ПУТИНЫ БАЛЦ

Владимир Путин дыууæбонон кусæгон балцы æрцыд Казахстанмæ, ОДКБ-йы саммиты хайад райсыны тыххæй. Райдианы Нурсултан Назарбаев æмæ Владимир Путинæн баныхæстæ уыд æнæ делегациты уæнгтæй. Уыдон уынаффæ кодтой дунеон æдасдзинады фарстытыл. ОДКБ-йы фæдыл Уæрæсе æмæ йе ‘мцæдисонтæн иуæй-иу фарстыты тыххæй ис кæрæдзимбарынад, фæлæ сын иуæй-иуты та ис проблемæтæ, зæгъæм, ОДКБ-йы бæстæты-уæнгты территоритыл, сæрмагондæй, Казахстаны америкæйаг биологон лаборатори равæрын, афтæ ма Каспы АИШ-ы логистикон инфраструктурæйы фæзынды перспективæ нæ ахъаз кæнынц коллективон æдасдзинад сфидардæр кæнынæн. Владимир Путин ОДКБ-йы саммиты уæнгтæн радзырдта Сирийы уавæры æмæ астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ ликвидацийы тыххæй Бадзырды фæдыл АИШ-имæ диалог райдианы перспективæты тыххæй.

ОДКБ-йы САММИТ

Астанайы хæдбардзинады галуаны уагъд æрцыд ОДКБ-йы саммит. Уæрæсе, Казахстан, Белоруси, Киргизи, Таджикистаны æмæ Сомихстоны сæргълæуджытæ æруынаффæ кодтой дунеон æмæ регионалон сæйраг проблемæтыл, афтæ ма ОДКБ-йы дарддæры рæзты ориентиртыл.  Бæстæты сæргълæуджытæ ауагътой ОДКБ-йы коллективон æдасдзинады советы рабадт. Ацы орган æркæсы уæлдай ахсджиагдæр æмæ принципиалондæр фарстытæм. Боны фæткы уыд ОДКБ-йы ног генералон секретары сæвзарыны фарст. ОДКБ-йы лидертæ райстой хицæн хъусынгæнинаг Сирийы алыварс уавæры тыххæй. Саммиты фæстиуджытæм гæсгæ бацæттæгонд æрцыд 20 документы бæрц, уыцы нымæцы – хатдзæгон политикон деклараци. Организацийы сæйрагдæр нысæнттæ сты сабырдзинад сфидар кæнын, бæстæтæ-хайадисджыты суверенитет бахъахъхъæнын, глобалон æмæ регионалон фæсидтытæн коллективон дзуаппытæ бацæттæ кæнын.

 

БАХАСТОЙ РЕЗОЛЮЦИЙЫ ПРОЕКТ

Уæрæсе цалдæр бæстæимæ иумæ ИНО-йы Генералон Ассамблеямæ æркæсынмæ бахаста нацизмæй хъайтардзинад аразыны ныхмæ резолюцийы проект. Документы дзырд цæуы ивгъуыды нæ, фæлæ расизмы нырыккон фæзындтыты тыххæй, кæцытæ тæссаг систы æппæтдунеон æмæхсæнадæн. Гуманитарон æмгуыстады фæдыл Фæсарæйнаг хъуыддæгты минист-рады департаменты директоры хæдивæг Григорий Лукьянцев куыд бамбарын кодта, уымæ гæсгæ дунейы бирæ рæтты фиппайдæуы змæлдты, къордты æмæ партиты æндидзынад, кæцытæ хъуыдытæ сæрибарæй равдисыны æфсон, пропагандæ кæнынц расистон æмæ экстремистон идеятæ. «Уæдæ æндæр куыд бамбарæн ис нацизм æмæ фашизмы ныхмæ тохгæнджыты цыртыты ныхмæ хæст расидынæн, уыцы иурæстæджы нацисттæн цытджын æгъдауæй мемориалон объекттæ бакæнгæйæ. Уымæй дарддæр ма, хæрзæрæджы хъуыды дæр ничи акодтаид, æмæ антигитлерон коалицийы бæстæты ныхмæ тохы фашизмы æвварс чи хæцыд, уыдоны искуы хъайтартæ рахондзысты æмæ сæ национ-сæрибаргæнæн змæлды хайадисджытимæ абардзысты», – загъта дипломат.

 

БАЙСТОЙ НАРКОТИКТÆ

Уæрæсейы фæсыкк кодтой наркотиктæ уæйгæнджыты бандæйы архайд, кæцытæй байстой иу тоннæйы бæрц  наркотикон æмæ психотропон буарадтæ. УФ-йы мидхъуыддæгты министрады куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ урæд æрцыдысты 18 адæймаджы. Уыдон Уæрæсемæ наркотиктæ ластой Европæйæ, æмæ сæ парахат кодтой 20 регионыл, уыцы нымæцы Поволжье æмæ Сыбыры дæр. Мæскуыйы цур архайдта æнæхъæн сусæг нарколаборатори. Наркотикты уæйгæнджытæ æлхæнджытæй æхца истой электрон системæты криптовалютæйы.

«СЕВЕРНЫЙ ПОТОК-2»

«Северный поток-2»-йы компани-оператор Nord Stream 2 AG 2018 азы 7-æм ноябрмæ Балтийы денджызы бын сæвæрдта газ-уадзæн хæтæлты 200 километры бæрц. Арæзтады аргъ у  9,5 миллиард евройы. Планмæ гæсгæ газуадзæн скусдзæн 2019 азы кæрон. Газуадзæн ацæудзæн транзитон паддзахадтæ  Украинæ, Белоруси, Польшæ æмæ æндæр скæсæневропæйаг бæстæтыл нæ, фæлæ фондз паддзахады – Уæрæсе, Финлянди, Швеци, Дани æмæ Германийы экономикон зонæты æмæ территориалон дæттыл.

 

СБÆРÆГ КОДТОЙ ТЕРРОРИСТОН КЪОРДТЫ

2018 азы Уæрæсейы сбæрæгчындæуыд 70 террористон къорды, уыцы нымæцы ИГИЛ-ы къордтæ дæр. Уыдон теракттæ бацæттæ кæ-ныны æмрæнхъ архайдтой æвзонг адæймæгты сæхимæ æрбакæныныл, кæцыты уый фæстæ æрвыстой Сиримæ боевиктæ цæттæгæнæн лагермæ. Ахæм уавæр ис æндæр бæстæты дæр.

 

УЫНАФФÆ КОДТОЙ ÆДАСДЗИНАДЫ ТЕМÆЙЫЛ

УФ-йы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу фембæлд Ливийы национ æфсады командæгæнæг, маршал Халиф Хафтаримæ. Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой Æввахс Хурскæсæны æмæ Цæгат Африкæйы æдасдзинады фарстытыл, афтæ ма дунеон терроризмы ныхмæ тох кæнын æмæ Ливийы кризисон уавæры тыххæй.

 

УГОЛОВОН БÆРНДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ ЗАКЪОН

Украинæйы президент Петр Порошенко йæ къух æрфыста арæн фехалыны тыххæй «паддзахад-агрессоры» æмбæстæгтæм ахасты уголовон бæрндзинады тыххæй закъоныл. Уæрæсейы æм-бæстæгтæй Украинæйы арæн чи фехала, уыдоны ныхмæ закъонмæ гæсгæ хаст цæудзæн æртæ азы ахæстоны фæбадыны тæрхон. Ног закъон парахт цæуы æрмæст уæрæсейæгтæм ахасты нæ, фæлæ ма Уæрæсейы интересты тыххæй чи архайынц, уыцы æндæр бæстæты æмбæстæгтæм ахасты дæр.

 

ÆФСÆДДОН ТЕХНИКÆЙЫ РАВДЫСТ

Индонезийы равдыст Indo Defense 2018-ы, кæцы уагъд цæуы 7-10 ноябры, Уæрæсейы Федераци æвдисы хæцæнгæрзты æмæ æфсæддон техникæйы 200 хуызæгæй фылдæр. Иугонд уæрæсейаг экспозицийы сконды хайад исынц хъахъхъæнынадон-сæудæдже-радон комплексы авд куыстуаты, уыцы нымæцы ОАК, НПК «Техмаш» æмæ НПО «Высокоточные комплексы». Уæрæсейы хъахъхъæнынады экспорты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, регионы бæстæты Æфсæддон уæлдæфон тыхты хæцæнгæрзтæ æмæ æфсæддон техникæйæ перспективондæрыл нымад цæуынц куынæггæнæг хæдтæхджытæ Су-35 æмæ МиГ-29М/М2, ахуыргæнæн-хæстон хæдтæхæг Як-130, æнæпилотонтимæ алыгъуызон комплекстæ, уыцы нымæцы «Орион-Э», вертолетон техникæ. Равдысты сты æхсæн хæцæнгæрзтæ, уыцы нымæцы Калашниковы автомат  æмæ бирæ æндæртæ.

ФÆМАРД 13 АДÆЙМАДЖЫ

Калифорнийы горæт Таузанд-Оксы бартæй сæ иуы,  æхсæн-гарзæй æхсыны фæстиуæгæн фæмард сты 13 адæймаджы. Фыдгæнæг разынд 28-аздзыд нæлгоймаг. Уый 2008 азы августæй 2013 азы марты мæйы онг службæ кодта АИШ-ы денджызон фистæг æфсады. Æхстыты рæстæджы уым уыдысты сæдæгай адæймæгтæ. Адæмы амарыны фæстæ фыдгæнæг йæхи фехста.

 

               Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.