1889-1992 азты гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд райдианæй суанг 2008 азы августы æнæмсæр хæсты онг Ирыстоны сахъ гуырдтæй сæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау се ‘взонг цард нывондæн бирæтæ æрхастой. Æгъатыр хæст бирæты цард фæфæлдæхта, бирæты хорз фæндтæ аскъуыдта æрдæгыл. Уас æлгъыст фæуа хæст æрæмысæг, цыран алыхатт дæр амæлынц хуыздæртæ æмæ иууыл аккагдæр адæймæгтæ.

Абон уæ базонгæ кæндзынæн уыцы хъайтартæй иу – Галуанты Олегы цыбыр, фæлæ ирд æмæ хъæбатыр цардвæндагимæ. Олегыл йæ хур цæрæнбонтæм ахуыссыд 2008 азы 8-æм августы райсомы æхсæз сахатыл…

Цардысты дыууæ амондджын æмкъайы. Дыууæ дæр уыдысты ирон адæмы фыдæлтæ – алантау бæрзонд, хæрзконд æмæ хæрзæгъдау. Цардысты кæрæдзи æмбаргæйæ, бынтон амондджынтæй та сæхи банкъардтой, дыууæ фыры хъулы хуызæн фырты сын Стыр Хуыцауы цæст куы бауарзта, уæд. Цард сæм йæ мидбылты бæргæ худт, фæлæ иу уысммæ сæ амондджын цардæй ивгъуыды мысинæгтæй дарддæр ницыуал аззад…

Олег райгуырд Цхинвалы, каст фæцис нæ горæты 5-æм астæуккаг скъола. Уый фæстæ экономисты дæсныйад райста горæт Курскы экономикон колледжы. 2007 азы онг цæргæ æмæ кусгæ дæр ацы горæты кодта. Йæ цардæмбал Дыгъуызты Аленæ та  цард цæгаттаг горæт Удачныйы. Йæ ныййарджытæ куыстой дунейы иууыл егъаудæр алмазкусæн куыстуаты. Цæгаты ахæм рæтты чи фæкусы, уыдонæн азы дæргъы радон улæфт лæвæрд фæцæуы æртæ мæйы бæрц. Æмæ-иу сæ улæфты рæстæджы бинонтæ алыхатт дæр æрцыдысты Цхинвалмæ. Аленæйы-иу бахъуыд 5-æм скъоламæ ахуыр кæнынмæ бацæуыны сæр, цæмæй скъолайон программæйæ фæстейæ ма баззадаид. Растдæр 5-æм скъолайы ахуыр кæнгæйæ базонгæ сты фидæны дыууæ цардæмбалы. Аленæ скъолайы фæстæ æнтыстджынæй каст фæцис ЦИПУ-йы журналистикæйы факультет. Уый-иу Цхинвалмæ арæх æрцыд йæ мады хомæ уазæгуаты æмæ-иу афтæмæй Олегимæ кæрæдзийыл амбæлдысты. Куыдфæстагмæ сæ хæлардзинад рахызт стыр уарзондзинадмæ æмæ 2000 азы сæ цард баиу кодтой. Æвзонг æмкъæйттæ æрцардысты Курскы, сæ дыууæ фырты дæр уым райгуырдысты. Фæлæ Райгуырæн Ирыстон уæззау уавæры кæй бахауд, уымæ гæсгæ Олегы зæрдæ æппынæдзух æхсайдта йæ уарзон Цхинвалмæ. 2004 азы августы мæйы дæр уавæр тынг æндыгъд кæй уыд, уый базонгæйæ Олег уайтагъд æххуысмæ æрцыд Цхинвалмæ æмæ балæууыд хæстон лæппуты фарсмæ. Тлиахъанайы бæрзæндыл стыр тохты дæр райста активон хайад æмæ уæд дæр знаджы нæмыгæй рог цæф фæцис.

 

НЕ СФÆРÆЗТА ЙÆ ФЫРТЫ АМÆЛÆТ…

Йæ хæстон æмбæлттæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ Олег тынг хорз зыдта æфсæддон хъуыддæгтæ, тынг хорз арæхст хæцæнгарзимæ архайын. Æвæццæгæн, ын уыцы æвзыгъддзинæдтæ генетикон æгъдауæй уыдысты лæвæрд. Йæ фыд Галуанты Илья уыд денджызон авиацийы дæлбулкъон. Йе ‘нтыстыты тыххæй йын лæвæрд æрцыд Сырх Стъалыйы орден. Советон Цæдисы рæстæджы ахæм хорзæхтæ æнцонтæй нæ лæвæрдтой, хъуамæ дын уыдаид Райгуырæн бæстæйы раз егъау лæггæдтæ. Дæлбулкъон Галуанты Илья йæ цардæн тæссаг уавæрты нæ ныууагъта йæ змæлынгæнджытæ кæмæн нал скуыстой, ахæм фæлварæн хæдтæхæджы æмæ йæ æрбадын кодта океаны астæу хæдтæхджытæхæссæг науыл. Раст ацы цауы тыххæй ссис ахæм бæрзонд хорзæхы аккаг. Абон дæр Ильяйы бинонты альбомы æвæрд ис уыцы ныв, цыран Цæгат флотыл командæгæнæг ирон нæлгоймагæн цытджын æгъдауæй дæтты Сырх Стъалыйы орден. Олегы амæлæты фæстæ йæ фыд Илья нал ссæрæн æмæ иу азы фæстæ уый дæр цардæй ахицæн. Нæ йæ уырныдта йæ иунæг фырты мæлæт æмæ æппынæдзух æнхъæлмæ каст йе ‘рбацыдмæ.

 

БАНЫФС СЫН ÆВÆРДТА СÆРÆГАСÆЙ ÆРБАЗДÆХЫНÆЙ, ФÆЛÆ…

2007 азы Олег æмæ Аленæ æрыздæхтысты æмæ æрцардысты Цхинвалы. Олег уайтагъд кусынмæ бацыд РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрадмæ, уыд артиллерион развæдсгæрсты взводы командæгæнæг æмæ æппынæдзух уыд тæссагдæр бынæтты. 2008 азы сæрды Хуссар Ирыстоны уавæр цæхгæр куы февзæрдæр, уæд-иу хæстон лæппу йæ бинонты къуыригæйтты дæр нæ федта, кæд сыл хъæцынхъом дæр нæ уыд, уæддæр. Августы райдайæны Олег йæ бинонты тыхæрвыст акодта Цæгат Ирыстонмæ.  Аленæйы бæргæ нæ хаста йæ къах йæ уарзон æмкъайы цурæй, фæлæ йæ сывæллæтты цард бахъахъхъæныны тыххæй сразы ис. Дыууæ уарзæгой уды куы хицæн кодтой, уæд кæрæдзийы уындæй нал æфсæстысты. Олег йæ хъæбысмæ тыхджын нылхъывта йæ дыууæ фырты, раст сын цыма фæстаг хæрзбон дзырдта, уыйау. Аленæ куыд дзуры, уымæ гæсгæ йæм афтæ фæкаст, цыма йæ уарзон æмкъайы фæстаг хатт уыны. Æмæ, æцæгæйдæр, афтæ рауад сæ хъысмæт дыууæ амондджын цардæмбалæн… Уый уыд сæ царды фæстаг фембæлд.

Цæрæнбонтæм баззад æвзонг æмæ рæсугъдæй…

2008 азы 7-æм августы æхсæвы гуырдзиаг тыхæйисджытæ  Цхинвалы тыхджын æхст куы райдыдтой, уæд Олег уыд «Уæллаг городокы» фидауынгæнæг тыхты казармæйы уæлхæдзары æмæ уырдыгæй лæвæрдта раст координаттæ. Корректировщикæй Хъахъхъæнынады министрады генералон штаб райста информаци, гуырдзиаг æфсæдтæ æхсæвы горæтмæ кæй цыдысты, уый тыххæй. Лейтенант Галуаны фырты хъæлæс рацийæ хъуыст æппынæдзух. Фæлæ цасдæр рæстæджы фæстæ раци бамыр. Бæргæ ма йæм дзырдтой: «Амур! Амур! Песок дæн! Куыд мæ хъусыс?! Амур, цы фæдæ?!», – йæ хæстон æмбæлтты нæ фæндыд æнамонд цауыл хъуыды кæнын. Фæлæ йæ бамбæрстой, уымæн æмæ «Амур» æнæ исты аххосæй æнцад нæ лæууыдаид. Гуырдзиаг æфсæддон хистæртæ не ‘мбæрстой, фидауынгæнæг тыхтæм сæ хæцæнгæрзты æмæ хæстон æрмæджытимæ æфтауцдæтты равæрды тыххæй раст информаци кæцæй ис, уый. Æмæ йæ куы бамбæрстой, уæд Олегы  хъысмæт скъуыддзаг æрцыд. Æмæ йæ йæхæдæг дæр зыдта. Уымæн æмæ цахæмфæнды хæсты дæр корректировщик у мысан. Фæстаг хатт фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ сбæрæг кодтой. Ацы хæстон лæппуйы руаджы гуырдзыйæн цасдæр рæстæгмæ нæ бантыст горæтмæ æрбахизын, фæлæ йæ уæдмæ фæхатыд знаг æмæ йæ комкоммæ æхсын райдыдта. Уыцы рæстæджы йæ цуры казармæйы уæлхæдзары уыд уæрæсейаг фидауынгæнæг. Афтæ зæгъæн ис, æмæ уымæн Олег йæ цард бахъахъхъæдта. Фидауынгæнæг куыд радзырдта, уымæ гæсгæ йæм Олег бахатыд, цæмæй йын дыккаг уæладзыгæй дон схастаид. Куыддæр ахызт йæ цурæй, афтæ уæлхæдзары знæгтæ комкоммæ фехстой танкы снарядæй. Бæргæ ма йын схаста дон, фæлæ йæ туг калгæйæ сæййæфта. Олег-иу йе ‘муд куы æрцыд, уæд-иу фидауынгæнæгæн дзырдта, зæгъгæ, «ацу дæхи бааууон кæн, ныууадз мæ, мæнæн ницыуал баххуыс кæндзынæ». Лæмæгъ хъæлæсæй ма, дам, загъта: «Æз мæ цардæмбалæн баныфсæвæрдтон сæрæгасæй æрбаздæхынæй, фæлæ йæ фæсайдтон, ныр куыд цæрдзысты æнæ мæн». Иу сержантимæ йæ  се ‘ккой æрхастой машинæйы онг, фæлæ бирæ туг сафгæйæ лæмæгъæй-лæмæгъдæр кодта йæ цæстыты раз. Бæргæ ма йæ бахæццæ кодтой операцион стъолмæ, фæлæ ферæджы ис. Нæмыджы схъис ын бахъыгдардта йæ рæуæджы æмæ йыл йæ бон цæрæнбонтæм баталынг… Знаг сæ æхста æмæ æхста. Снаряд сæмбæлд медицинон санитарон хайы машинæйыл æмæ басыгъд,  йæ зæрдæ йæ кусынæй кæмæн æрлæууыд, уыцы ирон  пациент Галуанты мыггаджы хъæбатыримæ…

Уæрæсейаг фидауынгæнæг куыд радзырдта, уымæ гæсгæ кæд Олегимæ дыууæ-æртæ боны йедтæмæ зонгæ нæ уыд, уæддæр ын ссис хорз хæлары хуызæн. Уый, зæгъ, уыд æнахуыр хæларзæрдæ адæймаг, кæцы тынг уарзта йæ радтæг адæмы æмæ йæ бинонты. Олегы идæдз Аленæ куыд загъта, уымæ гæсгæ сæ хæсты фæстæ ссардта, æрбацыд сæм йæ цардæмбалы ингæнмæ. «Æз цæрæнбонты мæхи йæ разы хæсджыныл нымайдзынæн, уымæн æмæ мын уый бахъахъхъæдта мæ цард, донмæ мæ кæй арвыста, уымæй. Лæппутæ, уæ фыд, лейтенант Галуанты Олег у æцæг хъайтар æмæ йын макуы ферох кæнут йæ хъайтардзинæдты тыххæй. Фæстаг минутты онг дæр уый хъуыды кодта сымахыл, тынг уæ уарзта æмæ дзы уæ сæртæ бæрзæндты хæссут», – загъта раздæры фидауынгæнæг, горæт тулæйаг лæппу Андрей.

 

КУЫД ДÆ ФÆНДЫ, ТÆППУДЫ ЦАРДÆМБАЛ УАЙ ÆВИ ХЪАЙТАРЫ ИДÆДЗ

Цхинвалы уавæр тынг æндыгъд кæй уыд, уымæ гæсгæ уал Олегы мæрдон буар алас-той Дзæуджыхъæумæ æмæ уал æй уым баныгæдтой. Фæстæдæр æй фæстæмæ æрластой йæ уарзон Цхинвалмæ æмæ цæрæнбонтæм мæрдæнцойад ссардта йæ уарзон 5-æм скъолайы кæрты, цыран уый арвыста йæ царды æвæлмасдæр бонтæ ацы скъолайы ахуыр кæнгæйæ.  Олегы дыууæ фырты Артур æмæ Игорь дæр ахуыр кодтой ацы скъолайы æмæ-иу æрвылбон дæр бацыдысты сæ хъæбатыр фыды уæлмæрдмæ. Сæ кълæсты рудзгуытæй сæм зынд сæ фыды уæлмæрд æмæ-иу сæ зæрдæтæ нырхæндæг сты. Аленæ арæх æрымысы йæ цардæмбалимæ сæ фæстаг фембæлды тыххæй. «Фæдзæхстон æй, зæгъын-иу, дæхи бахиз мæ-лæтæй дæ сывæллæтты тыххæй, æмæ-иу мын афтæ сдзуапп кодта: «Æз ам дæн мæхи бахъахъхъæныны тыххæй нæ, фæлæ сымах æмæ ирон адæмы бахъахъхъæныны тыххæй. Мах, иууылдæр нæхи куы хъахъхъæнæм, уæд нын нæ бинонты, нæ горæты та чи бахъахъхъæндзæн? Куыд дæ фæнды, тæппуды цардæмбал уай æви хъайтары идæдз? Азтæ куыд рацыдысты, афтæ йæ бамбæрстон, мæ цардæмбалæн æндæр фæндаг кæй нæ уыд, уымæн уый уыд ацы зæххыл йæ мисси, æмæ йæ æнтыстджынæй сæххæст кодта! Абон æй бамбæрстон, хуыздæр у тæппуды цардæмбалæй хъайтары идæдз уæвын æмæ сæрыстырæй цæрын», – загъта Дыгъуызты Аленæ.

Кæд 15 азы рацыд йæ фырты амæлæтæй, уæддæр ныййарæг мады зæрдæмæ рухсы цъыртт никуыцæй кæсы. «Хуыцауæй бузныг дæн æмæ мæ фырты мардæй нæ федтон, афтæ мæм кæсы, цыма удæгас у. Æрвылбон дæр ныхас кæнын мæ фатеры къултыл конд Олегы нывтимæ. Мæ хъæбулæн йæ туджы уыд æфсæддон хъуыддаг. Йæ фыд дæр уыд денджызон авиацийы дæлбулкъон æмæ мæнæн мæ фыд Павел дæр уыд æфсæддон. Олег æрдæг азмæ ссис фæлтæрдджын корректировщик. Тырнын, цæмæй мын мæ цæссыгтæ мачи уына, макæйы зæрдæ æрхæндæг кæнон. 2004 азы Цхинвалæй фæстæмæ Курскмæ куы æрыздæхт, уæд тынг бацин кодтон. Уый мын афтæ, зæгъгæ, дам, æнæхъуаджы цин кæныс. Куыддæр иу гуыпп дæр фæцæуа Цхинвалы, афтæ фæстæмæ уым фестдзынæн. Мæ хъæбулы телефоны йæ фæстаг «сообщение» уыд ахæм: «Не беспокойтесь, все будет хорошо. Осетия непобедима», – радзырдта нын хъайтары мад Плиты Светланæ.

Рыстзæрдæ мад цæры йæ хъæбулы хъæбулты цæрайæ. Олегы  хистæр фырт Артур ацы аз каст фæцис Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады Æфсæддон университеты прокуророн-фæдагурæн факультет. Кæстæр Игорь та ахуыр кæны ХИПУ-йы дунеон ахастыты историйы факультеты. Светланæйы ныхæстæм гæсгæ дыууæ дæр сты сæ фыды хуызæн, куыд сæ фезмæлдтытæ, характерæй, афтæ бакастæй дæр. Уæлдайдæр та, дам, Артурæн æмæ, дам, дзы исын Олегы мондæгтæ. Абон дæр Аленæйæн йе ‘фсин Плиты Светланæ æмæ йæ дыууæ ходыгъдимæ ис хъарм ахастытæ. Кæрæдзи арæх абæрæг кæнынц. Сылгоймаджы ныхæстæм гæсгæ йын мады бæсты дæр Светланæ балæууыд.

Сæрæгасæй баззайæг уæрæсейаг фидауынгæнджытæ фæстæмæ куы аздæхтысты, уæд Уæрæсейы хъайтар Константин Тимерманы сæргълæудæй рапорт балæвæрдтой УФ-йы Хъахъхъæнынады министрадмæ ахæм куырдиатимæ: «Принять во внимание героизм, мужество и высокий профессионализм осетинского наблюдателя, лейтенанта Галаванова О.И. и представить его к званию России посмертно». Фæлæ та документтæ кæцыдæр чиновникы кабинеты баззадысты!

Йæ радтæг Ирыстонæн Галуанты Олег у æцæг хъайтар. Йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд Ирыстоны уæлдæр хорзæх – Уацамонгæйы орденæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.