Президент Гаглойты Алан фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ бангы правленийы сæрдар Джиоты Жаннæимæ.

Боны фæткмæ хаст æрцыд специалон æфсæддон операцийы сæраппонд монетæ рауадзыны фарст.

Паддзахады сæргълæууæг бацымыдис кодта, ацы фарст аскъуыддзаг кæнын цы уавæры ис, уымæ.

Джиоты Жаннæ куыд банысан кодта, афтæмæй банг æрæвнæлдта монетæйы эскизтыл кусынмæ  ацы азы февралы мæйы.

«Бацæттæ кодтам монетæйы цалдæр эскизы. Куыддæр дзы равзарæм, афтæ æрæвналдзыстæм закъаз æххæст кæнынмæ. Эскизы сюжет æмæ композици хъуамæ равдисой Уæрæсейы Федерацийы специалон æфсæддон операцийы  Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы фарсхæцынад, афтæ ма сæрмагонд æфсæддон операцийы  нысан къухты бафтын кæныны тыххæй уæрæсейаг æмæ ирон хæстонты иумæйаг тох», – загъта уый.

Джиоты чызджы уырны, монетæмæ кæй бацымыдис кæндзысты æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ уымæн æддейæ дæр.

«Фæндон хæссын, цæмæй монетæ арæзт æрцæуа 925 пробæйы æвзистæй, сыгъзæрин æмæ эмалæй, спайда кæнгæйæ, æмæ дзы 500 иуæджы рауадзын», – загъта уый.

Президент базонгæ монетæйы эскизтимæ.

Паддзахады сæргълæууæг фæндон бахаста, цæмæй монетæ рауадзыны фæстиуæгæн банг цы эмиссион æфтиаг райса, уый æрвыст æрцæуа специалон æфсæддон операцийы хайадисæг хæстонтæн æххуысæн.

«Специалон æфсæддон операцийы хайад исынц Хуссар Ирыстонæй мингай æмбæстæгтæ, куыд бархионтæ, афтæ, 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы контрактмæ гæсгæ чи службæ кæнынц, уыцы æфсæддон службæгæнджытæ дæр. Нæ хæстонтæн æххуыс кæнынц алыгъуызон ведомствотæ, паддзахадон организацитæ æмæ республикæйы цæрджытæ.

Ацы монетæ балхæнгæйæ, алы æмбæстаг дæр йæ бавæрд бахæсдзæн иумæйаг хъуыддагмæ», – загъта Гаглойты Алан.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.