Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады Æфсæддон городокы уагъд æрцыд 2021 азы фæззыгон æрсидты æвзонг æфсæддонты ардбахæрды цытджын церемони  Хъахъхъæнынады министр инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагимы сæргълæудæй. Цытджын мадзалы ма хайад райстой министры хæдивджытæ, æфсæддон управленийы органты офицертæ, дæлхæйтты сæрмагонд сконд, æрсиддонты ныййарджытæ æмæ хиуæттæ.

Националон æфсады æвзонг хæстонтæн ацы нысаниуæгджын боны цытæн арфæ кæнынмæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны Президент, Гарзджын тыхтыл Уæлдæр сæйраг командæгæнæг Бибылты Анатоли, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Президенты Администрацийы сæргълæууæг Козаты Игорь, Уæлвæткон уавæрты министр Цоциты Азæмæт, Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Хъахъхъæнынады министрады ахуырадон центры æвзонг æрсиддонты райдиан æфсæддон цæттæдзинадыл цайдагъ кодтой фæлтæрд командæгæнджытæ.

Бæстæйы Гарзджын тыхты рæнхъыты алы фæлтæры службæгæнæгæн дæр сæйраг æмæ райгонд мысинагæй баззайы бæстæйы сæрвæлтау Цытджын ардбахæрды церемони. Уымæн æмæ ардбахæрды уаз ныхæстæ æнæхъуаджы, науæд дымгæмæ загъд нæ цæуынц, уыцы ныхæстæ æдзух зæрдыл дарын æмæ æххæст кæнын  хъæуы.

Хуссарирыстойнаг æфсад цы 53 æрсиддоны баххæст кодтой, уыдон цытджын уавæрты, сæрыстырæй бæстæйы къухдариуæгад, ныййарджытæ, æввахс хиуæттæ æмæ Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджыты раз бакастысты ардбахæрды ныхæстæ.

Бæстæйы сæргълæууæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтыл Сæйрагкомандæгæнæг Бибылты Анатоли арфæ ракодта æвзонг æрсиддонтæн, бæстæйыл æнувыддзинады тыххæй цытджын ард кæй бахордтой, уый тыххæй. Банысан кодта, абоны къахдзæф кæй бæлвырд кæны сæ дарддæры цард.

«Æфсæддон ардбахæрд у Фыдыбæстæ æмæ йæ адæмы сæрвæлтау намысджынæй службæйыл иузæрдиондзинады тыххæй сомы кæнын. Ныфс мæ ис, æмæ сымахæй алчи дæр æфсæддон хъуыддаг кæй сахуыр кæндзæн æмбæлон æгъдауæй æмæ Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон æхсæнгæрзтæ æмæ техникæйыл арæхсдзыстут иттæг хорз.

Бæстæйы сæргълæууæг зæрдыл æрлæууын кодта, æрæджы нæ бæстæйы нысан кæй цыд Æхсардзинад æмæ иудзинады бон. Уыцы æхсардзинад равдыстой нæ хистæр фæлтæр суанг 1989 азæй фæстæмæ. Уымæ гæсгæ, зæгъгæ, сымахæн ис аккаг дæнцæгтæ, уыдоны руаджы намысджын æмæ сæ-рыстырæй хъуамæ хæссат Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы кадджын ном.

«Ныртæккæ Гарзджын тыхты рæнхъæйлæууæг салдаттæ дарддæр кæнынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты, Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты æмæ нæ Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты кадджын традицитæ æмæ хъахъхъæнынц уыдоны æргъадтæ», – дзырдта Президент.

Æвзонг æрсиддонтæн бæстæйы сæргълæууæджы цæст бауарзта хæрзиуджытæ, æнæниздзинад æмæ сæ разылæууæг хæстæ аккагæй куыд æххæст кæной. Ныртæккæ, зæгъгæ, ацы церемонимæ цы æввахс хиуæттæ æрæмбырд, уыдон хъуамæ ныфсджын уой уымæй, æмæ сымах Райгуырæн бæстæйы æцæг хъахъхъæнджытæ кæй стут. Ныфс бавæрдта, сæ хиуæттæ дæр æмæ мах не ‘ппæт дæр уыдонæй сæрыстыр кæй уыдзыстæм.

Республикæйы Гарзджын тыхты рæнхъытæм æрсиддонты ныййарджыты номæй бузныджы ныхæстæ загъта Аль-Дамари Абдойы мад Бестауты Аллæ.

«Цытджын ардбахæрды ныхæстæн арф мидис ис, уыдоны æвдыст цæуынц æфсæддон хæсы миниуæг. Ардбахæрды ныхæстæ ноджыдæр домынц æфсæддон службæгæнæгæй, цæмæй уа æууæнкджын, намысджын, дисциплинæйыл хæст æмæ йæ радтæг адæмыл – иу-зæрдион, аккагæй æххæст кæна йе ‘фсæддон хæстæ æмæ Райгуырæн бæстæ хъæбатырæй хъахъхъæна», – дзырдта Аллæ.

Ныртæккæ, зæгъгæ, уæ царды ралæууыд ног дуг, уымæн æмæ систут æцæг Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ, уымæй уæ сæрыстыр сты уæ ныййарджытæ.

«Æфсæддон уставмæ уæ хъус дарут æмæ сæрыстырæй хæссут æфсæддон дарæс. Мах ныфс ис, æмæ сымах кæй уыдзыстут намысджын, æхсарджын æмæ къæрцхъус æфсæддонтæ. Хъахъхъæнут уæхи æмæ уæ зæрдыл дарут, хæдзары уæм кæй æнхъæлмæ кæсынц уе ‘ввахс хиуæттæ, уыдон уыл æууæндынц æмæ уæ бирæ уарзынц», – банысан кодта уый.

Бузныг ма загъта министрады къухдариуæгады номыл дæр, æвзонг æрсиддонтæн арæзт кæй ис иттæг хорз службæйы уавæртæ.

Ацы нысаниуæгджын бон ма курсантты номæй ныхасы рацыд æвзонг æрсиддон Бестауты Дауыт. Æз, зæгъгæ, сæрыстыр дæн абон ме ‘мслужбæгæнджытимæ иумæ цытджын ард кæй бахордтон æмæ Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнджытимæ иу рæнхъы кæй слæууыдыстæм.

«Гарзджын тыхты рæнхъыты службæ кæнын у алы нæлгоймаджы уаз хæс. Æмæ махмæ æрхаудта уыцы ахсджиаг хъуыддаг – нæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын æмæ ууыл архайдзыстæм аккаг æмæ намысджынæй.

Се ‘рвылбонон куысты тыххæй æвзонг æрсиддонты номæй бузныджы ныхæстæ загъта офицертæ æмæ сержанттæн. Ныфс бавæрдта, дарддæр кæй фылдæр кæндзысты æфсæддон æвзыгъддзинæдтæ æмæ дæсныйæдтæ. Бузныджы ныхæстæ загъта ныййарджытæ æмæ хиуæттæн, ахæм нысаниуæгджын бон сæ фарсмæ кæй сты, уый тыххæй.

Мадзалы официалон хайы фæстæ æвзонг æрсиддонты ротæ æмæ министрады æфсæддон дæлхæйттæ оркестры зæлтæм цытджын маршæй рацыдысты æфсæддон городокы плацы. Мадзалы хайадисджытæ – бæстæйы къухдариуæгад, æвзонг æрсиддонты ныййарджытæ æмæ хиуæттæ бабæрæг кодтой сæрмагонд нысаниуæджы батальоны ног бæстыхай, цыран æвзонг службæгæнджытæ райсдзысты æмбæлон æфсæддон цæттæдзинад, федтой казармæты уавæртæ.

Уый фæстæ Æфсæддон городокы территорийыл Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номыл Мемориалон комплексы цырты раз бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли æмæ хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагимимæ систой зæрдылдарæн къамтæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.