ФЕМБÆЛД ЕГИПЕТЫ ПРЕЗИДЕНТИМÆ

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров Египетмæ æрцыд кусæгон визитимæ. Уæрæсейаг министр Каиры фембæлд ацы бæстæйы президент Абдель Фаттах ас-Сисиимæ. Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой ахсджиаг фарстытыл, уыцы нымæцы Ливийы уавæр кæй фæкарздæр, уый тыххæй дæр. Сергей Лавров ма фембæлд йæ египетаг коллегæ Самех Шукриимæ

УКРАИНÆЙЫ ПРЕТЕНЗИТЫ БАНЫМАДТА ÆНÆБЫНДУРЫЛ

Уæрæсе  рамбылдта товарты транзиты фæдыл Украинæимæ быцæу. Товарты транзиты арæнтæ бакæныны фæдыл Уæрæсемæ Украинæйы претензитæ æнæбындурыл банымадта Дунеон базарадон организаци, – хъусын кæны УФ-йы экономикон рæзты министрад. Фæрсты ‘хсæн быцæу райдыдта 2016 азы сентябры мæйы Уæрæсейы территорийыл Украинæйы товарты транзиты арæнты тыххæй. Дунеон базарадон организацийы къорд æрцыд ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, Уæрæсе æппæт мадзæлттæ дæр райста уæлвæткон уавæрты рæстæджы æдасдзинады интерестæ бахъахъхъæныны нысанæн.

РАЦЫДЫСТЫ МИТИНГМÆ

Донецкы цæрджытæ митингмæ рацыдысты Хицауады хæдзары размæ. Митинг баст уыд, Донецкы Адæмон Республикæйы расидыны боныл 5 азы кæй сæххæст, уыимæ. «Абон мах æрæмбырд стæм, цæмæй æрæмысæм, цаутæ куыд цыдысты, уый. Уыцы бон фондз азы размæ мах рацыдыстæм, бацахстам ацы бæстыхай æмæ нæ алчи дæр æмбæрста, фæстæмæ нын фæндаг  кæй нæй, уый. Донецкы Адæмон Республикæ уæвынад кæны æмæ кæндзæн. Мах хъæуы стыр Уæрæсе, Райгуырæн бæстæмæ æрбаздæхын. Мах цæудзыстæм ацы фæндагыл», – фехъусын кодта митингы Республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилин.

ФЕХЪУСЫН КОДТОЙ КОНТРБЫРСТЫ ТЫХХÆЙ

Ливийы Хицауады национ разыдзинады гарзджын тыхтæ фехъусын кодтой, фельдмаршал Халифа Хатары командæкæнынады бын Ливиаг национ æфсады ныхмæ хæстон кампани райдайыны тыххæй. Уый фæдыл хъусынгæнинаг сарæзта Ливийы гарзджын тыхты официалон минæвар. «Мах сарæзтам оперативон штаб, цыран сты гарзджын тыхты æмæ мидхъуыддæгты ми-нистрады дæлхæйттæ. Мах бар нæ ратдзыстæм хæстон паддзахад саразынæн æмæ хæцдзыстæм Ливийы рæзты æмбæстагон демократон фæндаджы æвварс», – загъта уый. Ныртæккæ Ливийы архайынц дыууæ хицауады: Триполы дунеон æмæхсæнады банымад премьер Фаиз Сараджы национ разыдзинады хицауад æмæ Абдалла Абдуррахман ат-Танийы министрты рæстæгмæйон кабинет, кæцы архайы бæстæйы скæсæн хайы сæвзæрстгонд парламентимæ иумæ æмæ йе ‘вварс хæцы фельдмаршал Халифа Хафтары национ æфсад.

СТЫР КАТАЙДЗИНАДЫ ÆНКЪАРÆНТИМÆ ФÆЦИС ЙÆ ВИЗИТ

 ИНО-йы генералон секретарь Антониу Гутерриш фехъусын кодта, зæгъгæ,  Ливимæ йæ визит фæуд кæны уæззау зæрдæ æмæ стыр катайдзинады æнкъарæнтимæ бæстæйы хъысмæты тыххæй æмæ æрсидт конфликты фæрстæм, цæмæй тугкалд ма æруадзой Триполы, кæцыйы цур цæуынц ныхмæлæууæг фæрсты тохтæ. ИНО-йы фæнды, цæмæй баххуыс кæна политикон уынаффæ ссарынæн æмæ цыфæнды ма æрцæуа, уæддæр ИНО хæцы ливиаг адæмы æвварс. Антониу Гутерриш Ливийы ИНО-йы сæрмагонд æрвыст лæг Гасан Саламеимæ бацыд бæстæйы скæсæн хайы горæт Тобрукмæ, цыран фембæлд минæвæртты палатæйы спикер Акила Салех Исаимæ. Парламентаритæ бамбарын кодтой Гутерришæн, зæгъгæ, хæцынц Триполы районы Ливийы национ æфсады операцийы æвварс. Уый фæстæ Гутерриш бацыд Бенгазимæ. Фембæлд фельдмаршал Халифа Хафтаримæ.

ФÆМАРД СТЫ 21 АДÆЙМАДЖЫ

Ацы бонты Ливийы хæстон конфликты рæстæджы фæмард сты 21 адæймаджы, 27 адæймаджы та фесты цæфтæ. Конфликты дыууæ фарс дæр пайда кæнынц хæстон авиацийæ. ИНО æрсидт фæрстæм рæстæгмæйон фидыдадмæ цæфты сэвакуаци кæныны тыххæй, фæлæ уыдон не сразы сты хæстон архайдтытæ æруромыныл.

СÆ БОН ССИС ЛАГЕРÆЙ РАЦÆУЫН

Сириаг лигъдæтты лагерь «Рукбан»-æй ракодтой 1000 адæймаджы. Уыдон иууылдæр баластой горæт Хомсы районы рæстæгмæйон цæрæн пунктмæ, цыран сын бакодтой медицинон æххуыс, сифтонг сæ кодтой хæлцæй дæр. Уыимæ дæсгай мин адæймæгтæ АИШ-ы базæ «Эт-Танф»-ы зонæйы дарддæр дæр сты амынæтты уавæры. Сирийы уавæр æрбæстон кæныны процесс райдайынæй фæстæмæ уæрæсейаг центр сарæзта 2092 гуманитарон акцийы. Гуманитарон æххуысы иумиаг уæз у 3325,1 тоннæйы. Уæрæсейаг центр æххуыс кæны инфраструктурæ сæндидзын кæныны дæр. Æдæппæтæй æндидзыд æрцыдысты 31505 цæрæн хæдзары, 152 медицинон æмæ 840 ахуырадон уагдоны. Цалцæг æрцыдысты 1027,5 километры автомобилон фæндæгтæ. Уыимæ дарддæр хæлд цæуынц хæстон архайдтытæ æруромыны сфидаргонд режим деэскалацийы Идлибы зонæйы æнæзакъонон хæстон къордты ‘рдыгæй.

ДУНЕОН БАНГЫ НОГ ПРЕЗИДЕНТ

Дунеон бангы ног президент ссис дунеон хъуыддæгты фæдыл АИШ-ы финансты министры хæдивæг Дэвид Мэллас. Уый йе ‘ххæстбартæ æххæст кæнынмæ æрæвналдзæн 9 апрелы. Уыимæ æввахсдæр фондз азы уый лæудзæн дунеон бангы къордты æппæт организациты сæргъ, уыцы нымæцы реконструкци æмæ рæзты дунеон бангы сæргъ дæр. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Мэллас кæй уыд дунеон бангы бынатмæ иунæг кандидат.

СТЫР МИТУАРД

Испаны æруарыд стыр мит, кæцыйы фæстиуæгæн æрцыд фæндагон-транспортон цау 50 машинæйы хайадистæй. Хъыгдард баййæфтой 35 адæймаджы.

ДОНИВЫЛДТЫТÆ

Ираны мин адæймаджы бахъуыд сæ хæдзæрттæй ацæуын донивылдтыты аххосæй, кæцытæ ныр цæуынц æртыккаг къуыри. Æрдзон æнамонддзинады амæттæгтæ систы 70 адæймаджы. Эвакуаци æрцыдысты дæсгай хъæуты цæрджытæ. Доны бын фесты 400 горæты æмæ хъæуы. Хъыгдард баййæфтой 400 мин адæймаджы. Дон фехæлдта дæсгай хидты, иуæй-иу районты ралæбырд зæхх.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.