ФЕМБÆЛД УÆЛДÆР ÆМВÆЗАДЫЛ

УФ-йы Президент Владимир Путин Кремлы фембæлд Туркы президент Реджеп Тайип Эрдоганимæ, кæцы Уæрæсемæ æрцыд кусæгон визитимæ. Æххæстформатон баныхæсты рæстæджы дыууæ лидеры æруынаффæ кодтой газуадзæн «Турецкий поток», ракетæты ныхмæ уæрæсейаг системæтæ С-400-йы контракт, Сирийы уавæр, гидроэлектростанц «Аккую»-йы арæзтад, æфсæддон-техникон æмгуыстадыл æмæ æндæр ахсджиаг фарстытыл.

ДУНЕОН АРКТИКОН ФОРУМ

Санкт-Петербурджы уагъд æрцыд ду-неон арктикон форум «Арктика – территория диалога», цыран хайад райстой 3 мин уазæгæй фылдæр. Форумы хайадисджыты ‘хсæн уыдысты уæрæсейаг 300 æмæ 50 фæсарæйнаг компанийы минæвæрттæ. Уыимæ форумы уыдысты æрмæст цæгаттаг бæстæты делегацитæ нæ, фæлæ Китай, Япон, Франц, Итали, Инди, Норвеги, Исланди, Финлянди æмæ æндæр бæстæты делегацитæ дæр. Форумы пленарон рабадт «Арктика – океан возможностей»-йы хайад райста УФ-йы Президент Владимир Путин, цыран сарæзта къорд хъусынгæнинаджы. Фембæлдтытæ йын уыд Финляндийы президент, Норвегийы премьер-министр æмæ æндæртимæ.

РАЗДАХДЗЫСТЫ ЙЫН ЙÆ ХЪÆЛÆСЫ БАР?

Европæйы советы генералон секретарь Турбьерн Ягланды фæнды, цæмæй Евро-пæйы Советы æндидзыд æрцæуа Уæрæсейы хъæлæсы бар. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый у æнæмæнгхъæуæг къахдзæф, кæцыйы хъæуы саразын, Украинæйы дæргъвæтин конфликтмæ нæ кæсгæйæ, цæмæй организацийы Уæрæсейы уæнгад урæд ма æрцæуа кæнæ дзы æххæстæй ма рахиза, уый тыххæй. Апрелы мæйы æххæст кæны дыууæ азы, Уæрæсе Европæйы советмæ фиддонтæ куынæуал фиды, уыцы бонæй, 2014 æмæ 2015 азты йын Парламентон Ассамблеяйы йæ хъæлæсы бар куы æрурæдтой, уый ныхмæ протесты нысанæн.

САУ ДЕНДЖЫЗЫ НАТО-ЙЫ АХУЫРТÆ

Сау денджызы райдыдтой НАТО-йы æфсæддон ахуыртæ, цыран хайад исынц Иугонд Штатты, Греци, Нидерландты, Болгари, Румын æмæ Туркы наутæ æмæ авиаци, кæцытæ æмархайд кæнынц Гуырдзыстон æмæ Украинæйы гарзджын тыхты минæ-вæрттимæ. Гæнæнуæвæг æнæштатон уавæрты фæдыл оперативонæй архайыны тыххæй Сауденджызон флоты фæрæзтæй æххæст цæуынц мадзæлттæ цæгат-атлантикон альянсы архайдтытыл контроль кæныны тыххæй.

АДАВДÆУЫД 1,6 МИЛЛИАРД СОМЫ

 УФ-йы генералон прокурор Юрий Чайка бæстæйы закъондзинад æмæ барадон фæткы уавæры тыххæй йæ доклады банысан кодта, зæгъгæ, кондадон куыстуæттæ «Роскосмос» æмæ «Ростех»-æй адавдæуыд 1,6 миллиард сомæй фылдæр. Уыцы æхцатæ нысан уыдысты хæцæнгæрзты нырыккон перспективон бакуыстытæ саразыны æмæ кондадон базæйы модернизацийы тыххæй. Баконд æрцыдысты уголовон хъуыддæгтæ.

Уый ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2018 азы Уæрæсейы коррупцион фыдра-кæндтæй материалон зиан фæфылдæр 39,6 миллиард сомæй 65,7 миллиард сомы онг. 2018 азы прокурортæн сæ къухты бафтыд, цы æхцатæ адавдæуыд, уыдонæй барвæндæй 46,5 миллиард сомы фæстæмæ æрбаздахын, кæцы 2017 азимæ абаргæйæ у 20 миллиард сомы фылдæр.

15 АЗЫ АХÆСТОНЫ ФÆБАДЫНЫ ТÆРХОН

Владивостокы раздæры мэр Игорь Пушкаревæн рахастæуыд 15 азы ахæстоны фæбадыны æмæ 500 милуан сомы ивар бафидыны тæрхон коррупцион фыдракæндты æмæ йе ‘ххæстбартæ фæбæрзонддæр кæныны тыххæй.

ПАРЛАМЕНТОН ÆВЗÆРСТЫТÆ

Израилы æмгъуыдæй раздæр уагъд æрцыдысты парламентон æвзæрстытæ. Æвзарджыты хъæлæсты 97 проценты банымайыны фæстæ разæй ис бæстæйы премьер-министр Биньямин Нетаньяхуйы парти «Ликуд». Афтæмæй Биньямин Нетаньяху фæндзæм хатт суыдзæн Израилы премьер-министр. Йе ‘ххæстбарты æмгъуыд у цыппар азы.

ХАФТАР БЫРСЫ ТРИПОЛМÆ

Ливийы Хафтары æфсæдтæ æртæ-рдыгæй бырсынц Триполмæ. Столицæ бахъахъхъæнынмæ рацыдысты рæстæгмæ-йон хицауады æфсæдтæ. Уыимæ хицауадон тыхты иу хай рахызт Хафтары фарсырдæм. Иугонд Штаттæ æрсидтысты Хафтармæ, цæмæй æрурома размæбырст. Йæ рады, Мæскуы æрсидт Европæ æмæ Иугонд Штаттæм, цæмæй сæхи ма хæццæ кæной æндæр бæстæйы хъуыддæгты. Уадз, æмæ, зæгъ, ливиæгтæ сæхæдæг равзарæт сæ хъуыддаг. ИНО-йы Генералон секретарь Антонио Гутерришимæ ныхас кæнгæйæ, Хафтар загъта, зæгъгæ, хæстон операци не ‘руромдзæн, цалынмæ йе ‘фсæдтæ терроризмыл нæ фæуæлахиз уой, уæдмæ

НЫСАН ÆРЦЫДЫСТЫ ПРЕЗИДЕНТОН ÆВЗÆРСТЫТÆ

Казахстаны сæргълæууæг Касым-Жомарт Токаев адæммæ йæ фыццаг сидты фехъусын кодта, зæгъгæ, бæстæйы æмгъуыдæй раздæр президентон æвзæрстытæ уагъд æрцæудзысты 2019 азы 9-æм июны.

БАНЫМАДТА ЙÆ ТЕРРОРИСТОН ОРГАНИЗАЦИЙЫЛ

Ираны национ æдасдзинады уæлдæр  совет АИШ-ы гарзджын тыхты бахаста террористон организациты номхыгъдмæ. Ацы уынаффæ ист æрцыд АИШ-ы президент Дональд Трампы архайдтытæн дзуаппæн, кæцы уый размæ фехъусын кодта террористон организациты номхыгъдмæ «Корпус стражей исламской революции»-йы ирайнаг корпусы бахæссыны тыххæй. АИШ сног кодтой Ираны ныхмæ санкцитæ æмæ фæтыхджындæр кодтой ацы бæстæйыл æндæвдад ирайнаг ядерон бадзырдæй рахизыны фæстæ. Ирайнаг æфсæддон-политикон къорд «Корпус стражей исламской революции» конд у сæйраг командæкæнынад, иугонд штаб, сурзæххон, аэро-космикон æмæ æфсæддон-денджызон тыхтæй.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.