Стыр Уæлахизы 75 азы боны цытæн Уæрæсейы Централон банг рауагъта зæрдылдарæн монетæтæ. Сыгъзæрин 50 сомы,  æвзист 25 сомы  номиналтæ баст сты Уæлахизы бонимæ. Ноджы  иу æвзист æртæ сомы та арæзт æрцыд 104 гвардион парашютон-десантон полкы 6-æм ротæйы десантонты сгуыхтдзинады 20 азы боны цытæн. Афтæ ма аслам згъæртæй баххæст «Оружие Великой победы»-йы сери. Уыдон уагъд æрцыдысты хæцæнгарзы зынгæ конструктортæ П.Горюнов, Л.Ермаш, А.Маслов, А.Судаев, Ф. Токаревы ном-арынæн.

Сыгъзæрин 50 сомы монетæйыл сты «Æнæмæлгæ полк», «Æнусон арт» æмæ лавры къалиуы нывтæ, йæ тираж у иу мин монетæйы. Æвзист 25 сомы монетæйыл та сты «Æнæмæлгæ полк» æмæ УФ-йы Гарзджын тыхты дæлхæйтты парадон рæнхълæуды æфсæддон службæгæнджыты нывтæ. Монетæйы тираж у 1,5 мины.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ фондз азы размæ, ома Стыр Уæлахизы 70 азы цытæн дæр Уæрæсейы Централон банг кæй рауагъта зæрдылдарæн монетæтæ.

1941-1945 азты Стыр Фыдæбæстæйон хæсты Уæлахизы 70-азы нысаниуæгджын боны размæ дæр Уæрæсейы банг рауагъта зæрдылдарæн 5-сомон монетæты сæрмагонд сери, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты егъаудæр хæстон операциты цытæн. Серийы ис 18 монетæйы, кæцытæ арæзт уыдысты æндонæй гальваникон æмбæрзтимæ.

Ацы серийы æртыккаг монетæ хуыйны «Кавказы сæрыл тох».  Махæн уæл-дай зынаргъдæр у уый, æмæ йæ реверсы арæзты темæйы хуызы æвзæрст кæй æрцыд «Эльхотаг кулдуары хъахъхъæнджытæн»-ы монументы фраг-мент.

Афтæмæй, уый у фæндзæм монетæ, кæцы рауагъта Уæрæсейы банг æмæ баст у нæ чысыл Ирыстонимæ. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, уый размæ уагъд кæй æрцыдысты:

– 1999 – æвзист 2-сомон монетæ стыр ирон поэт Хетæгкаты Къостайы нывимæ;

– 2011 азы – 10-сомон монетæ «Æфсæддон кады горæттæ»-йы серийæ «Горæт Дзæуджыхъæу»;

– 2013 азы – 10-сомон згъæрæй монетæ «Уæрæсейы Федерацийы» серийæ «Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани».

– 2014 азы – æвзист 3-сомон монетæ «Дзывгисы хъæуы Сыгъдæг Георгийы аргъуан».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.