Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады Æфсæддон городокы хуыцаубоны уыд  2021 азы уалдзыгон æрсидты æвзонг æфсæддонты цытджын ардбахæрд. Уыцы церемони уагъд æрцыд Хъахъхъæнынады министр инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагимы сæргълæудæй. Цытджын мадзалы ма хайад райстой министры хæдивджытæ, æфсæддон управленийы органты офицертæ, дæлхæйтты сæрмагонд сконд æмæ æрсиддонты хиуæттæ.

 

Националон æфсады æвзонг хæстонтæн ацы нысаниуæгджын боны цытæн арфæ кæнынмæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны Президент, Гарзджын тыхтыл Уæлдæр сæйраг командæгæнæг Бибылты Анатоли, тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæ æмæ æфсæддон службæйы ветерантæ. Хъахъхъæнынады министрады ахуырадон центры мæйы дæргъы æвзонг æрсиддонтæ райдиан æфсæддон цæттæдзинадыл цайдагъ кодтой фæлтæрд  командæгæнджытæ.

Мадзал райдыдта Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса æмæ Гарзджын тыхты тырыса æрбахæссыны цытджын церемонийæ. Алы æвзонг æрсиддон дæр цытджын уавæры загъта сыгъдæг ардбахæрды ныхæстæ.

Бибылты Анатоли ацы бон йæ арфæйы ныхасы схуыдта уæл-дай ахсджиагдæр, уымæн æмæ алы ирон лæппу дæр, æфсæддон ардбахæрды ныхæстæ дзургæйæ, ныфс радты, йæ Фыдыбæстæ æмæ адæмæн намысджынæй кæй службæ кæндзæн. Уымæн æмæ ацы бон хъуыдыкæнынады баззайы цæрæнбонтæм.

«Мæн ныфс ис, æмæ сымах аккагæй, намысджынæй æмæ бæрнонæй кæй сæххæст кæндзыстут уæ æвæджиаг хæс Фыдыбæстæйы раз. Сымахæй сæрыстыр уыдзысты уæ хистæртæ æмæ уæ ныййарджытæ. Ирæт-тæн цыфæнды рæстæджы дæр æфсæддон службæ уыд кадджын бынаты. Махæн æрмæст Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтартæ нæй, фæлæ нын ис Фыццаг Дунеон Хæсты, афтæ, Хуссар Ирыстонмæ знаг куы бырста, уыцы æрæджыйы цауты хъайтартæ дæр.

Уæд сымах кары æвзонг лæппутæ слæууыдысты æмæ сæ риуæй бахъахъхъæдтой сæ Фыдыбæстæ. Сымах хъуамæ зонат Ирыстоны хъайтарты номгай – сæ биографитæ, сæ цардвæндаг. Уæ хæс у сахуыр кæнат, цы æхсæнгарз æмæ уыл æфсæддон техникæ баууæндыдысты, уый, æмæ бахъуаджы рæстæджы уæ бон уа Ирыстон бахъахъхъæнын», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатолийы цæст æфсæддон службæгæнджытæн бауарзта æнтыстытæ æмæ ныфс бавæрдта, уыдон Ирыстон æмæ ирон адæмы сæрвæлтау аккаг æмæ намысджынæй кæй службæ кæндзысты.

ИРЫСТОН НЫФС ÆВÆРЫ ЙÆ КÆСТÆРТÆЙ

Ныййарджыты номæй ног æр-сиддонтæн арфæ ракодта Сиукъаты Русланы мад Капанадзе Альма:

«Ныййарджыты номæй уын мæ цæст уарзы иузæрдион æфсæддон хæлæрттæ æмæ зæрдæйы фæндиаг службæ, фидар æнæниздзинад, быхсынад æмæ тыхтæ. Ныфс мæ ис, сымах аккагæй, намысджынæй æмæ хъаруджынæй кæй службæ кæндзыстут æмæ цыфæнды уавæрты дæр кæй баззайдзыстут адæймæгтæй. Нæ бæстæйы Уæлдæр сæйраг командæгæнæг æмæ æппæт æфсæддон службæгæнджытæн, кæцытæ куыстой æмæ дарддæр дæр кусдзысты сымахимæ, уыдонæн мæ цæст уарзы быхсынад, тыхтæ æмæ сабыр арв сæ сæрмæ», – дзырдта уый.

Æрсиддонты номæй та раныхас кодта курсант Гуыбеты Владимир:

«Æвзонг хæстоны курс рацæуыны рæстæджы мах кæронмæ не мбæрстам ацы мадзалы ахсджиагдзинад. Æфсæддон ардбахæрд у Фыдыбæстæйыл иузæрдиондзинад æмæ æвзонг хæстоны цæттæдзинад, раттæг адæмы сæрвæлтау намысджынæй службæ кæнын. Ацы ахсджиаг хъуыддаг бамбарын æмæ банкъарынæй мах уымæ ноджы серьезондæр ахаст дарæм. Абон ард бахордтам. Ардбахæрд æрмæст ныфсæвæрæн ныхас нæу, фæлæ у намысы ныхас, æмæ мæн ныфс ис, æмæ махæй алчи дæр бахъуаджы рæстæджы кæй слæудзæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты æмрæнхъ.

Афицертæ – хæлæрттæ, мах уæ нæ фæхудинаг кæндзыстæм. Зынаргъ ныййарджытæ сымахæн та стыр бузныг, абон æмæ кæдфæндыдæр нæ фарсмæ кæй стут, уый тыххæй», – загъта уый.

Мадзалы кæрон Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон дæлхæйттæ рацыдысты цытджын маршæй. Æфсæддон кады мемориалы раз зæрдылдарынæн æвзонг æрсиддонтæ систой къам бæстæйы сæргълæууæг æмæ хъахъхъæнынады министримæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.