Хуссар Ирыстоны хъæды хæдзарады управленийы кусджытæ ныссадздзысты нæзыбæласы 1000 талайы бæрц Цхинвалы районы Сатихъар-Громы фæндаджы былгæрæтты – фехъусын кодта ИА «Рес»-æн управленийы хистæры хæдивæг Къæбулты Инал.

«Нæ управленийы кусджытæ Ленингоры районы ныссагътой нæзыбæласы 600 талайы, ноджы ма сæм ацы бонты бафтыдтам бæрзбæласы 200 талайы. Уымæй уæлдай ма мах æрæвнæлдтам Сатихъар-Громы фæндаджы былгæрæтты нæзыбæласы 1000 талайы бæрц садзæн куыстытæ. Хъæды массивты фæзуат фæфылдæр кæныны хъуыддаг ууыл нæ фæуыдзæн, гæнæн уæвгæйæ мах уыцы фæзуатты фылдæр кæндзыстæм», – загъта Къæбулы фырт.

Йæ ныхæстмæ гæсгæ, управленийы кусджытæ талаты схъомыл кæнынц хъомылгæнæндоны.

«Республикæйы æрвылаз дæр садзæм бæлæсты алыгъуызон мыггæгтæ –  сабæлут, сусхъæд, бæрзбæлас, кæрзбæлас, тæгæр, сырх тулдз», – загъта уый.

Къæбулты Инал ма куыд банысан кодта, афтæмæй 2018 азы Ленингоры районы сагъд æрцыд нæзыбæласы 2500 талайы, бæрзбæлас-950, сусхъæд-400, æнгуыз –   100 æмæ сабæлут та  50 талайы.

Къæбулы фырт ма банысан кодта, ивгъуыд азы кæй æрцыдысты хъæд æндидзынгæнæн куыстытæ 40 гектары фæзуатыл.

ИА Рес

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.