РАУАГЪТОЙ МОНЕТÆ

Иугонд Штаттæ рауагътой монетæ Дыккаг дунеон хæсты йе ‘мцæдисонты тыххæй æнæ Советон Цæдисæй. Монетæйы иу фарсыл æвдыст цæуынц Дыккаг дунеон хæсты  æцæг æмæ драматикон нывтæ æмæ æмцæдисонты сæйраг уæлахизты бонтæ, иннæ фарсыл та – æгасцу дзурынц, æмцæдисонтæн АИШ-ы тырысатæ демонстраци кæнгæйæ. Гитлерон æфсæдтыл фæуæлахизы фæдыл нæдæр Советон Цæдисы нысаниуæджы æмæ нæдæр Сырх æфсады уæлахизты тыххæй ницы дзырдæуы монетæйы дæр æмæ йæ афысты дæр. Монетæ рауадзæг компанийы журналистты фарстытæн дзуапп радтыныл не сразы сты.

        СКРИТИКÆ КОДТОЙ МОНЕТОН ГАЛУАНЫ

УФ-йы Федерацийы Советы скритикæ кодтой монетæ ра-уадзæг Бредфордскы монетон галуаны архайдтыты. «Жуков фельдмаршал Вильгельм Кейтелæй Германы капитуляци куы иста, уæд уым уыдысты АИШ, Стырбритани æмæ Францы инæлартæ. Æппæт документтæ саразгæйæ, Кейтель французаг, англисаг æмæ америкæйаг æфсæддон хистæртæм ацамонгæйæ, бафарста: «Цы, уыдон дæр ныл фæуæлахиз сты?  Уый у бæлвырд факт æмæ зындгонд у, хæсты историмæ чи цымыдис кæны, уыдонæн. Амери-кæйæгты архайд у егъаудæр провокаци, кæцыйæн æруа-дзæн нæй», – фехъусын кодта сенатор Франц Клинцевич.

                                СРÆМЫГЪД

Францы горæт Леоны æрцыд срæмыгъд, кæцыйы фæстиуæгæн фæцæфтæ сты 13 адæймаджы.

                    АЦÆУДЗÆН ОТСТАВКÆЙЫ

Стырбританийы премьер-министр Тереза Мэй фехъусын кодта, зæгъгæ, ацæудзæн отставкæйы.  Даунинг-стриты хицауады сæргълæуджыты резиденцийы йæ раныхасы рæстæджы уый басаст, зæгъгæ, йæ бон нæу бадзурын Æхсæнадты палатæйы уæнгтимæ Евроцæдисæй бæстæйы рахизыны фæткы тыххæй. «Ног премьер-министр хъуамæ слæууа ацы процессы сæргъ æмæ уый æмбæлон уыдзæн бæстæйы интерестæн. Уымæ гæсгæ æз цæуын отставкæйы 7-æм июнæй, цæмæй уыцы рæстæгмæ æвзæрст æрцæуа ног премьер-министр», – загъта уый.

           ÆВЗÆРСТЫТÆ – ЕВРОПАРЛАМЕНТМÆ

Æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты 28 бæстæйы. Æдæппæтæй æвзæрстой 751 депутаты. Европарламенты бынæттæ дих кæнгæйæ, хынцыд цæуы бæстæтæ-хайадисджыты цæрджыты нымæц. Стырбритани Евроцæдисæй куы рахиза, уæд бритайнаг парламентариты 73 бынатæй 27 бынаты дих æрцæудзысты æндæр бæстæты ‘хсæн демографион уавæртæм гæсгæ, æмæ ма дзы цы 46 бынаты баззайа, уыдоны та ныууаддзысты фидæнмæ, Евроцæдис куы рауæрæхдæр уа, уæдмæ.

                  СКУЫНÆГ КОДТОЙ БОЕВИКТЫ

Сириаг æфсад скуынæг кодта 50 боевикы æмæ танк, Хамайы террористты атакæйæн ныхкъуырд дæттыны рæстæджы. Сирийы æфсадæн йæ бон ссис йæ позицитæ бахъахъхъæнын. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ 2019 азы 21-23 майы Идлибмæ æрбабырстыты рæстæджы боевиктæ кæй фесæфтой 350 адæймаджы бæрц.

     НОГÆЙ ТА СЛÆУУЫД ХИЦАУАДЫ СÆРГЪ

Индийы президент Рам Натх Ковинд Нарендру Модийы снысан кодта бæстæйы премьер-министрæй. Президентимæ фембæлды фæстæ Моди прессæйæн загъта: «Æввахсдæр бонты ног хицауад райдайдзæн кусын. Ныфс нæ ис, рæстæг дзæгъæлы кæй нæ фесафдзыстæм, уымæй».

  ÆРДОМДТА ДЕНДЖЫЗОНТЫ ССÆРИБАР КÆНЫН

Денджызон барты фæдыл дунеон трибунал Уæрæсейæ домы, Керчы донкъубалы урæд чи æрцыдысты, украинæйаг уыцы денджызонты æмæ науты ссæрибар кæнын. УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады банысан кодтой, зæгъгæ, Уæрæсе тох кæндзæн йæ позицийы тыххæй, уыцы нымæцы арбитражæн, быцæуон уавæрмæ æркæсыны тыххæй юрисдикци кæй нæй, уый тыххæй дæр.

                      НОГ АТОМОН ИХСÆТТÆГ

Санкт-Петербурджы донмæ ауагъд æрцыд атомон ихсæттæг «Урал». Уымæн йæ бон у æртæ метры бæзн их сæттын. Ихсæттæгæн йæ дæргъ у 173,3 метры, йæ уæрх та –  34 метры.

                        «БУР ЖИЛЕТТЫ» 28-æм АКЦИ

Францы уагъд æрцыд «бур жилетты» радон 28-æм акци, цыран хайад райстой 12,5 мин адæймаджы. Ацы акцимæ рахызтысты иууыл къаддæр протестгæнджытæ æхсæз мæйы дæргъы. Францы барадхъахъхъæнæг органты нымайынц, зæгъгæ, «бур жилетты» змæлд лæмæгъдæр кæны æмæ фæстаг протестон мадзæлттæ гæнæн ис суой кæройнаг акцитæ. Протестон акцийы хайадисджытæ полицийыл алыгъуызон предметтæ кæй æхстой, уымæн дзуаппæн полици спайда кодта цæссыгкалæн газæй.

                     ФАДЫНÆДЖЫ СЫТЫНГ

Æнæниздзинад хъахъхъæныны дунеон организаци фе-хъусын кодта, зæгъгæ, Европæйы фадынæгæй фæрынчыны цаутæ, ома, 70 проценты сты Украинæйы. Организаци банысан кодта, зæгъгæ, фадынæджы вирус нысан æрцыд 53 европæйаг регионæй 47 бæстæйы, æдæппæтæй ацы низæй фæрынчын сты 100 000 адæймаджы. Организацийы нымайынц, зæгъгæ, фадынæджы фæтынг скъуыддзаг кæнын хъæуы политикон æмвæзадыл активон архайдтыты руаджы. Фадынæгæй амæлыны цаутæ уыд æрмæстдæр Албани, Румыны æмæ Украинæйы.  

                           ЗÆХХÆНКЪУЫСТ

Тыхджын зæххæнкъуыст 8 баллы  уыд Перуйы цæгат хайы. Зæххæнкъуысты фæстиуæгæн хъыгдард баййæфтой дæсгай бæстыхæйттæ. Хъыгдардбаййафæг адæмы нымæц бæлвырд цæуы. Перуйы президент Мартин Вискарра фехъусын кодта, зæгъгæ, бæстæйы хицауад æрæвнæлдта, зæххæнкъуыст цы зиан æрхаста, уымæн саргъ кæнынмæ.

 

Информацион агентадты

Хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.