ЦÆМÆЙ ХÆХБÆСТÆ МА ФЕДЗÆРÆГ УА

Республикæйы разамынд æппæт хъарутæй дæр архайы ног паддзахадон программæ “Хæххон территориты рæзт”-æн æппæт уавæртæ саразыныл. Ныртæккæ программæйыл кусы Хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министрад. Бæрæг куыд у, афтæмæй официалон æгъдауæй Хæххон территориты статус райсдзысты Цæгат Ирыстоны 71 хъæуы. Раздæр азты уый тыххæй цы программæ уыд, “Ирыстоны хæх-тæ”,  зæгъгæ, уый иу дæс азы размæ бамынæг. Уæдæй абонмæ хæх-хон территориты тыххæй иунæг программæ дæр нал уыд æмæ сæм бынтондæр цæстдард нал ис. Ууыл уыд йæ ныхас Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн йæ æрвылазон Ныстуаны.

Ног программæ ныфс дæтты хæх-ты цæрынæн æппæт фадæттæ саразынæй. Республикæйы разамынды хъуыдымæ гæсгæ, инфраструктурæйы рæзт стыр ахъаз фæуыдзæн, цæмæй хæхтæ æдзæрæгæй ма баззайой. Уымæ та хауы хæхтæм фæндæгтæ саразын, скъолатæ, фельдшерон пункттæ, дуканитæ, скъолатæ, культурæйы хæ-дзæрттæ саразын. Министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ног программæйы агросæудæджерадон комплексы фарстатæ сæрмагонд бынат бацахстой 2030 азмæ республикæйы социалон-экономикон райрæзты стратегийы. Уый нысан кæны, хæхты чи цæры, фосдарды, маргъдарды, зæххы куыст чи кæны, уыдонæн алыварсон æххуыс бакæнын, уыимæ æнæ процент кредиттæй. Æппæт уыдæттæ уал хъуамæ райдайой иу хъæуæй, стæй уыцы фæлтæрддзинад парахат æрцæудзæн иннæ территоритыл.

“Хъæууон хæдзарады рæзтæн ахсджиаг у хæххон территоритæй хæдзардзинæй спайда кæнын, уый тыххæй та хъæуы цæрджытæн æппæт фадæттæ саразын, цæмæй хæхбæсты æдзæрæгæй ма ныууадзой. Уыдон бауромæн ис æрмæстдæр сæ социалон-цардуагон фарстатæ сын алыг кæнгæйæ. Республикæйы Хицауады размæ æвæрын хæс, цæмæй цыбыр рæстæгмæ ацы программæ кæронмæ ахæццæ кæной. Йæ райрæзты тыххæй цы æхца бахъæуа, уыдон куыд ссарой”, – йæ раныхасы банысан кодта Битарты Вячеслав.

Бæркад хæххон хъæутæй цæуы, фæлæ дзы царды уавæртæ уæззау сты. Кæд ног программæйы пункттæ æххæст æрцæуой, уæд уый фадат ратдзæн нæ экономикæйы рæзтæн, уыимæ нæ федзæрæг уыдзысты хæххон хъæутæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.