмадз. Цæрæн пункт Афтрисæй боевиктæ куы ацыдысты, уæд Сирийы хицауады æфсæдтæ уым ссардтой химион хæстон æрмæджыты кондады фæдыл æрмгусгæ æрмадз. Боевиктæ Скæсæйнаг Гутайы химион атакæйæ инсценировкæ кæй хъуамæ скодтаиккой æмæ химион хæцæн-гарзæй спайда кæныны бæстæйы хицауады тыхты фæаххосджын кæныны тыххæй фæдзæхста Сирийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад.

 

Амард Олег Табаков

Мæскуыйы 83-аздзыдæй йæ цардæй ахицæн Чеховы номыл МХТ-ы директор Олег Табаков. Йе ‘нæниздзинад цæхгæр февзæрдæр ивгъуыд азы ноябры мæйы. Уæд 82-аздзыд актер бахаудта рынчындоны реанимацион хайадмæ. Дохтырты архайдтытæм нæ кæсгæйæ, артисты уавæр уыд уæззау æмæ уæдæй фæстæмæ уыд рынчындоны. Олег Табаков архайдта 160 фильмы. Уыд Советон Цæдисы  æмæ Уæрæсейы Паддзахадон премиты лауреат, «За заслуги перед Отечеством»-ы ордены æххæст кавалер. 1988 азы йын лæвæрд æрцыд  Адæмон артисты кадджын ном.

 

Адарддæр кодтой санкцитæ

Евроцæдис Уæрæсейы ныхмæ адарддæр кодта экономикон санкцитæ ноджы æрдæг азмæ 150 уæрæсейаджы æмæ 38 уæрæсейаг компанийы ныхмæ. Уый тыххæй официалон хъусынгæнинаг апарахат кодта Евроцæдисы совет. Санкцитæ баконд æрцыдысты 2014 азы, Хъырым Уæрæсейы Федерацийы скондмæ кæй бацыд, уый тыххæй, афтæ ма Украинæйы цауты тыххæй дæр.

 

Æрхауд хæдтæхæг

Непалы Катмандуйы аэропорты æрхауд бæлцæттæласæн хæдтæхæг, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 49 адæймаджы, 27 адæймаджы та райстой травмæтæ.

 

Ныхас кодтой телефоны

УФ-йы Президент Владимир Путин телефоны Туркменистаны сæргълæууæг Гурбангулы Бердыммухамедовимæ ныхас кæнгæйæ, æруынаффæ кодтой дыууæфарсон ахастытыл. Кремлы пресс-службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, сæрмагондæй ныхас цыд, æрдæг азы размæ Туркменистанмæ Путины визиты рæстæджы цы бадзырдтæ сарæзтой, уыдоны среализаци кæныны тыххæй. Дыууæ лидеры банысан кодтой базарады, энергетикæйы, культурон æмæ гуманитарон фадгуыты куысты тыххæй.

***

Владимир Путин  телефоны ныхас кодта Арабаг Эмиратты гарзджын тыхты сæргълæууæг, Абу-Дабийы принцимæ. Владимир Путин æмæ Мухаммед Аль Нахайян банысан кодтой базарадон-экономикон æмæ инвестицион фадгуыты бастдзинæдты рæзты бæрзонд динамикæйы тыххæй. Æруынаффæ кодтой Персидаг регионы æмæ иумиагæй Æввахс Хурскæсæны æдасдзинад сифтонг кæныны фарстытыл.

 

Уæрæсе равдыста йæ протест

Уæрæсе протест сарæзта Стырбританийы адресыл Солсберийы развæдсгарæн управленийы раздæры булкъон Скрипалы фæхъæстæ кæныны хъуыддаджы фæдыл. Лондон æнæ тæрхон æмæ фæдагуырдæй дарддæр дæр аххосджын кæны Мæскуыйы. УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ Уæрæсемæ ахасты санкциты цахæмфæнды æртхъирæнтæ дæр æнæ дзуаппæй нæ баззайдзысты æмæ бритайнаг фарс уый хъуамæ бамбара. Ацы цауы фæдыл Лондон цæттæ у ахæм мадзæлттæ райсынмæ, куыд уæрæсейаг бæрзонд дипломатты рарвитын æмæ амалиуæггæнджытæй Кремлимæ бастдзинæдтæй зæрдæ кæмæ фехсайа, уыдонæн бритайнаг визæтæ аивын.

 

Ссæрибар æй кодта йæ бынатæй

АИШ-ы президент Дональд Трамп йæ бынатæй ссæрибар кодта АИШ-ы Паддзахадон департаменты сæргълæууæг Рекс Тиллерсоны. Йæ бынатмæ йын снысан кодта Майк Помпеойы, кæцы раздæр уыд централон развæдсгарæн управленийы сæргълæууæг. Трамп ма куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ фыццаг хатт ЦРУ-йы директор суыдзæн сылгоймаг. АИШ-ы президент райста уынаффæ ацы бынаты Джина Хаспелы снысан кæныны тыххæй.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.