ЙÆ КЪУХ ÆРФЫСТА ЗАКЪОНЫЛ

УФ-йы Президент Владимир Путин йæ къух æрфыста закъоныл, кæцымæ гæсгæ æфхæрд цæудзысты Интернеты хицауадыл цъыф чи кала, уыцы адæймæгтæ. Барамынды бацамынд æрцыд, зæгъгæ,  адæймаджы, æхсæнады, паддзахады кæнæ паддзахадон символты чи æфхæры, ахæм публикацитæ Интернеты куы ссардæуа, уæд барадхъахъхъæнæг органтæ хъуамæ бахатой «Роскомнадзор»-мæ, кæцы йæ рады хæсджын у æнæзакъонон хъусинагимæ фарс сæхгæнын. Закъоны проекты хынцыд цæуы административон æфхæрд æмæ 300 мин сомы онг ивар. Закъоны проекты Федерацийы Совет хорзыл банымадта 13 марты, Паддзахадон Думæ та – 7 марты.

 

АЗДÆХТОЙ ПРОТЕСТЫ НОТÆ

Хъырым Уæрæсеимæ фæстæмæ кæй æрбаиу, уыцы боныл фондз азы кæй сæххæст, уый сæраппонд Хъырым æмæ Севастополы бæрæгбонон мадзæлтты хайад райста Владимир Путин. Уæрæсейаг Президент Хъырым кæй бабæрæг кодта, уый фæдыл Украинæ протесты нотæ æрбарвыста УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ. Уæрæсейаг министрад протесты нотæ фæстæмæ аздæхта нæдæр æм æркастысты, афтæмæй. «Мах ахæм нотæтæ аздахæм фæстæмæ æнæ ‘ркæсгæйæ æмæ реакцийæ», – дзырдæуы министрады хъусынгæнинаджы. Дипломаттæ куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ никæмæн ис бар æмæ уæрæсейаг къухдариуæгадæн амоной сæ бæстæйы регионтæм бацæуыны график куыд аразой, уый тыххæй.

 

АЦЫД ОТСТАВКÆЙЫ

Казахстаны президент Нурсултан Назарбаев фехъусын кодта, 20 мартæй отставкæйы кæй цæуы, уый тыххæй. «Æз райстон уынаффæ бæстæйы президенты бынаты ме ‘ххæстбартæ æрæвæрыны тыххæй», – фехъусын кодта уый республикон телеканалы эфиры ныхас кæнгæйæ. Радон президентон æвзæрстыты онг Казахстаны президенты хæстæ æххæст кæндзæн парламенты сенаты спикер Касым-Жомарт Токаев. Нурсултан Назарбаев Казахстаны президенты бынаты бакуыста 29 азы. 2015 азы уый ногæй æвзæрст æрцыд фæндзæм æмгъуыдмæ. Йе ‘ххæстбартæ фæуд кодтой 2020 азы.

СИРИМÆ ШОЙГУЙЫ БАЛЦ

УФ-йы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу кусæгон балцы уыд Сирийы УФ-йы Президенты бахæсмæ гæсгæ. Дамаскы Шойгуйæн баныхæстæ уыд Сирийы президент Башар Асадимæ, кæцымæ радта Путины ныстуан. Шойгу æмæ Асад æруынаффæ кодтой Сирийы дунеон терроризмы ныхмæ тох кæныны фарстытыл, афтæ ма Æввахс Хурскæсæны регионы æдасдзинад сифтонг кæныны алыгъуызон аспекттыл.

 

ФÆФЫЛДÆР УЫДЗЫСТЫ СОЦИАЛОН ПЕНСИТÆ

УФ-йы премьер-министр Дмитрий Медведев йæ уынаффæйæ сфидар кодта социалон индексациты коэффицент. Уынаффæ йæ тыхы цæуы 1-æм апрелæй. Социалон пенситæ фæфылдæр уыдзысты дыууæ проценты. УФ-йы Фæллойы министрады куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ пенситы фæфылдæр фадат ратдзæн цыппар милуан адæймаджы пенсион ифтонгады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн. «Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон пенсион ифтонгады тыххæй» 2001 азы 15 декабры Федералон закъонмæ гæсгæ социалон пенситы индексаци уагъд цæуы æрвылаз дæр 1 апрелæй цæрыны минимумы темптæ хынцгæйæ.

 

БАНЫМАЙДЗÆН МАКЕДОНИЙЫ

Уæрæсе банымайдзæн Республикæ Македонийы «Республикæ Цæгат Македонийы» ног номимæ, – хъусын кæны УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад. «2019 азы 19 февралы Скопьейы Уæрæсейы минæварадмæ æрбацыд Республикæ Македонийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады нотæ ацы паддзахады официалон ном «Республикæ Цæгат Македонимæ» аивыны тыххæй хъусынгæнæнимæ.

ФЕМБÆЛД ФРАНЦУЗАГ ДЕЛЕГАЦИИМÆ

Симферополмæ йæ визиты рæстæджы Владимир Путин фембæлд Францы æхсæнадон минæвæрттимæ. Путин загъта, зæгъгæ, йæ ныфс ис æппæт здæхтыты дæр уæрæсейаг-французаг ахастытæ кæй сæндидзын кæн-дзысты, уымæй. «Франциимæ экономикон ахастыты рæзтмæ цымыдис кæнынц дыууæ бæстæйы адæмтæ, фæлæ уымæн ныхдуртæ æвæрынц дардмæ чи нæ уыны, ахæм адæймæгтæ. Путинимæ ныхас кодтой «Францаг-уæрæсейаг диалог»-ы ассоциацийы президент Тьерри Мариани, Францы Национ æмбырды депутат Жан-Клод Буше, къорд французаг горæтты мэртæ æмæ æндæртæ.

РАУАГЪТА ЗÆРДЫЛДАРÆН МОНЕТÆ

УФ-йы Централон банг рауагъта зæрдылдарæн фондзсомон монетæ Хъырым æмæ Севастополы референдумыл фондз азы сæххæсты цытæн. Монетæйы чъылыдæрдыгæй фарс ныв ис хъырымы хид. Ног æхцайы нысаны рауагътой дыууæмилуанон тиражæй.

«ТУРЕЦКИЙ ПОТОК»-Ы ТЫХХÆЙ

Туркы кæронмæ фесты газуадзæн «Турецкий поток»-ы денджызон æмæ сурзæххы хайтæ сиу кæныны фæдыл куыстытæ. Уый размæ Сербийы энергетикæйы министр Александр Антич фехъусын кодта, зæгъгæ, Сербийы хорзыл банымадтой Болгарийæ Венгримæ газуадзæн «Турецкий поток»-ы къабазы арæзтад, куыстыты райдиан ацы аз апрелы мæймæ сплан кæнгæйæ. «Турецкий поток» куы скуса, уæд Украинæйыл газы транзит фæкъаддæр уыдзæн азы дæргъы 12-13 миллиард кубометры.

ЙÆ ЦАРДÆЙ АХИЦÆН МАРЛЕН ХУЦИЕВ

Мæскуыйы 93 аздзыдæй йæ цардæй ахицæн режиссер, Советон Цæдисы адæмон артист Марлен Хуциев. Уый зындгонд у ахæм советон фильмты авторæй, куыд «Весна на Заречной улице», «Два Федора», «Застава Ильича», «Июльский дождь», «Был месяц май», «Бесконечность» æмæ æндæртæй. 2019 азы хъуамæ рацыдыаид йæ ног киноныв «Невечерняя».

ÆРКАЛД БАЗАРАДОН ЦЕНТР

Индийаг горæт Дхарвады æркалд цыппаруæладзыгон базарадон центры бæстыхай. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, пырхæнты бын гæнæн ис уой 150 адæймаджы бæрц. Куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ бæстыхай кæронмæ арæзт нæма фæцис. Базарадон центры ныридæгæн куыстой дæсгай магазинтæ, фæлæ уæллаг уæладзгуыты нырма дæр цыдысты арæзтадон куыстытæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.