9-æм апрелы Дменисы астæуккаг скъолайы кæртмæ æрбацыд бирæ адæм. Се ‘хсæн уыдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, ахуыргæндтæ, фысджытæ, скъоладзаутæ, хъæуы цæрджытæ. Уыдон скъолайы кæрты цытимæ байгом кодтой ацы хъæуккаг, поэт æмæ патриот Икъаты Владимирæн цыртдзæвæн.

Мадзал бацæуæн ныхасимæ байгом кодта скъолайы директор Дудайты Земæ. Уый бузныг загъта мадзалмæ æрбацæуджытæн, стæй æрдзырдта Владимиры цард æмæ сфæлдыстадыл. Цхинвалы районы Соцъийы хъæуы райгуырд, уым арвыста йæ сабибонтæ, уæддæр йæ дарддæры цард æнгом баст уыдис Дменисы хъæуимæ æмæ йын дыууæ хъæуы дæр уыдысты æмхуызон адджын.

Раныхасгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, Владимирæн нæ уыд рæстмæ фадæттæ цæмæй сахуыр кодтаит, фæлæ зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, йæ фидар удыхъæды фæрцы царды æнтысгæйæ цыд размæ. Каст фæцис астæуккаг скъола, райста уæлдæр ахуырад, ныллæууыд сфæлдыстады фæндагыл. Йæ адæймагон бæрзонд миниуджытыл ын дзургæйæ, Дудайты чызг загъта, зæгъгæ, уый уыд рæстдзинадыл тохгæнæг, бирæ уарзта йæ Фыдыбæстæ, йæ адæмы. Гуырдзыстон Ирыстоны ныхмæ йæ агрессивон политикæ æххæст кæнын куы райдыдта, уæд Владимирæн дæр нал уыд æнцойад, хайад иста алыгъуызон мадзæлтты. Æргомæй æмæ ныфсджынæй дзырдта митингы, æмбырдты, аразын цы хъуыд, уыдæттыл. Уыцы карз дуг йæ арф фæд ныууагъта йе сфæлдыстады дæр.

Ирыстоны фысджыты æмсæрдар Хъазиты Мелитон та мадзалмæ æрцæуджытæн радзырдта, зæгъгæ, Владимир кæд Соцъийæ æрцыд цæрынмæ Дменисмæ, уæддæр йæ хъуыдытæ æдзух Соцъийы уыдысты æмæ йæ мысыд.

Уымæй дарддæр ма Мелитон банысан кодта, зæгъгæ, Владимир уыд уæндон æмæ ныфсхаст, раст зæгъынæй чи нæ тарст, раст ахæм адæймаг. Кæд æм йæ ахæм ахасты тыххæй йе ‘мгæрттæ æмæ хорз зонгæтæ нæ хъыг кодтой, уæддæр ын уæды областы разамонджытæ йæ разы æвæрдтой ныхдуртæ. Йе ‘мдзæвгæтæ та, зæгъгæ, куыд иу, афтæ се ‘ппæт дæр сты зæрдæмæдзæугæ. Арæхдæр фыста Ирыстон æмæ ирон адæмыл, рæстдзинад æмæ кæрæдзийæн аргъ кæныныл. Йе сфæлдыстады стыр бынат ах-сынц, сывæллæттæн кæй ныффыста, уыцы уацмыстæ.

Раныхасгæнæг ма банысан кодта, зæгъгæ, Владимир бирæ нæ фæцард, фæлæ Ирыстон æмæ ирон адæмæн бирæ сарæзта. Бæргæ йын бантыстаид ноджыдæр, фæлæ йæ уарзæгой уд сфæлахс йæ адæмы ныхмæ Гуырдзыстоны фыдракæндон митæй æмæ йын уыдон æрæввахс кодтой йæ мæлæт.

Президент Бибылты Анатоли та йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, мах не ‘ппæт дæр хорз зонæм Владимиры сфæлдыстадон бынтæ, йæ адæммæ йын цахæм ахаст æмæ уарзт уыдис, уый æмæ дзы стæм буц æмæ сæрыстыр. Владимиры хуызæн æмбæстæгтæ, зæгъгæ, абон дæр хъæуынц нæ бæстæ, нæ адæмы. Нæ хæс та у, цæмæй ахæм æмбæстæгтæн кад кæнæм, мысæм æмæ сæ хъуыды кæнæм. Уымæн æрмæст кады нысаниуæг нæй, фæлæ ма хъомыладон нысаниуæг дæр æмæ ахæм мадзæлттæ аразынмæ зивæг ма хъуамæ кæнæм.

Парламенты комитеты сæрдар Гæбæраты Юри та банысан кодта, зæгъгæ, Владимиримæ рагæй зонгæ уыдтæн æмæ йын йæ хъуыдытæ æмæ фæндтæ хорз кæй рафæлгъуыдтон, уый тыххæй мæ бон зæгъын у æмæ Владимиры æндæр дунемæ æрмæст гуырдзиаг фыдгæнджыты архайдтытæ нæ атагъд кодтой, фæлæ ма йæ рæстæджы иуæй-иу æмбæстæгты архайдтытæ дæр.

Юри ма банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстон, ирон адæмы йæ уды бæрц чи уарзта, сæ тæхудиаг æмæ амондджын царды тыххæй йæ уд дæр чи нæ хæлæг кодта, уыдонæй иу уыд Владимир æмæ мадзалы хайадисджытæм æрсидт, цæмæй сæ алчи дæр Владимирау уарза Ирыстоны, йе  ‘мирон адæмы.

Мадзалы ма раныхас кодтой æмæ сæ фыст æмдзæвгæтæ кастысты поэттæ Хуыгаты Серги, Чехойты Оля æмæ Хуыджеты Азæ. Æмдзæвгæтæ ма кастысты скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Районы культурæйы хайады æмæ Дменисы хъæууон клубы сфæлдыстадон къордтæ та сæххæст кодтой цалдæр кафт æмæ зарæджы.

Владимиры чызг Икъаты Мадинæ æмæ йæ хо Ануси мадзалы хайадисджытæн загътой бузныг, сæ фыд æмæ æфсымæрæн ахæм аргъ æмæ кад кæй скодтой, уый тыххæй.

  ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.