Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты цытджын æгъдауæй лæвæрд æрцыдысты бæлвырдгæнæн гæххæттытæ Мидхъуыддæгты министрады кусджытæн, кæцытæ сæ квалификаци фæбæрзонд кæныны фæдыл байхъуыстой лекцитæм. Куыд базыдтам, афтæмæй Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь бахатыд ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадиммæ, цæмæй университеты ахуыргæнджытæ лекцитæ бакæсой милицийы къорд кусджытæн. ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, университеты къухдариуæгадæн æнгом ахастытæ ис Мидхъуыддæгты министрадимæ æмæ уымæ гæсгæ, кæддæриддæр цæттæ у сæ фарсмæ балæууынмæ.

«Мах алыхатт дæр стыр ныфс æвæ-рæм Мидхъуыддæгты министрадæй æмæ нæм куы æрбахатыдысты, цæмæй сын нæ ахуыргæнджытæ теоретикон зонындзинæдтæ радтой сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынæн, уæд æнæзивæгæй сразы стæм сæ фæндоныл. Фидарæй мæ уырны, ацы райсгæ зонындзинæдтæ сын кæй феххуыс уыдзысты сæ профессионалон куысты», – загъта Тедеты Вадим.

Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Тадтаты Пeтр та бузныджы ныхæстæ загъта университеты къухдариуæгад æмæ ахуыргæнджытæн, ахæм хорз ахаст сын кæй ис милицийы кусджытæм, уый тыххæй.

«Мидхъуыддæгты министр Наниты Игоры номæй уын зæрдиаг арфæ кæнын уæ бакæнгæ куысты тыххæй. Ахæм мадзал уагъд æрцыдис фыццаг хатт. Нæ университетимæ нын ахæм бæрзонд æмвæзадыл ахастытæ никуыма уыдис æмæ куыд уынæм, афтæмæй тынг хорз рауад. Милицийы кусджытæ райстой бæрæг зонындзинæдтæ æмæ мæ фæнды, цæмæй ацы хъуыддаг ноджы дарддæр кæнæм нырæй фæстæмæ», – банысан кодта Тадтаты Пeтр.

«Стыр райгондæй баззадыстæм нæ ахуыргæнджытæй æмæ сын арфæ кæнын ахæм бæстон æмæ арф зонындзинæдтæ нын кæй радтой, уый тыххæй. Махæн нæ дарддæры куысты æнцондæр уыдзæнис, уымæн æмæ нын бирæ цыдæртæ бацамыдтой, фæуæрæхдæр нын кодтой нæ теоретикон зонындзинæдтæ æмæ сæ ныр практикон æгъдауæй хъуамæ спайда кæнæм. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын нæ министр Наниты Игорæн æмæ университеты ректор Тедеты Вадимæн, кæй нын сарæзтой уавæртæ фылдæр зонындзинæдтæ райсынæн», – раарфæ кодта квалификаци фæбæрзонддæр кæныны къорды хайадисæг, горæты мидхъуыддæгты фадыгон инспектор Пухаты Джульеттæ.

Ныридæгæн сæ квалификаци фæбæрзонддæр кодтой 13 кусæджы. Ацы къорды уыдысты Мидхъуыддæгты централон аппаратæй, горæты æмæ Цхинвалы районы мидхъуыддæгты управленитæй. Се сконды уыдысты куыд фадыгон инспектортæ, афтæ ма уголовон фæдагуырды æмæ слестгæнæн управлениты кусджытæ. Лекцитæ сын бакастысты дыууæ предметæй, – «уголовное право» æмæ «гражданское право»-йæ. Ӕдæппæт абитуриенттæ лекцитæм байхъуыстой 144 сахаты. Уымæй уæлдай ма сын университеты ахуыргæнджытæ райхæлдтой бирæ фарстатæ, кæцытыл дызæрдыг кодтой студенттæ. Иууылдæр æнтыстджынæй каст фесты сæ курсытæ æмæ сын нырæй фæстæмæ уыцы зонындзинæдтæ стыр ахъаз фæуыдзысты сæ дард-дæры куысты.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.