Одессæйы трагедийыл сæххæст фондз азы

2014 азы 2-ӕм майы Одессӕйы цы ӕбуалгъ фыдракӕнд арӕзт ӕрцыд, ууыл сæххæст фондз азы. Уыцы трагикон цау нынкъуысын кодта ӕппӕт растхъуыдыгӕнӕг адӕмты зӕрдӕтӕ. Уый ӕцӕг фашизм у, удӕгас адӕймӕгты профцӕдисты хӕдзары басыгътой, чи ма дзы раирвӕзт, уыдонӕй ма къахыл чи лӕууыд, уыдоны та цавтой лӕдзгуытӕй, бырын сӕ кодтой сӕ гуыбыны цъарыл, ӕхстой сӕ фӕстейӕ.

ТРАГЕДИЙЫ РАЗВÆЛГЪАУ ИСТОРИЙÆ

2014 азы марты мæйы «Куликово поле»-йы «антимайданы» активисттæ равæрдтой цатыртæй лагерь. «Куликово поле» у Одессæйы стырдæр фæзуæттæй иу, цыран ис  Одессæйы Профцæдисты хæдзар дæр. Одессæйы областон администрацийы сæрдар Владимир Немировский ныфс бавæрдта 9 маймæ фæзуат асыгъдæг кæнынæй. Уымæй дарддæр ма регионмæ цæуын райдыдтой украинæйаг националисттæ æмæ афтæхуыйнæг «майданы» хихъахъхъæнынады æмæ «Рахис секторы» боевиктæ. 2-æм майы Одессæйы центры «евромайданы» фарсхæцджытæ план кодтой акци «За единство Украины» ауадзын.

Активисттæй иуæй-иутæ æдасдзинады сæраппонд сæ цатыртæ рахастой горæты кæронмæ, иннæтæ не сразы сты фæзуатæй ацæуыныл. Уый фæстиуæгæн 2-æм майы лагеры архайджытæ Грекъаг фæзуаты сæмбæлдысты акци «За единство Украины»-йы хайадисджытимæ. Горæты центры ныхмæлæудтыты рæстæджы фæмард сты æхсæз адæймаджы. Уый фæстæ змæстытæ райдыдтой «Куликово поле»-йы. «Евромайданы» хайадисджытæныппырх кодтой цатыртæй лагерь.

БАНДЕРАЙЫ ФÆДОНТÆ СФÆЛХАТ КОДТОЙ ХАТЫНЫ ТРАГИКОН ЦАУ

Истори фæлхатт æрцӕуы, уымӕн та ӕвдисӕн сты Украинӕйы цӕуӕг цаутӕ. 70-азы размӕ гитлерон фашистты уидӕгтӕ кӕронмӕ не стыдтой, кӕронмӕ куынӕг не ‘рцыдысты ӕмӕ абон уыдоны цӕуӕт ногӕй сӕ сӕртӕ сдардтой ӕмӕ сфӕлхатт кодтой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ӕрцӕугӕ трагикон цаутӕ. 1943 азы 22-ӕм марты Белорусийы Хатыны хъӕуы немыцаг фашисттӕ хъӕуы цӕрджыты бакодтой колхозы мæнгагъуысты ӕмӕ йыл арт бандзæрстой. Афтӕмӕй  удӕгасӕй басыгътой 149 адӕймаджы, уыдонӕй 75 уыдысты сывӕллӕттӕ. Абон Украинӕйы райхъал фашизм ӕмӕ сфӕлхатт кодтой Хатыны ӕрцӕугӕ фыдракӕнд.

БАТАРДТОЙ СÆ ПРОФЦÆДИСТЫ ХÆДЗАРМÆ

Одессӕйы дӕр Профцӕдисты хӕдзармӕ адӕмы батардтой ӕмӕ сыл дуӕрттӕ сӕхгӕдтой, уый фӕстӕ сыл ӕхсын райдыдтой Молотовы коктейлтӕ, кӕцыты сцӕттӕ кодтой хӕрзӕвзонг чызджытӕ, фашистты цъаммар уидӕгтӕ. Адӕм сӕ фыртыхстӕй рудзгуытӕй гӕппытӕ кодтой ӕмӕ-иу сӕ рудзынгыл чи фӕзынд рагӕпп кӕныны охыл, уыдоны та ӕхстой автоматтӕй. Ацы стыр фыдракæнды рæстæджы фæмард сты 46 адæймаджы æмæ 200 адæймагæй фылдæр та цæфтæ фесты. Куыд зыны, афтæмæй фашистты фӕдонтӕй бирӕтӕ бынтондæр ферох кодтой историйы уроктӕ.

 Уыцы адӕмы мах, хуссарирыстойнаг адӕмы хуызӕн чи ӕмбæрста, уыдоны разӕй хуссарирыстойнæгтӕ рацыдысты, ахӕм сындзджын фӕн-дӕгтыл, уыдоны разӕй гуырдзиаг фашисттӕ ӕнӕ-аххос ирон адӕмы сыгътой ӕмӕ ныгӕдтой удӕ-гасӕй…

СЫЛГОЙМÆГТÆ – ХÆСТÆНДЗАРДЖЫТÆ

Иннӕ ахӕм та Гуырдзыстоны парламенты раздæры сæрдар Нино Бурджанадзе йӕ фыртты ирӕттӕ ӕмӕ абхазӕгты ныхмӕ «хӕцынмӕ» куыд ӕрвыста, сылгоймаг уӕвгӕйӕ, афтӕ Украинӕйы газы принцессӕ кæй хуыдтой, уый – Юля Тимошенкойы дзыхӕй дӕр Одессæйы трагедийы рæстæджы хъуыстысты хӕстмӕ сидӕг алыгъуызон  ныхӕстӕ.   Куыд,  зӕгъӕм,   Украинæйы  хуссарскӕсӕйнаг хайыл, дам, ауадзын хъӕуы ядерон хӕцӕнгарз, цӕмӕй, зæгъ дзы сыгъд бынат дӕр мауал баззайа, кӕнӕ Одессӕйы удӕгасӕй адӕмы кӕй басыгътой, кӕцыты ‘хсӕн уыдысты сылгоймӕгтӕ ӕмӕ зӕрӕдтӕ, уый банымадта растыл. Украинӕйы Радайы депутат чи уыд, уый – Ирина Фарион сарӕзта, адӕмы дисты чи баппӕрста, ахӕм хъусынгӕнинаг. «Браво, Одесса! Ты показала настоящий украинский дух. Ты – родина великих националистов Ивана и Юрия Лип. Пусть черты жарятся в аду!». Ацы тугмондаг фашист-сылгоймаг Уæлдæр Радайы архайдта уӕлдӕр ахуырады фарстатыл… Æмбӕрстгонд у уый, ӕвзонг фӕлтӕрӕн цахӕм зонд бацамыдтаид, уый.

Украинæйаг фашисттӕ гуырдзиӕгтау алцӕмӕй ӕмӕ алы ран дӕр аххосджын кӕнынц Уӕрӕсейы. Иннӕ ахӕ м та сӕ мӕнг ныхӕстӕ сты ӕмхуызон, гуырдзиаг ӕнӕадӕймӕгтӕ-иу сӕхӕдӕг цы фыдракӕнд сарӕзтой, уый-иу фӕкодтой кӕнӕ ирӕтты кӕнӕ уырыссӕгты аххос. Раст афтӕ кӕнынц украинæйаг фашисттӕ дӕр, Профцӕдисты хӕдзары, дам, адӕм, сӕхӕдӕг сӕхиуыл бафтыдтой зынг!… Цы ма уа уымӕй диссагдӕр ӕмӕ ӕлгъагдӕр! Украинӕйы  хицауад, удӕгасӕй чи басыгъд, уыдоны схуыдтой сепаратисттӕ ӕмӕ террористтӕ.

ТРАГЕДИЙЫ ТЫХХÆЙ НОГ ЗОНÆНТÆ

Фæбæрæг  сты Одессæйы трагедийы тæссаг цауты тыххæй ног зонæнтæ. Æхсæнадон змæлд «Союз матерей Украины»-йы къухдариуæггæнæг, отставкæйы милицийы булкъон Галина Запорожцева раргом кодта тæссаг факттæ, æцæгæй уыцы бон Профцæдисты хæдзары, цы цыд, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, адæм Профцæдисты хæдзары зынгæй уыйбæрц нæ фæмард сты, цас куынæггæнæг химикаттæй. Уыимæ ис бæлвырдгæнæнтæ, ацы тæссаг трагедийыл кæй къухдариуæгад кодта Украинæйы æдасдзинады совет.

Одессæйы Профцæдисты хæдзары трагедийы тыххæй ног зонæнтæ сбæлвырд кодта уæрæсейаг журналист Аркадий Мамонтов дæр. Журналистæн хъыгдардбаййафджытæй, иу нæлгоймаг кæугæйæ куыд радзырдта, афтæмæй уый хызт йе ‘мгæртты мард буæртты сæрты. Æмæ куыддæрты удæгасæй аирвæзт. Йæ ныхæстæм гæсгæ-иу, арты дзыхæй чи раирвæзт, уыдонæн-иу сæ сæртæ фæцæфтæ кодтой арматурæтæй, афтæ хъæргæнгæ, «Слава Украине», зæгъгæ.  Украинæйы раздæры премьер-министр Николай Азаровы ныхæстæм гæсгæ, ацы бæстæйы къухдариуæгад æмбæхсы уыцы цауы амæттæгты нымæц. Одессæйаг историк æмæ фыссæг Ивакин фехъусын кодта, зæгъгæ, Парубий, Турчинов, Порошенко, Коломойский 2-æм майы Одессæйы цы æбуалгъы трагеди сорганизаци кодтой, уым фæмард 397 адæймаджы. “Ивакин номгай банымадта æппæт фæмардуæвджыты нæмттæ, кæцытæ уыдысты трагедийы бынаты», – банысан кодта Николай Азаров.

БАМБÆХСТОЙ ФЫДРАКÆНДЫ ФÆДТÆ

Запорожцевайы ныхæстæм гæсгæ, трагедийы фæстæ арæзт цыд æппæт дæр, цæмæй Украинæйы къухдариуæгад бамбæхстаиккой сæ фæдтæ.

ТРАГЕДИЙЫ ТЫХХÆЙ ÆФХÆРД НИЧИ МА БАЙЙÆФТА

Кæд фондз азы сæххæст уыцы фыдракæндыл, уæддæр ахæм æбуалгъ трагеди саразæг фыдгæн-джытæй тæрхон никæуыл ма æрцыд.  Сæхæдæг, дам, басыгътой сæхи …

 Фондз азы фашист Бандерайы фæдонтæ æхсынц æмæ марынц Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты цæрджыты. Æмæ сæ хъизæмæрттæн кæрон кæд æрцæудзæн, уый бæрæг нæу. Æниу сын ныр УФ-йы Президент Владимир Путины Барамындмæ гæсгæ фæхуымæтæгдæр режимы лæвæрд цæуы уæрæсейаг æмбæстагдзинад æмæ Уæрæсе та йе ‘мбæстæгтæм æххуысмæ фæзындзæн цыфæнды уавæрты дæр, куы сæ цæгъдой, уæд.

Кæронбæттæны мæ зæгъын фæнды уый, æмæ фыдбон æмæ фыдлæгæн бирæ цæрæнбон кæй нæй, абон уа æви райсом, рæстдзинад алы хатт дæр фæуæлахиз вæййы …

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.