19 марты Хуссар Ирыстон Гуырдзыстонæн радта, 2008 азы гуырдзыйы агрессийы рæстæджы чи фæмард, уыдоны мард буæртты баззайæццæгтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Дунеон Комитетæн цы мисси ис, уыдон минæвæртты руаджы хуссарирыстойнаг фарс радта, 2008 азы гуырдзиаг агрессийы цауты фæстæ æбæрæгæй сæфт чи уыдысты, уыцы авд адæймаджы мард буары баззайæццæгты Уый тыххæй хъусын кæны постконфликтон фарстатæ бæстонкæнынады фæдыл РХИ-йы Президенты Æххæстбарджын минæварады пресс-службæ.

Ацы гуманитарон æмæ гуманон акци у Æртæфарсон Координацион механизмы архайды фæстиуджытæй иу, кæцы архайы æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты ссарыныл. Координацион механизмы сконды сты Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон æмæ Уæрæсе. Архайы 2010 азæй.

Æмткæй сисгæйæ, Хуссар Ирыстонæй æбæрæгæй сæфт æмбæстæгтæ сты 150 фылдæр. Уыдон се ‘ппæт дæр æбæрæг сæфт сты 1989 – 2008 азмæ Гуырдзыстоны агрессийы фæстиуæгæн. Хуссар Ирыстон йæ зæрдæ дары, Гуырдзыстоны къухдариуæгад кæй райсдзæн мадзæлттæ, кæцытæ ахъазгæнæг уыдзысты, Хуссар Ирыстонæй цы æмбæстæгтæ фесæфт, уыдон хъысмæт рабæрæг кæнынæн, уымæн æмæ уыдонæн сæ фæд фесæфт Гуырдзыстоны территорийыл.

Адæймаджы барты фæдыл Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын Тасойты Инал нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ 2008 азы гуырдзиаг фарс цæттæдзинад нæ равдыста ацы мард буæрттæ сæ бинонтæм фæхæццæ кæнынмæ. Фæлæ 2016 азы фæактивондæр Координацион механизмы фæлгæтты куыст, æмæ бæрæг бынæтты, уыцы нымæцы Тамарашены дæр эксгумаци æр-цыдысты гуырдзиаг нацийы минæвæртты мард буæрттæ. Уый фæстæ ма 2017 азы ахæм æнгæс куыст уагъд æрцыд Гур æмæ Каспы горæтты, цыран скъахтæуыд 50 æбæрæг æмбæстаджы баззайæццæгтæ.

Ацы авд адæймаджы хъысмæтыл дзырд куы цæуа, уæд сты хуымæтæг æмбæстæгтæ, кæцытæ ныгæд æрцыдысты 2008 азы хæстон архæйдтыты хæдфæстæ. Тасойты Иналы ныхæстæм гæсгæ ахæм эксгумацитæм стыр цæттæгæнæн куыст хъæуы бакæнын: бæрæггæнæнтæ æмбырд кæнын, биологон æрмæджытæ æмæ æрæмбырдгонд æрмæджыты хуызæгтæ адæттын Сырх Дзуары комитеты фæрцы хæдбар лабораторимæ дарддæры анализ саразын æмæ æнгæсад сбæлвырд кæныны сæраппонд.

Нырма, зæгъгæ, æмбырд æрцыд хъæуæг генетикон æрмæджыты 60 проценты, иннæ 40 проценты та æмбырд цæуынц лабораторимæ адæттынмæ. Ацы процесс уымæн ныффæстиат æмæ бирæ донортæ цæрынц республикæйæн æддейæ, бирæтæ та биологон æрмæджы хуызæгтæ радтыныл нæ разы кæнынц.

Ацы куыстытæ æххæст цæуынц Сырх Дзуары Дунеон комитет æмæ хуссарирыстойнаг æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты бинонты æнæхицауадон организаци «Память и Надежда» – имæ иумæ.

Адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджыны ныхæстæм гæсгæ эксгумацийы процесс дарддæр уагъд цæудзæн ацы аз æмæ фидæн аз дæр, куыд Гуырдзыстоны, афтæ Хуссар Ирыстоны территорийыл дæр.

«Хуссар Ирыстон æвдисы хæларадон ахаст, æмбаргæдзинад æмæ æнкъары алы бинонты рыст, кæцытæ бирæ азты æнхъæлмæ кæсынц сæ æбæрæг сæфт æввахс хионæй исты ног хабар фехъусынмæ. Ныфс нæ ис, æмæ гуырдзиаг фарс дæр ахæм æнгæс ахаст равдисдзæн ацы ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл», – дзырдта Инал.

Æхсæнадон организаци «Память и Надежда»-йы сæрдар Куыдзеты Лидæ нын куыд радзырдта, афтæмæй Тамарашены хъæумæ хæстæг цы баззайæццæгтæ скъахтæуыд, уыдонæн экспертизæтæ саразыны фæстæ рабæрæг, се ‘ппæт дæр гуырдзиаг цæрджытæ кæй уыдысты. Æмæ гуырдзиаг фарсимæ абаргæйæ, хуссарирыстойнаг фарс нæ хъавы мард буары баззайæццæгтæй спекуляци кæнынмæ, нæдæр у сæ радтыны ныхмæ. Уымæй, зæгъгæ, мах æвди-сæм нæ хъомылдзинад, нæ гуманон æнкъа-рæнтæ æмæ хæрзаудæн архайды хуызы уы-цы баззайæццæгтæ лæвæрд цæуынц сæ хиуæттæм. Лидæйы ныфс ис, æмæ ахæм къахдзæфæн дзуаппæн гуырдзиаг фарс дæр бацамондзæн, нæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгтæ кæм ныгæд сты, уыцы бынæттæ.

Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ цалынмæ ацы авд мард буары баззайæц-цæгтæ гуырдзиаг фарсмæ лæвæрд не ‘рцыдысты, уæдмæ Сырх Дзуары комитеты къухдариуæгад æмæ Адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджын Тасойты Инал ныхас кодтой семæ, ома сæ ахаст цахæм у ацы фарстмæ.

«Мах не ‘ппæт дæр стæм иу хъуыдыйыл хæст – кæй нæ хъавæм мæрдтимæ хæцынмæ. Уый нæ, фæлæ нæ чысыл цыдæр ныфс бацыд, чизоны æмæ, кæдæй уæдæй гуырдзиаг къухдариуæгад дæр раргом кæной, нæ хиуæтты нын цы фæкодтой, уый», – банысан кодта уый.

Куыдзеты Лидæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты бинонты æмæ хиуæтты æр-бангом кодта йæ алыварс уымæн, æмæ сæ иу кæны иумиаг æнамонддзинад. Йæ цард-æмбал Къæбулты Павел дæр 1991 азы йе ‘мбæлццон Годжыцаты Аронимæ гуырдзиæгты къухæй фесты æбæрæг сæфт.

Æз, зæгъгæ, хорз æмбарын æбæрæг сæфт æмбæстæгтæ æмæ хиуæтты рыст. 28 азы стыр æмгъуыд у, æмæ уыйбæрц æнхъæлмæ кæсы алы бон дæр Лидæ исты информаци базонынмæ. Сидынц алкæмæ дæр, кæд исчи исты бæрæг зоны, уæд сын фехъусын кæной. Мах, зæгъгæ, никæимæ тох кæнæм, стæм сабырады фарсхæцджытæ, фæнды нæ цæрын, нæ сывæллæтты æмæ уыдон сывæллæтты хъомыл кæнын сабыр арвы бын.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.