Ныгуылæны, сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайынæй аст мæйы фæстæ, арæхдæр хъуысынц Украинæйы конфликт сабырадон æгъдауæй æрбæстон кæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй. Æрæджы америкæйаг бизнесмен æмæ плантæйы иууыл хъæздыгдæр адæймæгтæй иу — Илон Маск йæ твиттер-аккаунты æнæнхъæлæджы рахæцыд Уæрæсейы æвварс æмæ раргом кодта Украинæйы хæстон конфликтæн, цæмæй тагъддæр кæрон æрцæуа, уый тыххæй йæ хъуыдытæ.

Йæ фæндæтты мидис у ахæм: Хъырымы Уæрæсейы иу хайыл банымайын (уымæн æмæ йæ Хрущев рæдыдмæ гæсгæ радта Киевæн), Уæрæсейы скондмæ бацæуыны тыххæй скæсæйнаг регионты чи схъæлæс кодта, уыцы цæрджытæн ИНО-йы эгидæйы бын ногæй референдумтæ ауадзын æмæ Украинæйы нейтралон статус банымайын. Зынгæ миллиардер æнæнхъæлæджы цæмæн рахæцыд Уæрæсейы фарс æмæ йæхи цæмæн аиуварс кодта коллективон Ныгуылæны курсæй? Украинæйаг политикон архайджытæ æфхæрæн ныхæстæ ныккалдтой бизнесмены ныхмæ. Маскы бафхæрдтой йæ райгуырæн бæстæйы, Сенатор Линдси Грэм фехъусын кодта, зæгъгæ, цасфæнды кад ма кæнон Маскæн, уæддæр уый хъуамæ бамбарын кæна, Уæрæсе Украинæмæ цæмæн «æрбабырста». Маск уайтагъд полемикæйы бацыд сенаторимæ: «Кæд афтæ нымайыс, æмæ адæмы фæндонæн нысаниуæг ис, уæд цахæмфæнды конфликтон регионы дæр хъуамæ рахæцæм уым чи цæры, уыцы цæрджыты фæндоны æвварс. Украинæйы фылдæр хайы иунысанонæй фæнды Украинæйы хай уæвын, фæлæ бæстæйы иуæй-иу скæсæн регионты цæрджыты фылдæр хай сты уырыссæгтæ æмæ уыдоны та фæнды Уæрæсейы скондмæ бацæуын».

Уæрæсейы позицийы æвварс чи рахæцыд, уыдонæй ма иу у АИШ-ы раздæры президент Дональд Трамп. «Мах хъуамæ æвæстиатæй райдайæм бадзырдтæ конфликт сабырадон æгъдауæй æрбæстон кæныны тыххæй кæннод æрцæудзыстæм Æртыккаг дунеон хæстмæ», — банысан кодта Дональд Трамп. АИШ-ы национ æдасдзинады советы координатор Джон Кирби дæр æрсидт Украинæ æмæ Уæрæсемæ бадзырдты фынгыл æрбадыны тыххæй. «Конфликт хъæуы сабырадон æмæ дипломатон æгъдауæй аскъуыддзаг кæнын», — загъта уый.

Уæрæсейаг политолог Андрей Кокошины хъуыдымæ гæсгæ та, АИШ-ы минæвæртты ахæм хъусынгæнинæгтæ сты æрмæстдæр америкæйаг конгрессы æвзæрстыты размæ сæхицæн очкотæ бакусын æмæ демократтæн ацы æвзæрстыты фæуæлахизы шанстæ фæфылдæр кæныны сæраппонд. Кокошин куыд нымайы, афтæмæй уый баст у, Европæ ацы конфликтæй кæй бафæллад, æмæ Уæрæсейы ныхмæ бакæнгæ санкцитæ та европæйаг паддзахадты цæрджытæн зиан кæй хæссынц, уыимæ.

Хъырымы историйæ

Хъырым Уæрæсейы империйы скондмæ бацыд 1783 азы. 1954 азы æрцыд ахæм цау, кæцы абоны онг дæр бæстон бæрæг нæма у — Советон Цæдисы генералон секретарь Никита Хрущев Хъырымы балæвар кодта Украинæйæн. Ацы рæдыд къахдзæфы тыххæй бирæ верситæ ис, кæцыйы Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Президиумы аскъуыддзаг кодтой 15 минутмæ. 1991 азы кæрон, Беловежскаг бадзырдтæ. Украинæйы фæстаг партион секретарь Леонид Кравчук, Хъырым Украинæйæн æнæзакъонæй лæвæрд кæй æрцыд, уый æмбаргæйæ, хъавгæйæ бафарста: — Цы, Хъырым дæр? — О, айс æй! — дзуапп ын радта нæртон Ельцин. Афтæмæй Хъырым фæхицæн йæ историон Райгуырæн бæстæйæ, фæлæ æппынфæстагмæ рæстдзинад фæуæлахиз æмæ йæ цæрджыты фæндонмæ гæсгæ Хъырым ссис Уæрæсейы Федерацийы хай. Абон Хъырымы æрдæгсакъадахы цæры 2 милуан æмæ 200 мин цæрæджы, уыдонæй иу милуан æмæ æрдæг сты уырыссæгтæ, 350 мины украинæгтæ æмæ 290 мины хъырымаг тæтæйрæгтæ.

2014 азы 18 марты Мæскуыйы цытджын æгъдауæй къухтæ æрфыстой Бадзырдыл Республикæ Хъырымы Уæрæсейы Федерацийы скондмæ райсыны тыххæй. Уæд УФ-йы Президент Владимир Путин йæ раныхасы банысан кодта: «Украинæ фехъусын кодта æввахс рæстæджы НАТО-мæ бацæуынмæ кæй хъавы, уый тыххæй. Ацы перспективæ цы нысан кодтаид Хъырым æмæ Севастополæн? Уæрæсейаг æфсæддон кады горæты НАТО-йы тырыса куы фæзындаид, уæд уый тæссаг уыдаид Уæрæсейы æппæт хуссар хайæн. Ацы операци æнтыстджынæй æххæст кæй æрцыд, уый бахъахъхъæдта хъырымæгты физикон æгъдауæй скуынæг кæнынæй.

Цыбыр ныхасæй Илон Маскы украинæгтæ схуыдтой Путины агент. Ферох кодтой, Маскы компани SpaceX Украинæйы гарзджын тыхтæн кæй сарæзта фадат бæрзондтехнологон интернетæй пайда кæнынæн.

Маскы раст хъуыдыйы фæрцы чизоны ныгуылæйнаг политиктæ сæхиуыл æрхудой æмæ сæ карз позици — «Уæрæсеимæ хæст фæстаг украинæйаджы онг» аивиккой. Чизоны уый сигнал у дипломатимæ раздæхыны тыххæй. Евроцæдисы сæйраг дипломат Боррель дæр цыдæр ныхæстæ загъта бадзырдты тыххæй. Илон Маск дызæрдыг кæны Украинæйы уæлахизыл æмæ истерикæ расайын кодта комик Зеленскимæ.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, фæндид нæ баууæндын Маск æмæ ныгуылæйнаг элитæйы бæрæг хайы ныхæстыл Украинæйæ Уæрæсейы скондмæ чи бацыд, уыцы ног территориты тыххæй. Фæлæ, раст зæгъгæйæ, ахæм фидауынгæнæг хъæппæристæ цæуынц украинæйаг æфсады алыгъуызон хæцæнгæрзтæ активонæй ифтонг кæныны, карз экономикон, политикон æмæ æндæвдады рæстæджы. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ам гæнæн ис æмæ уа ныгуылæйнаг элитæйы фæндон уæрæсейаг истеблишменты къæрцхъусдзинад асайынæн æмæ сын куыддæр гæнæн фæуа, афтæ Уæрæсейæн æмбæлон чи нæ у, ахæм сразыдзинæдтæ — Дейтонскаг хуызмæ гæсгæ райсын кæнын, кæцытæ æркодтой раздæры Югославийы ныппырхмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Ныгуылæны генералон пъланы фæдыл æнæразыдзинад æмæ гæнæн ис „троянский конь“ разына. Уымæн æмæ Ныгуылæн йе ’ууæнкдзинад бынтондæр фесæфта», — банысан кодта политолог, УФ-йы Хицауады цур финансон университеты социалон зонæдты æмæ дзыллон коммуникациты факультеты декан Александр Шатилов.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.