Адæмы пайдайæн исты хорздзинад саразын, Ирыстонæн балæггад кæнын уыдис сæ царды нысан фыд æмæ фыртæн. Уыдон та уыдысты Саулохты Хъырым   æмæ йæ фырт Мурат. Æвæццæгæн, стæм лæг разындзæн канд Урстуалгомы нæ, фæлæ Ирыстоны дæр згъуыбираг хæххон лæг Саулохты Хъырым æмæ йæ фырт Мураты чи нæ зыдта. Ныртæккæ дыууæ дæр не ‘хсæн нал сты, ацыдысты се ‘цæг дунемæ æмæ æнусон æнцойдзинад ссардтой, афтæ тынг кæй уарзтой, уыцы зæххыл. Хъырымыл ныр ацы аз 5-æм январы сæххæст уыдаид 115 азы, Муратыл та 27 январы  – 85 азы.

О, нал сты не ‘хсæн, фыд æмæ фырт, æмæ кæд сæ амæлæтæй дзæвгар рæстæг рацыд, уæддæр сæ бакæнгæ арфæйаг хъуыддæгтæн абон дæр стæм æвдисæн, бирæты дзы уынæм нæхи цæстæй æмæ кæмдæр буц дæр бавæййæм, ахæм адæймæгтæ кæй цардис не ‘хсæн, уый тыххæй.

Фыццаг уал зæгъын æмбæлы фыды тыххæй. Ацы къæсхуыр, ацæргæ зачъеджын лæджы нæ хистæр фæлтæрæй чи нæ зыдтаид, ахæмтæ бирæ нæ уыдзæн. Зыдтой йæ æнæхин, рæстылдзу, æнæрынцой зæрдæйы хицауæй, куыд йæ комкоммæ хæстæ, афтæ æхсæнадон хъуыд-дæгты дæр йæ зонындзинæдтæ, йæ арæхстдзинæдтæ чи не ‘вгъау кодта, ахæм инициативонджын адæймагæй.

Транскавказы автомагистраль. Æрвылбон дæр ацы фæндагыл ацæуынц мингай бæлццæттæ. Æмæ кæд алкæй нæ,  уæддæр дзы бирæты цæст схæцы, Ручъы хъæумæ хæстæг цы мемориалон комплекс арæзт ис, ууыл. Комплексы ис æртæ обелискы… 1960 азы Ленинграды Ленгипротрансы кусджытæ сгарæн-проектон куыстытæ фесты Ручъы тъунелæн æмæ фæстæмæ куы здæхтысты, уæд автоаварийы фæмард сты. Уыдон уыдысты Пиккель Петр, Антон Петров æмæ Павел Яковлев. Фыццаг обелиск æвæрд æрцыдис уыдоны рухс нæмттæ сæнусон кæныны тыххæй. Дыккаг обелиск у – Ручъы хъæуы зынгæдæр революционерты номыл, æртыккаг та – Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Ручъы хъæуæй чи фæмард, уыцы хъæбатыр салдæттæн. Æртæ обелискы дæр Хъырым сарæзта йæхи æхцайы фæрæзтæй, йæхи цæнгты тыхæй. Мемориалон комплексыл скодта æмбонд дæр æмæ йæ 1974 азы 9 майы цытджын æгъдауæй куы гом кодтой, уæд уырдæм æрцыдис бирæ уазджытæ Ленинград, Тбилис, Дзæуджыхъæу, Цхинвал, Дзау æмæ æндæр рæттæй. Уырдæм æрцыдысты фæмардуæвæг инженерты бинонтæ дæр æмæ Хъырымæн ракодтой стыр арфæтæ, йæхи хъæппæрисæй уыцы обелисктæ кæй сарæзта, уый тыххæй. Хъырымæн семæ бацайдагъ хæларадон ахастытæ, куыд фæмардуæвæг инженерты бинонтимæ, афтæ институты кусджытæй дæр бирæтимæ. Фыстой кæрæдзимæ арфæйы фыстæджытæ. Фæстæдæр Ленгипротрансы институтæй Хъырымæн æрæрвыстой сыгъзæрин сахат æмæ йæ схорзæхджын кодтой Кады грамотæйæ.

Хъырым йæ зæрдæмæ ацы æртæ инженеры трагеди уымæн айста æмæ йе стыр бæллиц уыдис, цæмæй дыууæ Ирыстонмæ фæндаг Ручъы хæхтыл ахызтаид æмæ чидæриддæр куыста уыцы фæндагыл, уыдон ын се ‘ппæт дæр зынаргъ уыдысты æмæ йæ бон цы уыд, уымæй йе ‘ххуысы къух дардта фæндаджы арæзтадмæ. Хъырым ма афтæ стыр аргъ кодта, советон хицауады сæрыл йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыдонæн. Ахæмтæ та Цъалагомы бирæ уыдис. Фæлæ Хъырымæн уæддæр стыр табуйы аккаг уыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ чи фæмард, уыцы хæстонтæ. Ирыстонæй цы бирæ хæстонтæ араст хæстмæ, уыдонæй дыууæ уыдысты йæхи æфсымæртæ æмæ сæ сæртæ нывондæн æрхастой райгуырæн бæстæйы сæрыл. Никифор æбæрæгæй фесæфт Украинæйы зæххыл, Никъала та уыдис Аджимушкайы дурсæттæнты легендарон хъахъхъæнджытæй сæ иу. Уый дæр уыд æбæрæг сæфт, фæлæ йæ Керчы скъолайы сæ иуы, æвзонг фæдсгарджытæ ссардтой, уым чи фæмард, уыдоны номхыгъды. Гъе, уымæн зынаргъ уыдысты ацы обелисктæ сæ саразæг Хъырымæн.

Абон мах æнцонæй дзурæм «фæзынд» ахæм обелисктæ, зæгъгæ, фæлæ цас тых, цас хъару бахардз кодта Хъырым, уый алчи нæ бамбардзæн. Цæмæй ацы хъæуты зынгхуыст хъайтарты нæмттæ æрæм-бырд кодтаид, уый тыххæй йæ цалдæр хатты бахъуыд Цæгат Ирыстоны хъæутæ Ногир, Тарскæ, Комгæрон æмæ æндæр рæттæм ацæуын. Æмæ цымæ куыд æнхъæлут. Арæзтадон æрмæг ын æнцон ссарæн уыд? Иугæр номхыгъдтæ куы сцæттæ кодта, уæд Ленинградмæ йæ иунæг фырт Муратмæ фыста: никуы дæ ницы æрдомдтон, ницæмæй дæр дæ хъаст кæнын, æниу, зæрыбон алчи иугъуызон нæ вæййы, адæймаг рæдийын дæр зоны, фæлæ мæ фæндоны ныхмæ ма фæлæуу, баххуыс мын кæн. Мурат йæ куыстытæ фæуагъта æмæ сцæттæ кодта йæ фыды закъаз, згæ чи нæ кæны, ахæм плитæйыл ын ныффыста фæмардуæвæг хæстонты номхыгъд æмæ йæ рарвыста . Фæстæдæр Хъырым ахæм цыртытæ сарæзта Сыбагомы 28 зынгхуыст адæймагæн, Урстуалты – 92 зынгхуыст хæстонæн. Хъырымы ахæм стыр хъæппæрис бафæзмыдтой Ирыстоны бирæ хъæуты дæр æмæ уыдон дæр сæ зынгхуыст хæстонтæн аразын райдыдтой ахæм обелисктæ.

 Саулохты Хъырым у Хуссар Ирыстоны фыццаг ахæм адæймаг, Стыр Фыдыбæс-тæйон хæсты зынгхуыст салдæтты нæмттæ æмæ патриотикон хъуыддæгтæ сæнусон кæныны хъуыддагыл чи бакуыста. Æппæты фыццаг йæ райгуырæн хъæу Згъуыбиры фæзынд цырт-обелиск. Ацы хъæуæй райгуырæн бæстæйы тыххæй йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыцы æртæ æмæ дыууиссæдз салдатæй 18 уыдысты Саулохты лæппутæ.

Хъырым æппæт ацы хъуыддæгтæ арæзта, пенсион кары куы уыд, уæд. Фæлæ уæдмæ дæр йæ цард уыд тынг мидисджын. Хъырым йæ уды æппæт хорз ми-ниуджытæ чи зоны, уымæй рахаста, æмæ чысылæй сидзæрæй кæй баззад, нæ ба-зыдта мады рæвдыд йæ сабион бонтæ ар-выста сæрныллæгæй.

1920 азы гуырдзиаг меньшевиктæ Хуссар Ирыстоныл арт куы бафтыдтой, уæд 15-аздзыд Хъырымы дæр бахъуыд Цæгат Ирыстонмæ алидзын. Дыууæ азы фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ нæ, фæлæ Тбилисмæ – йæ фыды æфсымæрмæ æмæ уым ахуыр кæнынмæ бацыд ирон фæллойадон скъоламæ. Цхинвалмæ æрбаздæхт 1927 азы. Скъола каст куы фæцис, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта Цхинвалы педтехникумы. Йæ фæллойадон архайд райдыдта Хъорнисы скъолайы сæргълæууæгæй. Уыцы рæстæджы уырдæм æрбацыд Фæскавказы Федерацийы Централон æххуысгæнæг комитеты сæрдар Миха Цхакъая. Федта скъола æмæ æппæт ахуыргæнинæгтæн пионерон формæ бахуыйынæн радта хъуымац. Уыцы хъуымац æрбаласта Хъырым æмæ сын бахуыйын кодта формæ. Уый фæстæ куыста Куртайы сывæллæтты-сидзæрты хæдзары, Тамарашены сывæллæтты хæдзары сæргълæууæгæй, Цхинвалы изæры скъолайы сæргълæууæгæй, Цхинвалы нывгæнæн скъолайы ахуыргæнæгæй, журнал «Æххуыс ахуыргæнæгæн»-ы бæрнон секретарæй. Фæстæдæр Хъырым куыста цардуагон лæггæдты къамисæнты директорæй.

Хъырым удæнцой ардта йæ иубæстон адæмæн лæггад кæнынæй. Уый ирон лæджы кад æмæ фарн дæлæмæ никуы æруагъта, фæлæ йæхицæн бирæтау карьерæ никуы æрцагуырдта, нæдæр хъарм, фæлмæн бандон. Фæцард рæсугъд æмæ рæдау зæрдæимæ. Йæ адæмы цин уыдис йæ цин. Йæ адæмы хъыг – йæ хъыг. Хъырым цардис йæ адæмы, Ирыстоны цинæй, æмæ йæхицæн дæр цæрдзæнис йæ ном нæ адæмы ‘хсæн, уымæн æмæ цы хорз хъуыддæгтæ сарæзта, уыдонæн бирæ азты цæрæнбон ис.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы. Йæ хорз адæймагон миниуджытæ Хъырым рæдауæй алæвæрдта йæ иунæг фырт Муратмæ. Йæ фыдау уый къамисæн нæ райста æмæ адæймæгты, æрдзы хуызистытæ уымæй нæ иста. Уый йæ къухмæ райста нывгæнæджы цъылынаг æмæ уымæй кодта, йæ зæрдæмæ æввахсдæр цы лæууыдис, ахæм нывтæ. Цы бирæ нывтæ йын бантыстис сфæлдисын, уыдоны ‘хсæн аккаг бынат ахсы, йæ фыд Хъырымыл кæй скодта, уыцы ныв дæр. Хъырым хорз æмбæрста ныййарæджы хæс кæстæрты раз æмæ Муратмæ, нывгæнæджы æвзыгъддзинæдтæ рахатгæйæ, архайдта, цæмæй йæ курдиаты цæхæр йе ‘взонг уды ма банымæг уыдаид. Йæ бон цы уыд, уымæй йын йæ фæндаг аивады бæрзæндтæм сыгъдæг кодта. Афтæмæй Мурат 1954 азы каст фæцис Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндон. Фæстæдæр, 1959-1964 азты та ахуыр кодта Ленинграды Герцены номыл педагогон институты нывгæнæн ахуыргæнæндоны. Кæд цыбыр рæстæг йедтæмæ нæ фæцис уым Мурат, уæддæр йæхи базонын кодта, куыд курдиатджын нывгæнæг, афтæ. Йæ куыстытæ арæх мыхуыр цыдысты областон, горæтон, районон æмæ, æгæрыстæмæй, централон газет «Советский учитель»-ы дæр.

1967 азы йæ райгуырæн Ирыстонмæ æрыздæхгæйæ, активон сфæлдыстадон архайды æмрæнхъ кодта педагогон æмæ æхсæнадон куыст дæр. Куыста Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндоны ахуыргæнæгæй, стæй та – йæ директорæй. Бирæ азты дæргъы разамынд кодта Хуссар Ирыстоны нывгæнджыты цæдисæн.

1985 азæй 2011 азмæ йæ амæлæты бонмæ та уыдис Цхинвалы сывæллæтты нывгæнæн скъолайы директор. Æнтысгæйæ кæй разамынд кодта скъолайæн, ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ йæ ахуыргæнинæгтæ хайад кæй истой сывæллæтты сфæлдыстады дунеон равдыстыты Болгарийы, Чехословакийы, Францы, Югославийы, Нью-Йоркы æмæ Вашингтоны.

Саулохты Муратæн йе сфæлдыстадыл дзургæйæ, зæгъын хъæуы, уый бирæфарсон æмæ бирæнысанон кæй у. Уый æнтысгæйæ архайдта ахæм жанрты, куыд пейзаж, портрет, натюрморт, графикæ, линогравюрæ æмæ акварелон хуызфыссынады. Йæ конд нывты адæймаг банкъары йе ‘мдугонты æрвылбонон цард æмæ сæ истори, арф тæлмæнтæ райсы сæ лирикондзинад æмæ интимондзинадæй. Нывгæнæджы сфæлдыстады сæрмагонд бынат ахсы нарты эпосы тематикæ. Йе сфæлдыстады иувæрсты нæ ацыдысты Петербурджы рацæргæ азтæ дæр. Бирæ куыстытæ ныххæлар кодта ацы зындгонд горæтæн.

Мурат æгæрон уарзтæй уарзта йæ райгуырæн зæххы, йе ‘мбæстаг адæмы, бæрзонд æвæрдта æмæ кад кодта иумæйагадæмон æргъадтæн æмæ йæ уыцы æнкъарæнтæ разæнгард кодтой сфæлдыстадон куыстмæ, уыдоны мидæг ардта темæтæ æмæ сæ йæ курдиаты тыхы руаджы хаста кæттагмæ, абон дæр йæ курдиатæн табугæнджытæн æхцондзинад хæсгæйæ. Йæ куыстытæ адæмы размæ хаст æрцыдысты къорд персоналон равдыстыты. Афтæ ма хайад иста æппæтцæдисон (советон дуджы) зонадон æмæ республикон равдыстыты. Йæ куыстытæй бирæтæ сæ бынат ссардтой паддзахадон музейы, афтæ ма хицæн адæймæгты коллективты, куыд Ирыстоны, афтæ уымæн æддейæ дæр. 2014 азы та йын йæ амæлæты фæстæ лæвæрд æрцыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми.

Саулохты Мурат – ССР Цæдисы нывгæнджыты цæдисы уæнг, Гуырдзыстоны ССР сгуыхт нывгæнæг, РХИ-йы адæмон нывгæнæг – аккаг бынат бацахста Ирыстоны нывкæнынады историйы æмæ йын кæддæриддæр йæ рухс ном нæ зæрдыл дардзыстæм.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.