Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты фæззыгон æрсидты æвзонг службæгæнджыты ротæ хуыцаубоны Хъæбатырты Аллейы Æнусон арты раз цытджын уавæрты ард бахордтой Фыдыбæстæйы сæрвæлтау.

Ацы нысаниуæгджын боны цытæн æвзонг æрсидтонтæн арфæ ракодта Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы бонæй фæстæмæ уыдон сæ царды сарæзтой ахсджиаг къахдзæф, уымæн æмæ ард бахордтой Фыдыбæстæйыл æнувыддзинады тыххæй.

 «Сымах ныридæгæн систут Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты салдаттæ. Фыдыбæстæ хъахъхъæнын та у алы æмбæстаджы, алы нæлгоймаджы æвæджиаг хæс. Уыдон æрмæст рæсугъд ныхæстæ не сты, уыдоны фæстæ лæууы нæ бæстæйы егъау истори, кæцы фыст у хисдæр фæлтæры тугæй», – банысан кодта Гассеты Ибрагим.

Ибрагимы ныхæстæм гæсгæ, æфсæддон службæ равзаргæйæ, æмæ æфсæддон цардмæ рахизгæйæ, æвзонг хæстонтæ сæхи хъуамæ æмных кæной сæ фыдтимæ, кæцытæ æхсæнгарзимæ сæ царды хуыздæр азтæ Фыдыбæстæйы хæдбардзинад æмæ фидæны фæлтæрты рæсугъд сæрибардзинады сæрыл чи æрхастой. Æрсидт æвзонг æрсиддонтæм, цæмæй Фыдыбæстæйыл æнувыддзинады тыххæй ард цы тырысаты раз бахордтой, уыцы Республикæйы паддзахадон æмæ Гарзджын тыхты тырысатæн кад кæной.

Мадзалы рæстæджы æвзонг æрсиддонты ныййарджыты номæй, æфсæддон службæмæ хæстонты бацæттæ кæныны тыххæй, бæстæйы къухдариуæгад æмæ Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд скондæн бузныджы ныхæстæ загъта Дзæгъиаты Жаннæ.

Цытджын ардбахæрд

 Æрсиддонты номæй та арфæйы ныхæстæ загъта Биазырты Георги. Мах, зæгъгæ, æрмæст ард нæ бахордтам Фыдыбæстæйы сæрвæлтау, фæлæ ныфс бавæрдтам, ардбахæрд намысы ныхас кæй у. Æвзонг æрсиддонтæ ныфс бавæрдтой, бахъуаджы рæстæджы уыдонæй алчидæр кæй слæудзæн нæ иумиаг Фыдыбæстæ бахъахъхъæны сæрыл.

Ныййарджытæ бабæрæг кодтой службæйы уавæртæ

Ардбахæрды цытджын церемонийы фæстæ æрсиддонты ныййарджыты, Хъахъхъæнынады министрады фæндон-мæ гæсгæ акодтой, æвзонг хæстонтæ службæ кæм хæсдзысты, уырдæм.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ уавæртæ фенгæйæ, ныййарджытæ тынг райгондæй кæй баззадысты, уым арæзт ис службæйæн алы уавæртæ дæр – агъуыстытæ дезинфекци цæуынц, ис дзы хъармдзинад æмæ сты райдзаст. Æфсæддон городокы территорийыл ис йæхи аргъуан, арæзт дзы цæуы футболон æмæ волейболæй хъазæн фæзтæ.

Уазджытæ ацаходыдтой æфсæддон хæлц дæр, æмæ бамбæрстой, сæ сывæллæттæн хæрзад хæринæгтæ кæй хæрын кæнынц.

Æфсæддон городокы уазджытæ ма федтой, Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæй чи фæхъуыд, уыдон номыл цы мемориалон комплекс арæзт цæуы, уый. Уый дæр æвзонг салдатты æфсæддон-патриотон хъомыладмæ бахæсдзæн йæ хайбавæрд.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.