Нæ Республикæйы Хъахъхъæнынады министрады Æфсæддон городокы фæзуаты цытджын уавæрты ӕфсæддон ард бахордтой, Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты рӕнхъытӕ цы æвзонг æрсиддонтæй фӕфылдӕр сты, уыдон.

Цытджын мадзалы хайад райстой Хъахъхъæнынады министр булкъон Марат Павлов, йæ хæдивджытæ, æфсæддон управленийы афицертæ, æрсиддонты ӕввахс хиуæттæ ӕмӕ хӕлӕрттӕ.

Цытджын церемонийы хӕдразмӕ ӕфсӕддон плацмӕ ӕрбахастой Республикӕ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕмӕ Гарзджын тыхты тырысатӕ.

2023 азы уалдзыгон ӕрсидты ӕвзонг æрсиддонтæ цытджын уавæрты ард бахордтой, цæсгомджынæй æмæ намысджынæй кæй æххæст кæндзысты Фыдыбæстæйы раз сæ æвæджиаг хæс. Нæ фидæны фæлтæр сæ цардарæзты ног этапыл æрлæугæйæ æмбарынц, сæ разы егъау хæс кæй ис æмæ æппæтдæр кæй хъæуы саразын, цæмæй бæстæйы кад æмæ ном кӕмфӕндыдӕр сæрыстырæй хæссой.

Ардбахæрды бон уыдонæй алкæмæндæр ссис ахсджиаг, сæйраг æмæ æхсызгон бон. Уыдонæй алчидæр æмбæрста, Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæгæн ардбахæрд, бæстæйы æмæ йæ адæмыл иузæрдиондзинад æрмæст ныхæстæ не сты, фæлæ сты ахсджиаг æмæ стыр мидисæй йемыдзаг ритуал.

Хъахъхъӕнынады министр йӕ арфӕйы ныхасы банысан кодта, зӕгъгӕ, Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнын алы нӕлгоймаджы ӕвӕджиаг хӕс дӕр у.

«Фыдыбӕстӕйы сӕрвӕлтау цытджын ард бахӕрыны фӕстӕ сымах суыдзыстут Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты салдаттӕ. Сымахӕй алчидӕр у Фыдыбӕстӕйы салдат, кӕцымӕ стыр ныфсимӕ кӕсынц сӕдӕгай ӕмӕ мингай адӕймӕгтӕ», – дзырдта Павлов.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ ӕфсӕддон цардмӕ бахизгӕйӕ, ӕвзонг ӕрсиддонтӕ хъуамӕ цæвиттон исой, Фыдыбӕстӕйы сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинады сӕрыл сӕ царды хуыз-дӕр азтӕ чи снывонд кодта, уыцы фыдты ӕмӕ фыдыфыдтæй.

«Паддзахадон ӕмӕ Гарзджын тыхты тырысаты бын Райгуырӕн бӕстӕйыл иузӕрдиондзинады ард бахӕрды ныхӕстӕ загътат æмæ уыдонӕн сымах хъуамӕ кад ӕмӕ цыт кӕнат», – банысан кодта министр.

Ӕвзонг ӕрсиддонтӕн ахӕм нысаниуӕгджын бон Хъахъхъӕнынады министрады ӕппӕт ӕфсӕддон службӕгӕнджыты ӕмӕ йӕхи номӕй Марат Павловы цӕст бауарзта фидар ӕнӕниздзинад, ӕфсӕддон професси ӕмӕ дӕсныйадыл фӕцалх кӕныны ӕнтыстытӕ.

Мадзалы официалон хайы фæстæ Гарзджын тыхты дæлхæйттæ æмæ æвзонг курсанттæ æфсæддон оркестры зæлтæм цытджын маршæй рацыдысты æфсæддон плацы.

Уымæй размæ ӕрсиддонтӕ, æфсæддон хъуыддагыл фæцалх уæвыны нысанæн, министрады ахуырадон центр «Барс»-ы рацыдысты «Æвзонг хæстоны курс»-ы программæ. Цытджын æфсæддон ардбахæрды фæстæ æрсиддонтæ службæ хæсдзысты хъахъхъæнынады министрады дæлхæйтты.

             КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.