РХИ-йы Хъæды хæдзарады управлени аивгъуыйгæ азы бæрæг куыст бакодта республикæйы хъæды фонд хъахъхъæнын æмæ æндидзын кæныны фæдыл. Контроль кодта хъæды хæдзарады архайдыл, хъæдæндидзынгæнæн æмæ хъæдцæттæгæнæн куыстытыл. Бæлвырддæрæй сын цы бантыст саразын, уый тыххæй хыгъд радта управленийы хистæр Чилæхсаты Таймураз.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй хъæды ресурстæй пайда цыдис нысанмæздæхтæй. Хъæдæрмæг цæттæ чындæуыд хъæдмæ зилыны нысанæн, афтæ ма сæрмагондæй рахицæнгонд бынæтты уагъд цыдысты санитарон-æнæнизгæнæн мадзæлттæ. Банысангонд рæстæджы хъæды продукци фæлхасгæнджытæн реализаци æрцыдис 7115,5 кубикон метры. Уый уыд 2017 азæй 291 кубикон метры фылдæр. Уыдонæй хъуыддагон хъæдæрмæг уыдис 1202,5 кубикон метры, иннæтæ та уыдысты сугæн. Хъæды хæдзарады кусджытæн сæ куыст фæрогдæр кодта, цы спецтехникæ райстой, уыдон  сæрмагонд трактор, манипулятор æмæ трактор-бульдозер. Уыдоны руаджы зынгæ фæбæрзонддæр куысты ахадындзинад.

Тох цыдис, хъæд æнæзакъонæй чи цæгъды, уыдоны ныхмæ. Арæзт æрцыдысты 14 акты, 887958 сомы аргъ. Уыдонæй 50100 сомы бархийæ бахастæуыд республикæйы бюджетмæ. Хицæн адæймæгты хъуыддæгтæ та лæвæрд æрцыдысты барадхъахъхъæнæг органтæм.

Чилæхсайы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй сæрмагонд хъусдард здæхт цыдис хъæды ресурстæ æндидзын кæнынмæ. Ленингоры районы ныссагъдæуыд нæзыйы 2500 талайы, бæрзы 950 талайы, сусхъæды 400 талайы, æнгузы 100 æмæ салæбуты 50 талайы.

Ирыхъæуы (Ереды) талахъомылгæнæндоны та тыд æрцыд 30 килограммы хъæддаг сабæлуты тауинаг. Назбæласы 2500 талайы ныссагъдæуыд Цхинвалы районы. Бæрæг куыстытæ бачындæуыд 40 гектары фæзуатыл хъæдты æрдзон æгъдауæй сæндидзын кæныны фæдыл.

Хъæд цæттæ кæнынæй республикæйы бюджетмæ æфтиæгтæ бацыд 1 562 965 сомы, хæсгонд та сын уыдис 800 000 сомы, хъæд хивастæй цæгъдыны ивартæ та уыдысты, куыд ма загътам, афтæмæй 50100 сомы.

Хыгъдон азы бæрæг куыст бакодта паддзахадон унитарон куыстуат «Югослеспромхоз» районты йæ филиалтимæ. Уый цæттæ кодта сугтæ республикæйы цæрджытæ æмæ организацитæн, цæттæ кодта хъуыддагон хъæдæрмæг дæр. Афæдзы дæргъы ацы куыстуат æрцæттæ кодта 2044 кубикон метры хъæды продукци. Уыдонæй хихджын бæлæсты хъуыддагон хъæдæрмæг уыдис 244 кубикон метры,сугæн – 1800 кубикон метры, фаст æрмæджытæ та 145 кубикон метры. Сырх Дзуары Дунеон Комитетæн та ауагъдæуыд 460 кубикон метры сугæн.

Республикæйы æппæт бюджетон организацитæ дæр хъармгæнæн сезонмæ рæстæгыл ифтонг æрцыдысты сугæй.

Уымæй дарддæр ма ногазмæ цæрджытæн æрцæттæ æмæ ауæй æрцыд ногазон назбæлæстæ. Хыгъдон рæстæджы «Югослеспромхоз»-ы лагъзмæ бацыд 6 201 200 сомы. Бюджетмæ хъалонтæ бафыстæуыд 847 265 сомы. Пенсион фондмæ та ахынцыдæуыд 387 758 сомы.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.